Цытджын Уæлахизы парад — Дзæуджыхъæуы

0
337

9 Майы 10 сахатыл Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзы ацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Советон æфсады Уæлахизы 76 азы кадæн хæстон парад.

Кадджын трибунæйы лæууыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы раздæры Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Хицауад æмæ Парламенты уæнгтæ.

Мингай адæм æрæмбырд сты Дзæуджыхъæуы сæйраг фæзмæ. Се ‘ппæты дæр баиу кодта Цытджын бæрæгбон — Уæлахизы бон. Æппæт бæстæ дæр бæрæг кæны Стыр Уæлахизы 76 азы бон. Фарон коронавирусы аххосæй бæрæгбон æргъæвд æрцыд фæстæдæр рæстæгмæ, уымæ гæсгæ йыл ацы аз нæ республикæйы цæрджытæ уæлдай æхсызгондæрæй сæмбæлдысты.

Уæлахизы парады архайы Хуссайраг федералон зылды 58-æм æфсад. Хæстон парадæн командæгæнæг уыд Суворовы орденхæссæг 58-æм æфсады хицау, инæлар-майор Вячеслав Гуров. Парад амыдта инæлар-майор Михаил Зусько.

Сæрибары фæзы æвиппайды азæлыд Левитаны хъæлæс… 76-æм хатт уый адæмæн фехъусын кодта: » Хæст банцад, знаг саст æрцыдис!» Йæ хæдфæстæ райхъуыст æртæ хатты — «УРА!»

Æфсæддонтæ цæттæ сты кадджын къахдзæфтæй Сæрибары фæзыл рацæуынмæ. Архайы дзы иу мин æртæсæдæ æфсæддоны. Парад байгом кодта Суворовы орденхæссæг 58-æм æфсады тырысахæссæг къорд. Йæ фæстæ цæуы æртæ хуызы æфсады кадджын караулы ротæ: фистæг æфсад, уæлдæфон-космосон тыхтæ æмæ Хæстон-денджызон флоты ротæ. Алы æфсады хуыз дæр дзы у егъау механизмы иу хай, иумæ, æмдыхæй басæттæн кæмæн нæй, ахæм.

Хæсты ветерантæ æмæ бæрæгбоны уазджытæн арфæ ракодта Михаил Зусько:

— Ацы Кадджын бæрæгбоны иумæ баиу сты нæ цин æмæ хъыг. Абон мах бæрæг кæнæм, паддзахадон æмæ хи бинонты ‘хсæн зæрдылдаринаг чи у, ахæм бæрæгбон. Уыцы Уæлахиз ссис Уæрæсейы адæмты иудзинады нысан, — загъта 58-æм æфсады командæгæнæг æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта:

— Нæ адæмты иудзинады, Фыдыбæстæмæ уарзондзинады ис не ‘цæг тых æмæ нæ фидæн!

Уый фæстæ республикæйы цæрджытæн арфæ ракодта Сергей Меняйло:

— Абон мах не ‘ппæт дæр бæрæг кæнæм Цытджын бæрæгбон. Ацы Уæлахиз нæ фыдæлтæ балхæдтой сæ тугæй. Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ сыстадысты Ирыстоны хъæбатыр фырттæ æмæ чызджытæ. Гитлерон Германæн Цæгат Ирыстон бацахсын стратегион пъланæй нымад уыд тынг ахсджиагыл. Знаг бырста Грозна æмæ Бакуйы нефтмæ, фæлæ йын нæ республикæйыл ахизын нæ бантыст. Уæлахиз æрмæст хæсты быдырæй аразгæ нæ уыд, фæлæ фæсфронтæй дæр. Хистæр кары адæм, сылгоймæгтæ æмæ суанг сывæллæттæ дæр удуæлдай фæллой кодтой, цæмæй Советон æфсад мацы хъуагдзинæдтæ æййафа: хæринагæй, хъарм дзаума æмæ хæцæнгарзæй дæр. Тынг зын уыд Уæлахизмæ фæндаг. Фæлæ йыл нæ хистæртæ кадимæ ацыдысты. Уыдон бахъахъхъæдтой нæ бæстæйы сæрибарад æмæ хæдбарад. Махæн нæ хæс у уыцы стыр сгуыхтдзинад нæ зæрдыл дарын, бахъахъхъæнын æмæ йæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ дæттын. Цæгат Ирыстон ацы бонты ссис егъау æмæ хъæугæ акци «Посмотри на их лица»-йы иу хай. Плакаттæй нæм кæсынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ — Ирыстоны хъæбатыртæ. Махæй рох не сты сæ нæмттæ, се сгуыхтдзинæдтæ! Нæ сæртæ сæ бæрзæндты хæссæм! Нæ зынаргъ ветерантæ, бузныг уын зæгъын! Сымах нын стут лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинады дæнцæг! Сымах бахъахъхъæдтат нæ Фыдыбæстæ æмæ йæ уæззау хæсты фæстæ уæ удуæлдай фæллойæ ногæй йæ къæхтыл слæууын кодтат. Абон Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ сты хъæбатыртæн сæ цоты цот, сæ фыдæлты кад бæрзонд чи хæссы, 58-æм æфсады уыцы æфсæддонтæ, — загъта Сергей Меняйло.
Парады уыдысты барабанæй цæгъдджыты ротæ æмæ Цæгат Кавказы суворовон училищæйы парады архайджытæ.

