«Уæлахизы диктант»

0
289

Номарæн акци «Уæлахизы диктант» ныффыссынæн Цæгат Ирыстоны радих кæндзысты 50 бынаты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историйы фæдыл текст дыууæ мин адæймагæй фылдæр ныффысдзысты. Диктант кæм фыссой, уыцы бынæттæй иу байгом уыдзæн Майрæмададжы Суаргомы хъахъхъæнджыты музейы.
1942 азы ам цы тохтæ цыд, уыцы тугкалæн хæстыты сырхæфсæддонты уæлахиз историктæ нымайынц Цæгат Кавказы гитлерон тыхгæнджыты ныддæрæны райдайæныл.
Ныртæккæ музейы ис номарæн комплекс 199 цыртдзæвæнимæ. Уымæй уæлдай байгом, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты кæм ныгæнынц, ахæм Номарæн аллейæ дæр.
— Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, диктант ныффысдзæн, фронтмæ чи ацыд, æмæ хæсты быдыры чи фæмард, Гæздæнты уыцы таурæгъон авд æфсымæрæй иуы фырты фырт дæр. Гæздæнты æфсымæрты цыртдзæвæн нымад у адæмы фæразондзинад æмæ æнæсæтгæ ныфсхастдзинады æвдисæныл, æмæ хъæбатырты байзæддаг акцийы кæй архайдзæн, уый бирæйыл дзурæг у, — зæгъы проект «Историон номарæн»-мæ регионалон цæстдарæг Фуад Кязымов.
Алы адæймагæн дæр уыдзæн онлайн уагæй «Уæлахизы диктант»-ы архайыны бар.
Ацы аз «Уæлахизы диктант» цæудзæн æртыккаг хатт. Дунейы æппæтæй егъаудæр историон фæлварæн ацы аз ацæудзæн 29 апрелы. Акцийæн фадæттæ аразынц политикон парти «Иугонд Уæрæсе», Уæрæсейы историон æхсæнад, Уæрæсейы хæстон-историон æхсæнад æмæ змæлд «Уæлахизы бархионтæ».

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here