Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон — Дзæуджыхъæуы

0
226

Куыд иннæ азты, афтæ та ныр дæр 15 майы республикæ сбæрæг кодта Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Иудадзыгон фæткмæ гæсгæ, уыцы боны мадзæлттæ Дзæуджыхъæуы ацы хатт дæр райдыдтой нæ номдзыд поэт æмæ публицист, ирон адæмы сæрхъуызой Хетæгкаты Къостайы ингæныл дидинджытæ сæвæрынæй.

Ирон аргъуаны кæртмæ уыцы номарæн æмбырдмæ æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, республикæйы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнгтæ, республикæйы сфæлдыстадон интеллигенцийы, стæй дины æмæ æхсæнадон иугæндты минæвæрттæ æмæ ахуырдзау фæсивæд.

Фембæлды архайджытæм арфæйы ныхасимæ фæсидт Сергей Меняйло.

— Зынаргъ хæлæрттæ! Махæн абон у стыр бæрæгбон. Мах иудадзыгдæр нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, йе ‘нæмæлгæ «Ирон фæндыр»-ы Хетæгкаты Къоста йæ адæмы рæгъмæ цы ныстуантæ рахаста, уыдон. Сæ сæйрагдæр та у ирон культурæ æмæ æгъдæуттæн аргъ кæнын, мадæлон æвзаг уарзын æмæ йæ хъахъхъæнын. Мах, æмхъарутæй кусгæйæ, хъуамæ архайæм нæ райгуырæн къуымы, нæ адæмы дарддæры фæрныгадыл. Алцыдæр нæхицæй аразгæ у! Уыцы нысантыл зæрдиагæй куы кусæм, уæд Ирыстон дарддæр дæр рæздзæн, хъомысджындæр кæндзæн нæ мадæлон æвзаг, — фæнысан кодта республикæйы Сæргълæууæг.

Уый фæстæ æмбырды архайджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Къостайы цыртдзæвæныл.

Фембæлды архайдтой «Ирон аивадон ныхас»-ы республикон конкурсы уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Уыдон бакастысты æмдзæвгæтæ мадæлон æвзагыл.

Фæстæдæр Сергей Меняйло бабæрæг кодта Алайнаг гимназ. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы ахуырадон кусæндон байгом 2017 азы 1-æм дзæуджыхъæуккаг скъолайы бындурыл. Гимназы хъомылгæнинæгтæ предметты фылдæр хай ахуыр кæнынц ирон æвзагыл.

Республикæйы разамонæг бæрæгбоны арфæтæ ракодта гимназы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæн. Сергей Меняйлойæн цыбыр экскурси сарæзтой ахуырадон кабинеттыл, хореографион студийыл, æмдзæрæн æмæ гимназы иннæ дæлхайæдтыл. Уымæй уæлдай, республикæйы Сæргълæууæджы базонгæ кодтой ахуырадон процессы хицæндзинæдтимæ дæр.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн мадзæлттæ арæзт æрцыдысты республикæйы районты дæр.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы бæрæгбон Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр»-ы рацыды бонимæ (уыцы зæрдылдарæн цау æрцыд 1899 азы 15 майы) бастæй фидаргонд æрцыд 2003 азы. Бæрæггонд цæуы куыд Цæгат, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here