Программæ —журналистты дарддæры рæзтæн

0
242

Æхсæнадон царды æппæт къабæзты дæр бирæ ивддзинæдтæ цæуы. Ног рæстæджы цыдимæ æмдзу кæнын та нæ хæс у. Уыцы ногдзинæдтæ хаст цæуынц нæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæм, се ‘ппæтмæ дæр, журналистикæимæ йæ цард чи сбаста, уыдонмæ.

Знон РЦИ-Аланийы мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг Фидараты Юри журналисттæн бæстон радзырдта, дыууæ азы размæ цы ног программæ арæзт æрцыд, журналистикæйы къабазы кусджыты профессион цæттæдзинады рæзтæн, уый нысантæ æмæ йæ дарддæры ахадгæ мадзæлтты тыххæй.

Фидары-фырт куыд загъта, афтæмæй алы рæстæг, алы дугæн дæр йæхи домæнтæ вæййы æмæ сын æнæххæстгæнгæ нæй. Уымæн æмæ абоны дуг у — ног информацион технологиты рæстæг æмæ царды уавæртæ дæр бынтон æндæрхуызон сты. Уый загъта:

— Республикæйы Сæргълæууæг нын бахæс кодта, цæмæй нæ журналисттæн дарддæр профессион цæттæдзинады ахуыртæ кæнæм, ахæм хъуыддаг.

Сæ зонындзинæдтæ сын фæбæрзонддæр кæнынæн нæ программæмæ ивддзинæдтæ бахастам. Раздæр нæм ахæм программæ нæ уыд, фæлæ ныр дыууæ азы комитеты æххæстгонд цæуы. Ацы мæйы кæрон Ирыстонмæ ссæудзæн нæ бæстæйы зындгонд журналисткæ Иринæ Бреусова, телеуынынады равдыстытæ амонджыты, комкоммæ эфиры хи дарыны æгъдауыл чи ахуыр кæны, радиойы дикторты та рæсугъд æмæ аив дзурыныл, уыцы специалист. Æнæ уымæй дæр нæм афæдзы дæргъы нырма бирæ хорз æмæ цымыдисаг хабæрттæ уыдзæн. Мæскуымæ дæр æрвитдзыстæм нæ журналистты уыцы ахуыртæм. Баныхас кодтам Мæскуыйы, телеуынынады уæлдæр скъолайы декан Виталий Третьяковимæ дæр æмæ нæм сæрвитдзæн сæ хуыздæр специалистты. Æхцайы фæрæзтæ нын куыд амоной, уымæ гæсгæ кусдзыстæм ацы программæйы рæзт æмæ нысантыл. Программæ арæзт у 2025 азмæ æмæ нæ фæкæсын хъæуы нæ журналисттæм.

Иринæ Бреусовайы ахуырты архайдзæн 25 журналисты, æмæ ацы специалисты амынддзинæдтæ хорз ахъаз фæуыдзысты, Ирыстоны телеуынынад профессион æгъдауæй дæлдæр кæй никæмæй æрлæудзæн, уымæн.

Уымæй уæлдай, 23 апрелы бæрæг кæндзыстæм чиныджы æппæтадæмон бон дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ республикæ дæр ацы хъуыддаджы фæсте нæ баззайдзæн. Бацæттæ кæндзыстæм æмбырд. Æрхондзыстæм республикæмæ Кæсæг-Балхъарæй уазджытæ — сæ чингуытæуадзæн рауагъдæдты минæвæртты. Кæсæг-Балхъаримæ æмгуыстады бадзырд бафыстой дыууæ сæргълæууæджы. Уымæ гæсгæ мах адзырдтам Кæсæг-Балхъары Культурæйы министрмæ æмæ нæ иумæйаг фембæлдтыты нысантыл баныхас кодтам. Нæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты æххуысæй Ирыстоны цæрджытæн дзурдзыстæм сæ культурæйы, æгъдæуттæ æмæ иннæ фарстыты фæдыл бæлвырд хабæрттæ. Уыдон та Ирыстоны тыххæй. Ноджыдæр ма мыхуыры рацæудзæн нæ иумæйаг чиныг Цæгат Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары бирæ æнусты дæргъы хæлардзинадыл, — загъта Фидараты Юри.


Дадтеты Тамилæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here