Дзæуджыхъæуы социалон-экономикон рæзты фарстатæ

0
368

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей МенЯйлойÆн кусæг фембæлд уыд Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды разамонæг Икъаты Русланбегимæ.

Ныхас рауад муниципалон сконды социалон-экономикон рæзты фарстатыл. Фæбæрæг кодтой хъалонæвæрынады бындуртæ фæпарахатдæр кæныны, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн æххуысы мадзæлттæ.

Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй абоны уавæртæ домынц, лæггæдтæ æмæ продуктты хæрзхъæддзинадмæ æргом аздахын æмæ ногдзинæдтæ скæнын. «Проектты автортæн æххуыс йæ пайда равдисдзæн, уый фæбæрæг уыдзæн инвесторты архайдыл, горæт æмæ йæ республикæ дæр банкъардзысты», — загъта республикæйы разамонæг.

Икъайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, йæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæй спайда кæнынмæ у цæттæ, Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутатты хъомыс та хъуыддагмæ раздахдзæн. «Адæймаджы царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнынæн нæ тыхтæ ратдзыстæм», — фæбæрæг кодта горæты муниципалон сконды разамонæг.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here