Æххуыс — медицинон кусджытæн

0
231
????????????????????????????????????

«Ме ‘мкусджытимæ фембæлгæйæ мын уыдон радзурынц, Уæрæсейы Президенты Майы ист Указтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Мызд, куыд æмбæлы, афтæ йæ нæ фидынц, уымæ гæсгæ «Рæстаг Уæрæсе»-йы депутатты хъæппæрисыл æхсызгонæй сæмбæлдзысты», — знон социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ Парламенты советы æмбырдмæ рахаста ахсджиаг фарста.

Æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев.

Советы уæнгтæ равзæрстой, хатдзæгтæ скодтой фæндзай актæй фылдæры тыххæй. Паддзахадон Думæйы «Рæстаг Уæрæсе»-йы депутаттæ рæгъмæ рахастой, медицинон кусджытæн уæлæмхасæн æххуыс кæнынимæ баст закъоны проект. Реуазты Ларисæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй сæ мæты æфтауы, Майы ист Указтæ, куыд æмбæлы, афтæ æххæстгонд кæй нæ цæуынц, уый. Уæрæсейы цы мадзæлттæй пайда кæнынц, уыдон фаг не сты, дохтыртæ баиу кæнынц сæ ставкæтæ, æмæ уæд мызд фæфылдæр вæййы, фæлæ сыл цы уæз æнцайы, уый дæр хъæуы нымайын.

Уæззау у астæуккаг специалистты мызды уавæр дæр. Проекты автортæ куыд нымайынц, афтæмæй хъуамæ медицинон кусджытæн конд цæуой уæлæмхасæн æххуысы мадзæлттæ. Зæгъæм, хъæутæ æмæ поселокты кусджытæ хъуамæ къуыри кусой 39 сахаты, бафидыны æгъдауимæ сын хъуамæ лæвæрд цæуа уæлæмхасæн фæлладуадзæн рæстæг. Уый ныхмæ сын хъуамæ иу аз дæттой фæллад уадзынæн æмæ ма æххуысы æндæр хъуыддæгтæ.

«Фарста у тынг ахсджиаг, алчидæр йемæ сразы уыдзæн, фæлæ хъуыддæгтæ хъуамæ чи æххæст кæна? Уæз регионтæм не ‘рхаудзæн? Уæд та сæ ногæй коммерцион æфстæуттæ исын нæ бахъæудзæн?» — бафарста контролон-цæстдарæн палæтæйы сæрдар Хъæлыцты Инал. «Демæ разы дæн, фæлæ медицинон кусджытæн ахæм æххуыс æмбæлы, сæ уавæр сын зонæм, æмбарæм», — загъта Реуазты Ларисæ. Советы уæнгтæ сразы сты «Уæрæсейы Федерацийы граждæнты æнæниздзинады бындуртæ хъахъхъæныны тыххæй” закъоны проектимæ.

Реуазты Ларисæ ма цы гæххæттыты тыххæй дзырдта, уыдонимæ уыд, «Рæстаг Уæрæсе»-йы депутаттæ цы закъоны проект рахастой, уый дæр. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ бæстæйы тынг бирæ ис уæззау низтимæ рынчынтæ, регионтæ сæ сæхи æхцайæ дзæбæх кæнынц, фæрæзтæ та сын нæ фæфаг кæны. Уымæ гæсгæ растыл нымайынц, уыцы хæс федералон хицауады бар бакæнын. Советы уæнгтæ уый растыл банымадтой.

Депутаттæ байхъуыстой финансты министры фыццаг хæдивæг Оксанæ Каровамæ. Уый советмæ рахаста РЦИ-Аланийы 2021 азмæ æмæ 2022-2023 азтæн республикон бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проект. Йæ ныхасмæ гæсгæ, федералон бюджетæй нын æрæрвыстой 190,6 милуан сомы, уыдон хъуамæ дихгонд æрцæуой министрадтæ æмæ ведомствæты ‘хсæн. Фæрæзтæ лæвæрд æрцæудзысты Цæрæнуатон-коммуналон фонды рацарæзтæн, амбулаторон æгъдауæй йæхи коронавирусæй чи дзæбæх кæны, дзулфыцæг куыстуæттæн æмæ æндæр хъуыддæгтæн.

Азы райдайæны республикон бюджеты цы æхца баззад, уыдон сты 299,4 милуан сомы. Хъуамæ сæ схардз кæной Къостайы проспекты цалцæггæнæн куыстытыл, бассейны, футболон фæзы арæзтадыл, рæвдауæндæттæм цыппар уæлæмхасæн бæстыхайы саразын æмæ æндæр нысантыл. Оксанæ Карова дзуаппытæ радта депутатты фарстытæн.

Закъонты проекттæн сæ иу хай баст уыд федералон закъонтимæ сæ æмхуызон скæнынимæ, иннæты тыххæй бæстон æрдзырдтой, сфидар сæ кодтой æмæ сæ Парламенты æмбырдмæ рахæсдзысты.

 

Бутаты

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here