Ныхас ахсджиаг фарстатыл

0
242

Республикæйы Хицауады æмбырд амыдта РЦИАланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло.

Куыд бацамыдта, афтæмæй Уæрæсейы Президент Владимир Путин Федералон Æмбырдмæ цы æрвылазон Æрвыстæг арвыста, уый хæстæ республикæйы Хицауадæн сты æххæстгæнинаг. Уæлдай цæстдард уыдзæн æппæт социалон фиддонтæ афойнадыл фидынмæ.

Сергей Меняйло Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймуразæн бахæс кодта, цæмæй хъалонæвæрынадон базæйæн аудит рæвдздæр скæна, хæстæгдæр æмбырдмæ рахæсса уынаффæйы проект.

Ахсджиагыл банымайгæ у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 76 азы бæрæгбонмæ бацæттæ кæныны хъуыддаг дæр. Сфидар кодтой кусæг къорды ног уæнгты. Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг профилон ведомствæтæн бахæс кодта, цæмæй ног хæцгæ низимæ кусæг медицинон специалисттæм сæ фиддонтæ афойнадыл хæццæ кæной.

Цæрæнуæтты уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй субсидитæ радтыны фæдыл раныхас кодта, арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, Моргуаты Константин. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ 20 адæймагимæ хыгъд сфидар кæной, субсидитæ уыдзысты 25 милуан сомы, се ‘хсæн — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 2 архайæджы æмæ хæсты чи фæмард, уыцы ветеранты 18 бинонтæ.

Хицауады уæнгтæ æрныхас кодтой республикæйы цæрджытæн æнæнхъæлæджы цаутæ хъусын кæныны системæйы тыххæй. Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фæзуаты фонды бюджет 2020 азы æххæстгонд куыд æрцыд, уый тыххæй уыд йæ разамонæг Дзлиаты Хъазыбеджы раныхас.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here