РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы цур Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми литературæ æмæ аивады къабазы дæттыны фæдыл къамисы хъусынгæнинаг

0
252

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы цур Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми литературæ æмæ аивады къабазы дæттыны фæдыл къамис хъусын кæны, 2021 азы преми райсыны фæдыл æрмæджытæ æмбырд кæнын кæй райдыдта, уый тыххæй (преми лæвæрд æрцæудзæн Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон — 15 октябры).

Преми райсыны фæдыл гæххæттытæ ист цæуынц Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми литературæ æмæ аивады къабазы райсынмæ авторон уацмыстæ бадæттыны фæдыл фæткы (фидаргонд æрцыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы 2018 азы 28 майы фидаргонд 156-æм Указæй) бындурыл ацы азы 14 мартъийæ 1 июны онг.

Къамис æркæсынмæ исы, Ирыстоны аивадон культурæйы аккаг бынат чи бацахста, стæй æхсæнады ‘рдыгæй стыр аргъгонд кæмæн æрцыд, ахæм авторон уацмыстæ (куыд хицæн авторты, афтæ авторон коллективты уацмыстæ дæр). Уыимæ, уæлдæрамынд уацмыстæ мыхуыргонд æмæ æвдыст хъуамæ æрцыдаиккой 2019-2020 азты (ома, преми радтыны азы 1 январы онг).

Преми райсынмæ кандидатурæтæ бадæттыны бар ис хицауады æххæстгæнæг æмæ бынæттон оргæнтæн, æхсæнадон иугæндтæн, кусæндæттæн, организацитæн, ахуыргæнæндæттæ æмæ сфæлдыстадон коллективтæн.

Æппæт фарстытæ дæр сбæлвырд кæнæн ис ахæм телефонтæй: 8(8672) 53-08-22, 8(8672)53-39-06.

Фиппаинаг: сæвзæргæ эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, хуыздæр уыдзæн премимæ бавдыст æрмæджытæ ахæм электронон постæй zppg@rso-a.ru барвитын (уыимæ, æрмæджытыл фæбæрæг кæнын хъæудзæн: «Къостайы преми»).

Адрис: Сæрибары фæз,1, 337-æм кусæнуат (бæстыхаймæ бацæуыны тыххæй рагагъоммæ бадзурын хъæудзæн уæлдæрамынд телефонты номыртæй; уыимæ, адæймагмæ хъуамæ уой санитарон хихъахъхъæнынады фæрæзтæ (маскæ æмæ æрмкъухтæ)).

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here