«Æппæт хъарутæ дæр — Фыдыбæстæйы дарддæры размæцыдæн»

0
244

Знон Уæрæсейы Президент Владимир Путин йæ æрвылазон Ныстуанимæ раныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды раз. Мадзал арæзт æрцыд Мæскуыйы Равдыстыты центрон зал «Манеж»-ы.

Æмбырды архайдтой УФ-йы Федерацийы Советы уæнгтæ, Паддзахадон Думæйы депутаттæ, Хицауады уæнгтæ, Конституцион æмæ Сæйраг тæрхондæтты разамонджытæ, губернатортæ, регионалон закъонæвæрынадон оргæнты разамонджытæ, æхсæнадон архайджытæ, дины иугæндты сæргълæуджытæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

Дæлдæр мыхуыр кæнæм Президенты Ныстуаны сæйрагдæр уагæвæрдтæ цыбыргондæй.

Сæйрагдæр æргом — мидбæстон царды фарстатæм

 

Федерацийы Советы зынаргъ уæнгтæ, Паддзахадон Думæйы депутаттæ! Уæрæсейы зынаргъ цæрджытæ!

Абоны Ныстуаны сæйрагдæр æргом аздахдзыстæм Уæрæсейы мидбæстон царды вазыгджындæр фарстатæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдоны нымæцы: æнæниздзинад хъахъхъæнынад, социалон политикæ, экономикæ æмæ афтæ дарддæр.

Æнæмæнг, зæгъын хъæудзæн дунеон ахастдзинæдты, стæй бæстæйы æдасдзинады фарстаты тыххæй дæр.

 

Пандемийы æууæлты

Пандеми куы райдыдта, уæд уыцы рæстæг бæлвырд æппындæр ницы уыд. Фæлæ Президент нæ дызæрдыг кодта, уыцы зындзинады сæрты кæй ахиздзыстæм, ууыл.

Уæрæсейы граждæнтæ, æхсæнад, паддзахад архайдтой уыцы æмхуызонæй æмæ иумæ, пандемийы ныхмæ тох чи кодта, милуангай уыцы уæрæсейæгтæ та куыстой цæсгомджынæй, низы ныхмæ разындысты цæрдæг æмæ бæрнон. Уæрæсейаг ахуыргæндтæн сæ къухы бафтыд стыр æнтыст, цы æртæ вакцинæйыл бакуыстой, уыдон комкоммæ нысан кæнынц «нæ бæстæйы наукон æмæ технологон хъомысæн йæ рæзт».

Коронавирусыл æххæстæй нæма фæуæлахиз стæм, нырма уал дзы у тæссаг, æмæ дохтырты амынддзинæдтæ нырма уал сты бæстон æмæ лæмбынæг æххæстгæнинаг.

Алцæмæй сæйрагдæр ныртæккæ у вакцинаци, æмæ йæ саразынæн хъæуы спайда кæнын æппæт гæнæнтæй дæр, цæмæй нæм фæззæгмæ уа низы ныхмæ иумæйаг иммунитет.

Демографи

 

Демографийы къабазы Уæрæсейы сæвзæрд æнæнхъæлæджы уавæр. Хъуамæ та ногæй раздæхæм нæ цæрджыты нымæц фылдæр кæныны фарстамæ, цæмæй 2030 азмæ адæймаджы царды азтæ рæстæмбисæй схæццæ уой 78-мæ.

Уыцы нысанæн æххæстгæнинаг сты, амæлынæй тæссаг кæмæй у, ахæм низты ныхмæ, зæгъæм, зæрдæ æмæ дадзинты низты ныхмæ Хицауад цы уæлæмхасæн мадзæлттыл бакуса, уыдон.

1 июлæй райдайын хъæудзæн диспансеризацийы программæ æмæ æппæт кары цæрджытæн се ‘нæниздзинадмæ профæркастытæ æххæст кæнын.

 

Æппынкъаддæр ацы азы кæронмæ адарддæр кæнын хъæуы, Уæрæсейыл туристон балцыты цæугæйæ, бæлццæттæ цы хæрдзтæ бакæнынц, уыдонæн сæ кæцыдæр хай сын фæстæмæ раздахыны программæ.

Сæрдыгон лагертæм йæ сывæллæтты чи æрвиты, уыцы ныййарджытæн сæ хæрдзты æмбис хъæудзæн фæстæмæ дæттын. Уымæй уæлдай, хъæудзæн рацаразын студентты туризмы системæ.

 

Æнæниздзинад

хъахъхъæнынады

къабаз

 

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабаз æппæт дунейы дæр лæууы революцийы къæсæрыл. Æмæ Уæрæсе дæр фæсдуар хъуамæ ма баззайа — фыдыбæстон медицинæ у рацаразинаг ног технологон бындурыл.

