«Хицауады оргæнты æнгом æмгуыстад комкоммæ ахады адæмы æнæниздзинадыл»

0
244

Коронавирусы пандемийы æууæлты архайгæйæ, æххуысхъуаг адæмæн медицинон лæгггæдтæ куыд кæнынц? Цавæр уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт цæуы, цæмæй низ ма парахат кæна?

Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстытыл РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло знон æрдзырдта республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг — æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Годжыцаты Тамерлан æмæ «Роспотребнадзор»-ы республикон управленийы разамонæг Тыбылты Аланимæ.

Республикæйы Сæргълæууæг байхъуыста профилон ведомствæты докладтæм, уыйфæстæ бæлвырд амынддзинæдтæ радта фембæлды архайджытæн. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, фыццаградон æргом аздахын хъæуы, низы фæстæ амбулаторон цæстдард кæй уавæрмæ ис уыцы адæмæн лæвар хостæ дæттыны хъуыддагмæ. Ацы æмæ иннæ фарстытæ хъуамæ лыггонд цæуой æнæкъуыхцыйæ. Ахæм нысан регионты разамонджыты размæ сæвæрдта Президент Владимир Путин.

Сергей Меняйло куыд бацамыдта, афтæмæй фæахадгæдæр кæнын хъæуы сæвзæргæ эпидемиологон уавæры тыххæй информацион-æмбарынгæнæн куыст дæр.

Йæ ныхасæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, республикæйы Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй хицауады оргæнты æппæт минæвæртты æнгом æмархайды фæрцы не ‘мзæххонты æнæниздзинад бахъахъхъæнынæн ахадгæ мадзæлттæ арæзт кæй цæудзæн, ууыл йæ зæрдæ дары.



РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here