Поэты дуг — дуджы поэт

0
299

Мыхуыры рацыд Цæрукъаты Алыксандры æвзæрст уацмысты чиныг «Цъæхдзаст изæртæ». Чиныгаразæг Тъехты Тамерлан æм бахаста алы азты фыст æмдзæвгæтæ, зарджытæ æмæ кадджытæ. Поэтикон уацмысты æмбырдгонд рацыд йæ авторы сæдæ азы бонмæ, кæд мыхуыры рухс чысыл фæстæдæр федта, уæддæр. Поэты кæсджытæ фыццаг сыфæй фæстæмæ аныгъуылынц Алыксандры арф æмæ философон хъуыдыты. Аныгъуылынц æмæ бахауынц уæлмонцады уацары, фæлдзусады ахæсты æмæ æхцонады уылæнты. Æвæджиауы лирикæйы комулæфты сатæг æрвонггæнгæ ахизы нæ буары, нæ зæрдæйы, нæ зондахасты. Йæ алы уацмыс дæр нын нæ размæ рахæссы ног сагъæсты рæгъ. Ахæм фæлдзусадон ахастдзинæдты мах бахауæм хæдæгъдауæй æмæ барвæндонæй. Фæлгонцты базырджын æууæлтæ æмæ миниуджытæ банымайæн ис авторы поэтикæйы сæйраг фæстиуджытыл. Поэты æмдзæвгæтæй цæуы рухсхæссæг хъарм æмæ нын хæссы æхцонад æмæ æнцонад. Цардæвзарæны æцæгад æвæрд ис йæ алы æмдзæвгæйы мидисы дæр. Цардхъомысы тыхы фæрцы æрдзон хуызы сысты нæ размæ йæ фæлгонцты рæгъ: быдираг дидинæг, цъæййаг райсом, фыццаг мит, айнæг хох, арвæрдын, мад, зæронд лæг, амазонкæ, Къоста, Нигер, Ос-Бæгъатыр, Леонардо да Винчи, Микеланджело, Анахарсис æмæ æндæртæ. Чиныджы рацыды тыххæй стыр бузныг зæгъын æмбæлы рауагъдад “Ир”-ы кусджытæн.

Ахæм алы дугты — алыхуызон хъайтарты снывæндын æнцон хъуыддаг кæм уыд, фæлæ нæ чиныджы автор бауырнын кодта йæхиуыл, йе сфæлдыстадон æрмдзæф æмæ йæ поэтикон ныхасыл. Æвæццæгæн, йæ уацмысты цардхъомысы тых, цæджджинагау, куы нæ фыхтаид, уæд абон нæ размæ лæууыдаид бынтон æндæр ныв. Сæ мидисамады цас æмæ цас ис æууæнк адæймагыл, дугыл, Ирыстоныл… Уый фæрцы йæ лирикон хъайтары зæрдæйыуаг махæн фадат радты йæ миддунейы фæрсагыл бахизынмæ. Дарддæр мах базонæм, авторы миддунейæн æрвон тыгъдадимæ цы бастдзинад ис, уый дæр. Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæтæ сæ мидисы хæссынц уарыны сæх-сæх, æхсæв æмæ боны ивынад, уарзт æмæ фыдæх, арт æмæ доны æнусон быцæу. Гъе уымæ гæсгæ, нæ цытджын авторы поэтикæйы бынат разыны, куыд хи æууæнк æмæ хъынцъымæн, афтæ фыдыбæстæмæ уарзтæн дæр:

Куы райгуырдтæн —

федтон, фыццаджыдæр,

арв, —

Мæ зæрдæ кæд уымæн —

йæ гом тыгъдау арф.

Бæрзондæй гуыппырсар

уæйыг къæдзæх каст,

Дæн уымæн кæд фидар,

нæсæттон, ныфсхаст.

Хъуыдыты ныгуылдис

æнæзмæлгæ хъæд, —

Мæ тæрныхыл уымæн —

кæд сагъæсты фæд

Цъæх астымты згъордта

æвзист дон цæрдæг, —

Мæ бæллицтæ уымæн —

æдзухæй сыгъдæг.

Кæдæмдæр тындзæгау

фæцæйтахти маргъ, —

Мæн уымæн куы сайы

мæ фæндаджы даргъ.

Хæларæй мæ истой

сæ хъæбысмæ хъæу, —

Гъе уæдæй куы зонын,

Фыдыбæстæ, дæу!

