Куыст — иумæйаг хъарутæй

0
216

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыдис Хицауады радон æмбырд. Ныхас цыдис нæ республикæйы социалон-экономикон цардыл, паддзахадон программæты нысантæ æххæст кæныныл æмæ сæ рæзтыл, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æдасдзинады фарстатыл.

Æмбырды райдайæны Сергей Меняйло Хицауады уæнгтæн фехъусын кодта, кадрты фарстайы иуæй-иу ивддзинæдтæ кæй æрцыд, уый тыххæй. Афтæмæй, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй нысангонд æрцыд Тугъанаты Ларисæ.
— Ис æм фæлтæрддзинад разамынды куысты, æмæ мæ зæрдæ дарын, цы хæслæвæрдтæ йæм хауынц, уыдоныл сыгъдæгзæрдæйæ кæй кусдзæн, ууыл. Уыдон та сты социалон къабаз æмæ ахуырады æппæт хъуыддæгтæ дæр, — загъта нæ республикæйы Сæргълæууæг.
Æмбырды боны фæткмæ хаст бирæ фарстатæ æрцыд, фæлæ сæйрагдæртæ уыдысты, нæ республикæйы оперативон уавæр, уæлбарджынтæн ахсджиагдæр хостæ лæвæрд куыд цæуынц, хойраджы продукттæ æмæ афтекты хосты æргътыл, Ирыстоны фæкæсынхъуаг адæймæгты куырдиæттæ æвзæрст куыд цæуынц, уыдæттыл.
Алы фарстайы фæдыл дæр бæрнондзинад чи хæссы, уыцы оргæнты минæвæрттæ кæд докладтæ бацæттæ кодтой, уæддæр Сергей Меняйло уыцы дзуаппытæй разыйæ нæ баззад.
Куыд загъта, афтæмæй хицауады оргæнтæн, муниципалитетты сæргълæуджытæн хъуамæ сæ куыст уыной нæ республикæйы цæрджытæ.
— Абон цы ахсджиаг хъуыддæгтæ ис республикæйы, уыдон хъуамæ æххæст кæнæм иууылдæр иумæ. Алы æмбырдмæ дæр æз домын æппæт территориалон оргæнтæй дæр сæ къуырийы куысты тыххæй бæлвырд бæрæггæнæнтæ. Цæгат Ирыстоны оперативон уавæры фæдыл раныхасгæнæг хатдзæгтæ скодта, æнæнхъæлæджы цы ‘рцыдис, кæм зынгсирвæзт, кæм та кæмтты зæйы лæсæнтæ, уыцы цауты фæдыл. Фæлæ мæн хъæуы зонын, цавæр мадзæлттæй архайд цыдис уыцы цауты фæстиуджытæ аиуварс кæнынæн.
Уымæй уæлдай, бæрæг бæлвырд нæу, уæлбартæ кæмæ ис, уыцы адæймæгтæн хъæугæ хостæ куыд лæвæрд цæуынц, сæ номхыгъд, уый дæр. Рынчындæтты фæзуæттыл та хицæн адæймæгты афтектæ хъуамæ ма уа, уый дæр у закъоны домæн. Хосты æмæ хойраджы продуктты æргътæ уæлæмæ нæ уадзынæн дæр ссарут мадзæлттæ, цæмæй, цас æмбæлы, уымæй уæлдæр ма рæзой.
Разæй нæм кæсынц цалдæр бæрæгбоны мадзалы. Фæлæ, ныронг дæр куыд цæттæ кæны республикæ йæхи Уæлахизы бонмæ, уый æз нæма федтон. Иу бон æрзылдтæн Дзæуджыхъæуыл, æмæ уый бæрц рекламæйыл нæй иунæг ветераны къам дæр. Афтæмæй мах республикæйæн цы хъайтардзинады истори ис, ахæм бирæ регионты нæй, — загъта Сергей Меняйло.
Нæ республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ма бафиппайдта, горæты уынгтæ куыд скъахтой æмæ сæ коммуникациты куыст кæй ныддæргъвæтин, уый дæр, æмæ бафæдзæхста Арæзтад æмæ архитектурæйы министрадæн, канд ацы фарстамæ нæ, фæлæ скъолаты, уынгты хъæугæ нысантæм дæр æркæсын. Сергей Меняйло фæнысан кодта, бюджетон æхца иууылдæр хъуамæ кæй цæуой къазнайыл, йæ рæзты нæ, фæлæ.
— Адæмы царды уавæртæ æз мæ куысты нымайын сæйрагдæрыл æмæ уыцы куыст домдзынæн, бæрнон бынæтты чи ис, уыдонæй се ‘ппæтæй дæр. Цæудзынæн районтæм, адæмимæ æмбæлдзынæн. Районты æмæ муниципалитетты сæргълæуджытæм сæ ахсджиаг лыггæнинаг фарстатимæ чи æрбацæуа, уыдонæй кæй хъаст не ‘рцæуа æвзæрст, уыцы разамонджытимæ æндæр хуызы ныхас кæндзыстæм. Адæмæн хъæуы æххуыс кæнын, æмæ уыцы фарстатыл алы чиновник дæр хъуамæ куса. Зæххыты фæдыл та зæгъдзынæн афтæ: зæххæй чи пайда кæны, уыцы адæймæгтæ хъалон фиддзысты закъоны бындурыл. Никæмæй ницы исæм, æрмæст, куыд æмбæлы, афтæ фидæнт хъалон республикæйы бюджетмæ, — дзырдта дарддæр Сергей Меняйло.
Республикæйы разамонæг боны фæткы фарстаты фæдыл бæлвырд амынддзинæдтæ радта профилон ведомствæты минæвæрттæн.
Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here