Æрвылбоны цард æмæ дзыллон мадзæлтты æдасдзинадæн…

0
222
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд Террористон фæзындтытæ ма ‘руадзыны фарстыты фæдыл республикон къамисы радон æмбырд.
Æмбырды архайджытæ æркастысты, адæм бирæгæйттæй кæм вæййынц, уыцы объекттæ æмæ бынæтты террористон фæзындытытæй хъахъхъæнынады мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Ацы фарсты фæдыл раныхас кодта Национ гвардийы æфсæдты федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы хицауы хæдивæг Дмитрий Подвысоцкий. Службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, управленийы специалисттæ иудадзыг сæ цæст дарынц дзыллон бынæтты уавæрмæ. Уыцы архайды тыхы ведомствæтæ æнгом æмгуыстад кæнынц муниципалитетты разамындимæ. Дмитрий Подвысоцкий бæстон æрлæууыд, адæмы æдасдзинад бахъахъхъæнынæн, террористон фæзындтытæ ма ‘руадзынæн цы уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдоныл.
Ведомствæйы минæвары раныхасæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло министрадтæ æмæ иннæ структурæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй фарстмæ цæстдард уа иудадзыг, бæстон. «Террористон фæзындтытæ ма ‘руадзыны фарстыты фæдыл къамис æмæ Оперативон штаб ахадгæ куыст кæнынц террористон фæзындтыты тасдзинад къаддæр кæныныл, æмæ уыцы куыст дарддæр дæр æнæкъуыхцыйæ хъуамæ цæуа», — бафиппайдта республикæйы разамонæг.
Ацы æмæ боны фæткы иннæ фарстыты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Челæхсаты Владимир, Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, тыхы ведомствæты минæвæрттæ, Хицауады уæнгтæ æмæ муниципалитетты разамонджытæ.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ
Нравится

 

Комментировать
Поделиться

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here