Цæрукъаты Алыксандры алы æмдзæвгæйы мидисмæ дæр ссарын хъæуы йæхи дæгъæл, цæмæй йын йæ аивадон дæсныйадмæ фæндаг ссарай, уый тыххæй. Чифæнды йæм цыфæнды цæстæнгасæй куы кæса, уæддæр иууылдæр æрцæуынц иу хатдзæгмæ: нæ разы ис, йе сфæлдыстадон бынтæ ирон литературæйы къæбицмæ кæмæн бацыдысты, ахæм æцæг поэт. Цæмæн æрцыдыстæм ахæм хъуыдымæ? Фыццаджыдæр, уымæн æмæ йæ уацмысты æнкъарæм цардхъомысы тых, удварны тæваг æмæ бæллынады тæлмæнтæ. Уыдон кæсгæйæ, адæймаг хаты, цы хъарм сæ исы, уый. Дыккаджыдæр, æнкъарынады цæхæр æмæ хъуыдыты æлвæстад; нæй дзы иу уæлдай æууæл æмæ хъыгдарæг фæзилæнтæ. Уыдон, æхцонады уылæнтау, тезгъо кæнынц кæсджыты зæрдæтæм æмæ фæстæмæ здæхынц, бузныгады ирдгæйау. Æртыккаджыдæр, лæмбынæг адæймаг æнæуынгæ нæ фæуыдзæн авторы дунеæмбарынадон фæлгæты авналæнтæ: царды лыстæгдæр тугдадзинтæ, æнкъарынады хъомыс, монады суадæтты донбакæлæнтæ æмæ уæздандзинады тæлмæнтæ. Уыдоны фæрцы йæ уацмыстæ æнæхай не сты фæлгонцады хуыз æмæ рухсæй, нываивад æмæ фæндырдзагъды зæлтæй.

Хицæн ныхасы аккаг у, автор стихамады авналæнтæй куыд пайда кодта, уый. Алыксандры лирикæйы бирæ фæзилæнтæ ис, æмæ адæймагмæ сагъæстæ дæр уый тыххæй гуырын кæны. Поэты уæззау хъысмæт ыл йæ фæд ныууагъта, фæлæ уæддæр йæ удварны бæркад, рæстæджы фарн, царды æцæгдзинад сæ бынат ссардтой йе сфæлдыстадон æрмдзæфы. Дарддæр махæн йæ «дуар бакæны» номдзыд авторы поэтикон мадзæлтты сусæг хъуыды. Йæ лирикæйы æвдисæн фæрæзтæ. Уым ма нæ размæ слæууынц поэты монон рæзты къæпхæнтæ. Уыдоныл хизын та æнцон хъуыддаг нæу — хъæуы дзы дæрдтыл хъуыды кæнын, кæннод уый бæсты æрцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл ныллæудзынæ. Поэты сагъæсты алцыдæр афтæ æддæг-мидæг ауад æмæ дзы раст къахвæндаг ссарын æнцон хъуыддаг нæу. Авторы зæрдæйыуаджы раив-баив æркæны хæдхуыз мидисы хахмæ.

Хъысмæты фæлварæнты сæрты Алыксандр хызти канд ныфсхастæй нæ, фæлæ арæхстджынæй. Уый фæрцы хъахъхъæд æрцыдысты йæ дунеæмбарынады æууæлтæ. Æмæ уымæ гæсгæ Цæрукъаты Алыксандры тыххæй абон нæ бон зæгъын у: нæ разы ис поэты дуг — дуджы поэт. Уый уымæн афтæ у, æмæ поэт йæхæдæг дæр уыдис рæстæджы минæвар, йæ реалон æууæлтæ хæссæг. Æвæццæгæн, уый тыххæй нæ адæмон поэты хъайтарты фæлгонцтæ æмæ уагæвæрдтæ, сæ ныхасыхъæд æмæ рæнхъæвæрд сты уырнинаг. Кæддæр Сент-Экзюпери афтæ фæнысан кодта, зæгъгæ, аивадон æххæстад къухы бафты, бафтауын æм йæ бон куы нал вæййы, уæд нæ, фæлæ дзы айсинаг куы нæ вæййы. Гъе ахæм æмвæзадыл куыста Алыксандр дæсгай азты дæргъы. Уый та ууыл дзурæг у æмæ дзырдаивады дæсны хауы ирон классикон поэзийы скъоламæ. Классикон фæстиуджыты æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ йын систой тынг бæрзонд йе сфæлдыстадон æрмдзæф. Афтæмæй нæ разы сæвзæры, поэты автобиографион фаззон кæм фæзыны, зæрдæргомгæнæн ныхасмæ цæттæ чи у, ахæм лирикон хъайтар:

