«Уæрæсейы пост» æмæ Цæгат Ирыстоны æмархайды фарстытæ

0
200

Мæскуыйы балцы уæвгæйæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн фембæлд уыд «Уæрæсейы пост»-ы генералон директор Максим АкимовимÆ. Ныхасы архайджытæ æрдзырдтой «Уæрæсейы пост» æмæ республикæйы æмгуыстады фарстытыл.

Фембæлды райдайæны Битарты Вячеслав федералон ведомствæйы разамонæгæн бузныг загъта, Цæгат Ирыстоны ахсджиаг фарстытæм иудадзыг бæстон цæстдард кæй вæййы, уый тыххæй.

— Зындгонд куыд у, афтæмæй ныртæккæ ахадгæ цæттæгæнæн куыст цæуы Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы бæрæгбонмæ. Уыцы ахсджиаг удварнон-историон цауæн цы ахадындзинад ис, уымæн æвдисæн у æрмæст ахæм дæнцæг дæр — Президент Владимир Путины уынаффæйæ бæрæгбоны мадзæлттæ цæудзысты паддзахадон æмвæзадыл. Бæрæгбоны мадзæлтты фылдæр хай сараздзыстæм 2022 азы сентябры, радзырдта Битары-фырт.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, бæрæгбонмæ аккаг хуызы бацæттæ кæныны нысанимæ ныртæккæ республикæйы цæуынц зынгæ цалцæггæнæн æмæ реставрацион куыстытæ. Уыцы æууæл хынцгæйæ, Битары-фырт бахатыд Максим Акимовмæ, цæмæй федералон ведомствæ посты бастдзинады цæгатирыстойнаг дæлхайæдтæ сцалцæг кæныны хъуыддагмæ йе ‘ргом аздаха. Уымæй уæлдай, республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуы ног микрорайонты цæрджыты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæй кæны, уыцы æууæл домы, цæмæй уыцы бынæтты дæр байгом уой посты бастдзинады хайæдтæ.

— Посты бастдзинады федералон ведомствæ æмæ республикон структурæты æнгом æмархайды фæрцы бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын бафтыд къухы. Фыстæджытæ æмæ æндæр æрвыстæгтæ бынатмæ фæхæццæ кæныны æмгъуыд къаддæр кæны, рæзы лæггæдты хæрзхъæддзинад — ацы æмæ иннæ хорзæрдæм ивддзинæдтæ цæстуынгæ сты, — загъта Битарты Вячеслав.

Максим Акимов куыд фæнысан кодта, афтæмæй уæлдæрамынд фарстытæм «Уæрæсейы пост»-ы ‘рдыгæй уыдзæн бæстон цæстдард. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уынаффæ хаст æрцæудзæн посты бастдзинады дзæуджыхъæуккаг хайæдтæ сцалцæг кæныны тыххæй. Уымæй уæлдай, горæты фæзындзæн посты бастдзинады ног хайæдтæ дæр. «Нæ компанийæн ныртæккæ Ирыстоны ис 173 дæлхайады. Æмæ рæстæг куыд домы, ахæм ивддзинæдтæ хæссæм посты бастдзинады хайæдты куыстмæ, цæмæй адæм нæ лæггæдтæй разы уой», — бафиппайдта Максим Акимов.

Ныхасы архайджытæ æркастысты æндæр фарстытæм дæр.



РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы

æмæ Хицауады

пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here