2021-2023 азты хъæутæм ноджыдæр ма æрвыст æрцæудзæн тагъд æххуысы фондз мин машинæйы. Уый фæрцы тагъд æххуысы машинæты автопарк æххæстæй дæр уыдзæн ног.

 

Паддзахадон

лæггæдтæ нымæцон бындурыл аразыны тыххæй

 

Æртæ азы фæстæ паддзахадон лæггæдтæн сæ фылдæр æххæст кæнын райдайдзысты дæрддзæфмæйы уагыл. Ног аз Уæрæсейы æрфидар кæнын хъæудзæн «социалон къазнайады» принциптæ, цæмæй пособитæ æмæ бафыстытæ исыны тыххæй адæймаджы ратæх-батæх кæнын мауал хъæуа, уый тыххæй.

Алименттæ æрцагурыны фарста дæр лыг кæнын хъæудзæн дæрддзæфмæ уагыл. Сывæллонхæссæг ныййарæджы уыцы системæ ныллæг хъуамæ ма кæна.

 

Адæмы æфтиæгтæ æмæ æргътæм

цæстдард

 

Пандеми тынг фæбæрæг æппæт бæстæты, уыимæ, Уæрæсейы адæмы цардыл æмæ сæ фæрныгадыл.

Граждæнты æцæг æфтиæгтæ фылдæр кæнын у хицауады сæйрагдæр хæс.

Адæмы æфтиæгтæ «ныхъуыры», зæгъæм, æргъты рæзт. Уымæ гæсгæ хицауады хæс у базарадон мадзæлтты æххуысæй æргътæм цæст дарын.

 

Паддзахадон æххуысы уæлæмхасæн

мадзæлттæ

 

1 июлмæ паддзахад хъуамæ бакуса сывæллонджын бинонтæн æххуысы иумæйаг системæйыл. Æнæххæст бинонты чи хъомыл кæны, 8-16-аздзыд ахæм сывæллæттæн 1 июлæй фæстæмæ уыдзæн æрвылмæйон бафыстытæ — рæстæмбисæй 5 650 сомы.

Уымæй уæлдай, бафыстытæ уыдзæн царды зын уавæрты бахауæг æнхъæлцау сылгоймæгтæн. Бафысты рæстæмбис бæрц уыдзæн 6 350 сомы.

Скъоладзаутæ æмæ фидæны фыццагкъласонтæ кæм ис, уыцы бинонтæн ацы аз хъæудзæн бафидын алкæмæндæр 10 000 сомы. Фыццагкъласонтæн ахæм æххуыс хъæудзæн адарддæр кæнын фидæны азтæм дæр.

Ахуырад æмæ

культурæ

 

Уæрæсейы арæзт æрцæудзæн ноджыдæр ма 1 300 скъолайы, ахуыр дзы кæндзысты 1 милуан сывæллоны.

Уæлæмхасæн фæрæзтæ дихгонд æрцæудзæн скъолатæн ног автобустæ балхæнынæн дæр.

Колледжтæ æмæ техникумты ахуырадон къордты куратортæн сфидар кæнын хъæудзæн æрвылмæйон уæлæмхасæн бафыст — 5 000 сомы. Ныртæккæ та уал уыцы бафыст исын æмбæлы скъолаты кълæсты разамонæг-ахуыргæнджытæн.

Хæстæгдæр дыууæ азмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты фæзындзæн ноджыдæр ма 45 000 бюджетон бынаты, сæ фылдæр — регионты. 2021-2024 азты, æппынкъаддæр 100 регионалон уæлдæр ахуыргæнæндæттæн дихгонд æрцæудзæн 116,2 миллиард сомы.

Арæзт æрцæудзæн культурон хъæппæристы президенты фонд, æмæ ацы аз йæ фæрцы байуардзысты гранттæ 3,5 миллиард сомы аргъ.

 

Наукæ

 

Наукон ирасæнтæн 2024 азмæ æрвыст æрцæудзæн 1,63 триллион сомы. Фæзындзæн, паддзахадон нисаниуæг кæмæн уа, инновацион ахæм программæтæ.

Зæгъæм, сæ иу уыдзæн, хæдбар чи уа, вакцинæты ахæм куыстад. Уымæй уæлдай, æнæзонгæ æмæ тæссаг хæцгæ низ, мыййаг, куы фæзына, уæд Уæрæсе хъуамæ цæттæ уа ахъазгæнæг тест-системæ бакусынмæ æмæ низы ныхмæ вакцинæ саразынмæ.

 

Экологи æмæ æрдз

 

Ног энергетикæ, фармацевтикæ æмæ æрдзон ивддзинæдтæ хъуамæ суой фыдыбæстон промышленность рацаразынæн ахъазгæнæг тых.

