Æрдзырдтой баруадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы рацарæзтыл

0
206

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей МенЯйлойÆн фембæлд уыд Уæрæсейы Транспорты министрад æмæ федералон паддзахадон кусæндон «Росгранстрой»-ы бæрнон кусджытимæ.

Фембæлды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл кусæг контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы рацарæзты проект куыд æххæстгонд цæуы, уымæ.

Федералон ведомствæты минæвæрттæ куыд радзырдтой, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр æххæстгонд цæуынц рагагъоммæ фидаргонд графикмæ гæсгæ. Рацарæзты æппæт мадзæлттæ дæр хъуамæ ахицæн уой 2022 азы декабры.

Цалцæггæнæн куыстытæ куы сæххæст кæной, уæд контролон пункты техникон фадæттæ зынгæ фæуæрæхдæр уыдзысты. Афтæ, уæззау транспорт ахизынæн пункты ныртæккæ ис 4 фæндаджы, рог транспортæн та — 10 фæндаджы. Рацарæзты фæстæ та уæззау транспортæн уыдзæн 13 фæндаджы, рог хæдтулгæтæн та — 26 фæндаджы. Уыимæ, проектмæ гæсгæ, уæзласæн æмæ бæлццæттæласæн транспорт кæрæдзийæ фæхицæн кæндзысты, стæй бафтаудзысты уæззау транспортæн рæстæгмæ æрлæууæн бынæтты нымæцыл дæр. Ацы æмæ иннæ техникон мадзæлтты фæрцы контролон-уадзæн пункты хъару зынгæ фæфылдæр уыдзæн. Иу суткæмæ «Уæллаг Ларс”-ыл ахизыны фадат уыдзæн 3800 транспортон иуæгæн.

Подрядон организацитæ æмæ профилон ведомствæты минæвæртты ныхасмæ гæсгæ, сæрмагонд æргом аздахын хъæуы контролон-уадзæн пунктмæ ‘ввахс Терчы былгæрæттæ фæфидардæр кæнынмæ, стæй магистралон газуадзæн «Цæгат Кавказ — Фæскавказ»-ы хæтæлы (уый дæр цæуы «Уæллаг Ларс»-ы иувæрсты) цалцæгмæ дæр.

Фембæлды цы ныхас рауад, уымæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы разамынд цæттæ у, «Уæллаг Ларс»-ы рацарæзты хъуыддаджы йæ бæрны цы фарстытæ ис, уыдон æнæкъуыхцыйæ лыг кæнынмæ.


РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here