Рахастой Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон тырыса, Уæлахизы тырысайы хуыз æмæ УФ-йы æфсады тырыса.

Парады цымыдисагдæр хай уыд хæстон техникæйы рацыд. Уыдоны ‘хсæн уыдысты БТРтæ, Т90 танктæ, минæтæ æхсæн комплекстæ, реактивон системæтæ — «Ураган».

Трибунæты бадтысты ветерантæ æмæ парадмæ лæмбынæг кастысты. Уыдоны руаджы ис абон нæ сæрмæ сыгъдæг арв. 79 цæгатирыстойнаг хæстонæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном, 12 дзы систы Кады ордены æххæст кавалертæ. Махæн нæ хæс у уыцы сгуыхтдзинад нæ зæрдыл дарын.

Ацы аз Уæлахизы бæрæгбон алагираг 95-аздзыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Алексей Шевченкойæн рауад уæлдай цымыдисагдæр. Уый ссис, проект «Мечтай со мной»-ы фæлгæты цы хæрзаудæн акци цыд — «Мечты победителей», уый архайæг. Уый тыххæй ветеран сæрмагондæй хуынд æрцыд Мæскуымæ, цæмæй æнусон артыл æмæ йæ æдзард хæстон æмбæлтты ингæныл дидинджытæ сæвæра. Алексей Мæскуыйы Сырх фæзы федта, нæ бæстæйы Цытджын Уæлахизы Парадмæ куыд цæттæ кæнынц, уый.

— Хæстмæ хæрзæрыгонæй ацыдтæн. Скъолайы нæ ахуыр кодтон, æнахуыргæндты та æфсадмæ нæ истой. Фæлæ уæддæр хæстæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ фæхæцыдтæн. Фыццаг зенитчик уыдтæн, уый фæстæ, Ленинграды æрхъулайы хæцгæйæ, æхстон пулеметæй. Уæлахизыл дæр уым сæмбæлдтæн. Фæлæ мын уæд мæ фыдыуæзæгмæ ссæуын нæ бантыст, уайтагъд нæ нæ бæстæйы скæсæйнаг арæнтæм аппæрстой — уым архайдтам советон-япойнаг хæсты, — зæгъы хæсты ветеран.

Фондз азы фæстæ Алексей æрыздæхт йæ райгуырæн Украинæмæ, фæлæ уый фæстæ йе ‘фсымæримæ араст Кавказмæ æмæ ам цæргæйæ баззад. Йæ амонд дæр ам ссардта.

Дурдураг Цалити Сафарби дæр хæстæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ фæхæцыд. Архайдта Сталинграды хæсты. Хæсты фæстæ та фæкуыста йæ райгуырæн хъæуы колхозы. Ныр дæр æнцад бадын нæ зоны, кæд ыл 100 азмæ æввахс цæуы, уæддæр нырма машинæйыл йæхæдæг бады. 8 майы, йæ фæндонмæ гæсгæ, Дур-Дуры Уæлахизы парк Сафарбийæн йæхи хардзæй рацарæзтой. Æрцауыгътой дзы, ацы хъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыцы хъæбатыр хæстонты хуызтæ. Уымæй уæлдай, проект «Мечтай со мной»-ы фæлгæты цы хæрзаудæн акци цыд — «Мечты победителей», уый фæрцы сæххæст ветераны бæллиц — Дур-Дуры Уæлахизы парчы æвæрд æрцыд, хæсты рæстæг Сафарби цавæр сармадзанæй (152 мм гаубица) æхста, ахæм. Уый уыд æхсызгон лæвар нæ кадджын хистæрæн.

Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ Цæгат Ирыстонæй ацыд 45 мин адæймагæй фылдæр. Уыдонæй алы дыккаг дæр йæ цард радта нæ бæстæйы сæраппонд. 72 æфсæддонæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. Уыдонæй дыууæйæ — æфсады инæлар Плиты Иссæ æмæ инæлар-майор Иван Фесин — дыууæ хатты.

Хæстон парад куы фæцис, уæд Сæрибары фæзмæ æрбамбырд сты нæ горæты цæрджытæ. Уым сæ бон уыд фенын хæстон техникæйы равдыст, æнæхъæн бон та дзы æвдыстой хæстон кинонывтæ.

Бæрæгбон ахицæн салютæй.

 

Гæбуаты Галинæ

Къамтæ систа

ХЪАЙЫРТЫ Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here