Ирон чызг — дунейы 4 хатты чемпион

0
325

Профессионалон боксæй дунейы чемпион суæвыныл цы цалдæр версийы ис, уыдонæй алкæцыйы дæр уæлахиздзау суæвын у стыр æнтыстыл нымад.

Нæлгоймæгтæй уæлдай, азæй-азмæ фылдæр кæнынц сылгоймаг боксерты нымæц дæр. Уыимæ, сылгоймаг боксертæ ринджы сæхи нæлгоймæгтæй цауддæрæй не ‘вдисынц. Уый нæ, фæлæ ма арæх сæ тохтæ ноджы карздæр рауайынц.

Дунейы тыхджындæр сылгоймаг боксерты æмрæнхъмæ тырнынц ирон чызджыты дæр.

Уыдонæй иу Дудиаты Фатимæ. Афæстаг азты цы бæрзæндтæм схызт, уый тæхудиаг у бирæ профессионалон боксертæн. Фатимæ дыууæ азмæ рамбылдта профессионалон боксы цыппар дунеон иугондты (верситы) чемпионы ном.

2019 азы дунеон чемпионы рæттæ рамбылдта WBF, WIBF æмæ GBU-йы верситы. Йæ цыппæрæм дунеон чемпионы рон Фатимæ рамбылдта 3 апрелы Тæтæры сæйраг горæт Хъазаны.

Уым йæ ныхмæлæууæг уыди Венесуэлæйы минæвар чызг-боксер Луизана Боливар Граффе.

Сæ тох рауад тынг хъазуатон. Дыууæ ныхмæлæууæджы дæр равдыстой стыр фæразондзинад æмæ уæлахизмæ тырнынад. Алы раунды дæр кæрæдзиуыл ныккалдтой бирæ цæфтæ, фæлæ уæддæр Дудионæн бынтыст зынгæ фылдæр цæфтæ ныккæнын. Тох кæронмæ куы ‘рхæццæ, уæд тæрхонгæнджытæ æмхъæлæсæй уæлахиз радтой Фатимæйæн. Афтæмæй, Дудиаты сæрæн чызг йæ раздæры чемпионы номмæ бафтыдта цыппæрæм дунеон чемпионы ном «М-13» версийы.

Фатимæйы фыццаг тренер уыди Кокойты Хъазыбег, фæлæ фæстаг азты йæхи фæцæттæ кæны Мæскуыйы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, кæд Мæскуыйы вæййы, уæддæр йæ зæрдæ æдзухдæр фидар баст у йæ райгуырæн Ирыстонимæ. «Ам сты, мæ зæрдæйæн æппæты уарзондæр чи у, уыцы хиуæттæ, æмгæрттæ æмæ æмбæлттæ. Ринджы мæ кæд дæрзæг уæвын фæхъæуы, уæд нæ хæдзары та мæ мадæн дæн коммæгæс æмæ уарзæгой сывæллон», — йæ мидбылхудгæйæ зæгъы Фатимæ.

Уырны нæ, Дудиаты Фатимæ ма нын иу æмæ дыууæ хатты кæй нæ барухс кæндзæн нæ зæрдæтæ йæ ног æмæ ирд уæлахизтæй!!!


Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here