Карз бæллиц иу ран мæн

бадын нæ уадзы:

Быдырæй арф кæмттæм

бафтын æз балцы…

Хæхтæ, уæ хæхтæ,

æрцæуат æгас! —

Уемæ у, уемæ мæ зæрддаг

ныхас…

Ног та мæ цæстæй

цъæх сæрвæттæ ахсын,

Хуры тынтимæ уæ цъуппыл

фæхъазын,

Фестын фырцинæй уæ

сæрмæ цæргæс,

Уадындзæн райсын

фынк дæтты хъæлæс.

Ихæй фæрсыгъд дымгæ

рæгътыл куы стæлфы —

Рог базыр уадултыл сабыр

фæсæрфы,

Удхос лæваргæнгæ, хъары йæхи,

Аргъау фæкæны, цыма йыл

дзых и…

Цас бирæ кадджытæ

базыдтон, уастæн! —

Тынгдæр гъе уымæн

сымахимæ баст дæн,

Баззад уæ хуылфы æгасæй мæ уд,

Курын уæ: ма мыл

сыстырзæрдæ ут!..

Аивадон уавæр поэтæй домдта стыр лæгдзинад. Автор-иу размæ къахдзæф куы кодта, уæд-иу фæзынд хъæугæ темæ, фæндаджы метафорæ. Уый тыгъдад æмæ рæстæджы æхсæнты куы ахизы, уæд дзы разыны, монон фыдыбæстæйы дуне кæм æрбынæттон вæййы, ахæм сурæт. Уымæ гæсгæ йе ‘мдзæвгæты алы хай дæр дзурæг у рæстæджы æвдисæнтыл. Цæрукъаты Алыксандры æвзæрст уацмысты æмбырдгонд «Цъæхдзаст изæртæ»-йы сыфтæ фæлдахгæйæ, нæм афтæ фæкæсы, цыма уырзæй æвзарæм зынаргъ дуртæ. Æмæ куы ферттивынц, уæд сæ тигътыл разынынц рæстæг, дуг æмæ адæймаджы сагъæстæ æмæ хъынцъымты æмиуад. Нæ адæмон поэты мыразæлд дæр нæ хуымæтæджы дисы не ‘фтауы. Поэты лирикон уацмысты æвзаг у хъæздыг æнæнхъæлæджы фæзилæнтæй, рæстдзæвин метафорæтæй æмæ базырджын ныхæстæй. Алыксандр арфхъуыдыджын ныхасыуагæй нывæнды йæ адæмы азфыст, æнусты арты ссары уидæгты рухс æмæ уæлæрвтæм бæллынад.

Тъехты Тамерлан — æвзæрст уацмысты чиныгаразæг, бæстон бакуыста, йæ размæ цы хæстæ æвæрд уыдысты, уыдоныл. «Цъæхдзаст изæртæм» равзæрста цытджын поэты хуыздæр æмдзæвгæтæ, зарджытæ æмæ кадджытæ. Æмбырдгонд арæхстджынæй цалдæр хайыл («Фыдыбæстæйы зарæг», «Æртæхдзæст дидинæг», «Уарзт æмæ фарн», «Уæлтæмæнады цырагъдар», «Рох симфони») дихгонд кæй æрцыд, уымæй чиныгкæсджыты къух бирæ фæрогдæр. Уый тыххæй у бузныгады аккаг, фæлæ йын уæддæр цæстуарзонæй мæ зæрды ис цалдæр фæндиаджы зæгъын. Уыдонæн сæ фыццаг хауы чиныджы разныхасмæ. Тамерлан нæ адæмон поэтæй цыма æфсæрмы кодта, уыйау æй æгæр фæцыбыр кодта. Алыксандры сфæлдыстадон процесс кæй фæцис, уымæ гæсгæ йын йæ дзырдаивад уæрæхдæр, арфдæр æмæ бæркадджындæрæй равдисын хъуыд. Зындгонд куыд у, афтæмæй йыл Тъехы-фырт 2004 азы ныффыста кандидатон диссертаци æмæ йæ хицæн чиныгæй дæр мыхуыры рауагъта 2015 азы. Уырдыгæй сисын хъуыдис разныхас æмæ фæсныхасы тексттæ æмæ уыдонæй рауадаид хорз æрмæг. Цæмæн афтæ хъуыды кæнын? Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ныры фæсивæд мах хуызæн нæ зыдтой нæ адæмон поэты æмæ сын дæттын хъæуы уырнинаг æвдисæнтæ. Мæнмæ гæсгæ, чиныджы титулон сыфы фарсмæ Алыксандрæн æрыгонæй ист къамы бæсты радтын хъуыдис, карджындæр кæм уыдаид, ахæм хуызист. Хуыцауы фæндæй 80 азæй фылдæр фæцард æмæ уым æфсæрмиагæй ницы ис.