Энергетикæйы, уыимæ, донгуыры æмæ атомон энергетикæйы, Уæрæсейы хъæуынц иумæйаг ног фæрæзтæ.

Æхсæнадон царды æппæт къабæзтæ дæр æрдзы раив-баивтæм цæттæ куыд уой, Уæрæсе хъуамæ ууыл бакуса. Зианхæссæг æппарæнты ныхмæ архайыны къабазмæ хъуамæ уа ноджы карздæр цæстдард.

Уæрæсейаг горæтты сфидар кæнын хъæуы зианхæссæг æппарæнты тыххæй квотæтæ.

Экологон зиан æрхæссыны тыххæй куыстуæттæ финансон бæрнондзинад куыд хæссой, ахæм æгъдау фидаргонд цæмæй æрцæуа, ууыл хъæуы фæтагъддæр кæнын, стæй 2021 азæй куыстуæтты хицæутты бæрнондзинад хъæуы фæкарздæр кæнын.

Экологон фиддонтæ хъуамæ уой цæстуынгæ æмæ бæрæг. Пайдагонд та сæ хъуамæ уа алфамбылай æрдзы уавæр нывылдæр кæныныл.

 

Регионтæн æххуыс

 

1 июнмæ Хицауад хъуамæ бацæттæ кæна дардæмгъуыдмæйы регионты финанстæ фидардæр кæныны фæдыл уынаффæтæ.

Нырма уал бацæттæ кæндзыстæм, паддзахадæй стыр хæс чи дары, уыцы регионтæн æххуысы мадзæлттæ. Йæ хæс йе ‘фтиæгтæй 25 процентæй фылдæр кæмæн у, ахæм регионæн йæ хæсы хай баивдзысты бюджетон кредиттæй, сæ бафидыны æмгъуыд уыдзæн 2029 азмæ. Ныридæгæн регион цы бюджетон кредиттæ дардта, уыдон та йын адарддæр кæндзысты.

Уымæй уæлдай, регионтæн 15 азмæ лæвæрд æрцæудзæн инфраструктурон кредиттæ 500 миллиард сомы, æппынкъаддæр. Сæ бафидыны проценттæ уыдзысты афæдзмæ 3 проценты. Регион хæстæ цас къаддæр дара, уый бæрц йæ бон уыдзæн фылдæр æхца райсын.

 

Кæронбæттæн хатдзæгтæ

 

Зынаргъ æмбæлттæ!

Фæсарæйнаг политикæйы фарстатыл кусгæйæ, махæн фыццаджы-фыццагдæр ахсджиаг у, цæмæй Уæрæсейы цæрджыты æдасдзинад æмæ фæрныгадæн æддагон тасдзинæдтæ ма уа, цæмæй бæстæ дарддæры рæзты фæндагыл æнæкъуыхцыйæ цæуа. Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейæн ис йæхи интерестæ, æмæ уыдон бахъахъхъæныныл мах архайдзыстæм дунеон барады бындурыл. Афтæ архайынц æппæт паддзахæдтæ дæр, афтæ архайдзыстæм мах дæр.

Зынаргъ æмбæлттæ!

Нæ абоны фембæлд райдыдтам æнæниздзинад хъахъхъæнынады тыхстаг фарстатæй. Уый æнхъæл чи уыд, æмæ дунейыл ахæм низ апарахат уыдзæн. Фæлæ мах, Уæрæсейы адæм, ныронг дæр бирæ сарæзтам æмæ абонæй фæстæмæ дæр ныфсджынæй архайдзыстæм, цæмæй эпидемийы тых басæттæм. Уымæн нын ахъаз уыдзысты, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, наукæйы, ахуырад æмæ промышленносты нæ къухы цы ахсджиаг хъуыддæгтæ саразын бафтыд, уыдон.

Уыимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дарддæр дæр уæхскуæзæй кусын хъæуы национ рæзты фыццаградон нысантыл. Федералон Хицауадæн хæс кæнын, цæмæй бацæттæ кæна Уæрæсейы дарддæры æнæкъуыхцы социалон-экономикон размæцыды ног программæтæ. Æппæт уыцы фарстатыл хæстæгдæр рæстæг æрдзурдзыстæм Паддзахадон советы, Æхсæнадон Палатæ æмæ æндæр иугæндты уæнгтæ æмæ эксперттимæ.

Кæронбæттæны мæ фæсидын фæнды Уæрæсейы æппæт цæрджытæм дæр: нæ размæ цы ахсджиаг нысантæ сæвæрдтам, уыдон æнæдызæрдыгæй сæххæст кæндзыстæм. Ныфс мæ ис, уыцы вазыгджын нысанты сæраппонд кæрæдзийы фарсмæ кæй æрбалæудзыстæм, уымæй.

 

 

Æрмæг бацæттæ кодтой Сланты Аслан æмæ Дедегкаты Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here