Иннæ фиппаинæгтæ та хауынц Цæрукъайы-фыртæн йæхи поэзимæ. Райсæм-ма æрдзы тыххæй фыст дыууæ æмдзæвгæйы: «Фæззæг Урсдоны» (97) æмæ «Дыгургомы изæр» (80-81). Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма дзы алцыдæр йæ бынаты ис. Фæлæ сæм лæмбынæгдæр куы æркæсæм, уæд се ‘хсæн ссарæм иу хицæндзинад. Фыццаг æмдзæвгæ æнæлаз у, фæлæ дыккагæй уый зæгъын нæ бон нæу. «Дыгургомы изæр»-ы сæргонды хъуыдыйы мидæг бастдзинад хæлд æрцыдис. Ныффыссын æй хъуыдис æндæр хуызы: «Изæр Дыгургомы». Кæннод афтæ рауад, цыма Дыгургомы изæр æндæрхуызон у æмæ хицæн кæны Уæллагкомы, Къуыдаргомы, Чысангомы кæнæ Тырсыгомы изæртæй. Изæр, куыд æрдзон фæзынд, алы ран дæр иухуызон у.

Афтæ зæгъæн ис йæ иннæ æмдзæвгæйы («Мæ тетрады фыстытимæ ныхас») сæргондæй дæр. Ам фарст цæхгæр куы сæвæрæм, («Ныхас кæимæ»), уæд дзы рауайдзæн хъуыдыйы æндæрхуызон равæрд («Ныхас мæ тетрады фыстытимæ») æмæ алцыдæр йæ бынаты сбаддзæн. Нæ рæстдзинадæн æвдисæн сты поэты иннæ æмдзæвгæты сæргæндтæ: «Ныхас авдæны сывæллонимæ» (217), «Ныхас Микеланджелоимæ» (291). Чиныджы 189 фарсыл ма æмбæлæм иу ахæм зæрдæхсаинаг сæргондыл: «Поэты цыртыл эпитафийы бæсты». Фыццаджыдæр, авторы æрлæууын хъуыдис иу зондыл: кæнæ эпитафи, кæнæ æндæр исты!.. Æмæ нын ууыл дзурæг у поэтæн йæхи æмдзæвгæ «Поэты эпитафи» (мыхуыргонд æрцыд чиныг «Зæрдæйы фæндæгтæ»-йы 131 фарсыл). Ахæм дызæрдыг хатдзæг нæм равзæрын кæны йæ иннæ æмдзæвгæйы сæргонд дæр («Сонеты бæсты»). Зындгонд куыд у, афтæмæй «сонет» у бæстон бæлвырд стихамады домæнты бындурыл фыст уацмыс. Фæныхилæн æм нæй. Фæлæ иугæр бæрцбарæнты уаг хæлд æрцыдис, уæд уый сонет нал у. Æмбырдгонды фæстаг æмдзæвгæйы сæргонд («Анахарсис Гречъы») куы бакæсæм, уæддæр нæхи бафæрсæм: цæуылнæ йын уыд ныффыссæн: «Анахарсис Бердзентæм». Афтæ зæгъæн ма ис чиныджы цы уырыссаг дзырдтыл æмбæлæм, уыдонæй дæр: идилли, этюд, апрел, монолог, философи, экспромт, ностальги, математикон, автопортрет æмæ æндæртæ.

Малиты Васойы загъдау, «дун-дунейы хæзнатæн кæрон куыд нæй, афтæ æнæкæрон сты поэты фæлдисæн фæрæзтæ æмæ ахорæнтæ. Æмæ Алыксандр, нæ «интеллектуалон поэзийы минæвæрттæй иу», агуырдта, зындгонд чи нæма у, ахæм фæндæгтæ. Сæ нывкæнынæн дæр поэт райсы, хæлар зæрдæйæ рухс дунемæ кæй сласы, ахæм «мидхæзна». Æмæ уымæ гæсгæ, хаттæй-хатт, «поэзийы фæлтæрд зæрингуырд» Васо вæййы зынæмбарæн, фæлæ йын æххуысмæ æрцæуынц, Алыксандры зæрдæйы суадонæй цы идеалтæ ратæдзы, уыдон: Фыдызæхх, уарзт æмæ рæстдзинад. Алы фыссæджы сфæлдыстады дæр зынгæ бынат ахсы, царды йын цы нысаниуæг ис, уый. Поэт йæ дзыллæйы раз къæмдзæстыг кæй нæу, уымæн йе сфæлдыстад — уырнгæ æмæ ирд æвдисæн. Фыдыбæстæ у «поэты уæлтæмæны сæйраг суадон, уæлейы исгæ — æмæ бынæй абузгæ суадон… Фыдыбæстæйы цин æмæ маст» сты йæ зарæджы дыууæ базыры. Æмæ йæ уацмыстæ, æвæццæгæн, уымæн бæрæг дарынц ирон æвзаджы хъæздыгдзинад æмæ ирон национ колоритæй. Тынг раст бафиппайдта поэты ацы миниуæг Хъодалаты Герсан: «…кæд исчи ирон советон поэзимæ хæрзæбоны къах бавæрдта, бахаста йæм цæстæвæрæн ногдзинад, ныууагъта дзы æнæссæугæ хæдхуыз æрмвæд, уæд уыдонæй иу у Цæрукъаты Алыксандр дæр æмæ йын йæ поэтикон «кувæндоны» раз мæ худ исын, ныллæг ын кувын мæ сæрæй!» Цæрукъаты Алыксандры сфæлдыстадон сгуыхтдзинады тыххæй, æвæццæгæн, хуыздæр ничима загъта æмæ уымæ гæсгæ нæ ныхас фæуæм ахæм хатдзæгæй: поэты «кувæндонмæ» цæугæйæ ма, Герсаны фарсмæ йæ худ чи сиса, ахæмтæ иу æмæ дыууæ нæ разындзæн.

Адæмæн фыссын — уый у дугæн, райгуырæн зæххæн æмæ мадæлон æвзагæн фыссын, фæлæ ацы æртæ хохы сæрмæ алкæй бон не свæййы ссæуын. Мæнмæ гæсгæ, адæмæн фыссынæй, райгуырæн зæххыл зарынæй æвзæры Цæрукъаты Алыксандры сфæлдыстады арф æмæ бæрзонддзинад. Куырыхон зæрдæйы арфы æхсидынц, поэзийы бæллиццагдæр айнæгмæ чи схизы, ахæм кадджытæ, æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ. Поэт сæ нывæнды адæмы ивгъуыд царды цин æмæ хъыгтæй, дзыллæйы абоны фарн æмæ фидæны рухс бæллицтæй, нырыкконад æмæ фидæны ныхмæлæууынадæй. Уыцы быцæуы цæхæры равзæрынц йæ бирæкъабазджын курдиаты «хъæбултæ» — лирикон æмдзæвгæтæ, æнæниз сывæллæттау, — цардхъом æмæ цардбæллонæй». Сæ рантысты хъизæмар нæ разыны чиныгкæсæгмæ, зæрдæмæдзæугæ нывты аууонæй, фæлæ поэты хъуыдытæн радты цардхъомысы фарн.

Цæрукъаты Алыксандры æвзæрст уацмысты чиныг «Цъæхдзаст изæртæ» бакæсыны фæстæ нæхицæн скодтам вазыгджын хатдзæг: нæ разы ис поэты хъуыды æмæ фæлгонцады бæрзонд æвдисæн. Уырдыгæй йæ хъайтартæ чиныгкæсджытæм сидынц, цæмæй æцæгдзинадмæ тырной, æргом зæрдæты хицау уой, æмæ сæ алыварс дунейæн аргъ кæнын фæразой, уый тыххæй. Уадз æмæ карз уарзтæй, фæлæ æцæг æнкъарæнтæй гуырой сæ царды цин, сæ амонды тæлмæнтæ. Ахæм зæрдæйыуагæй та æнцондæр у кæронбæттæн хатдзæг скæнын: Алыксандр цардис поэты дуджы æмæ ссис дуджы поэт. Æмæ афтæмæй баззайдзæн ирон чиныгкæсджыты хъуыдæджы.


Хозиты Барис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here