Сергей Меняйло — фабрикæ «Сандора»-йы

0
192

Акционерон æхсæнад «Военторг»-ы хайæдтæй иу æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Сандора» Дзæуджыхъæуы цы хуыйæн фабрик сарæзта, уый знон кадджын уавæры байгом кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло.

Фабрикæйы хуыйæн агъуыстытæ æмæ æвæрæн бынæтты иумæйаг фæзуат у 700 кв метры. Техникон æгъдауæй ифтонггонд æрцыд нырыккон кусæнгæрзтæй. Ис дзы станокты парк, автоматикон кæрдæн комплекс æмæ афтæ дарддæр. Уæлдай æхсызгондæр у уый, æмæ дзы 800 адæймагæй фылдæр кæй кусдзæн. Сæ хæс уыдзæн, УФ-йы Хъахъхъæнынады, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадтæн æмæ УФ-йы Генералон прокуратурæйæн алыхуызон æфсæддон дарæс хуыйын, паддзахадон заказтæ æххæст кæнын. Æппæт уавæртæ хынцгæйæ, бæлвырд у, сæ бон мæймæ 40 000 æфсæддон дарæсы, 15 мин къурткæйы, 250 мин майкæйы æмæ 25 мин хызыны бахуыйын кæй уыдзæн, уый.

Йæ арфæйы ныхасы Сергей Меняйло фæбæрæг кодта:

— «Сандора» у нырыккон, бонæй-бонмæ рæзгæ чи кæны, ахæм куыстуат. Æрвылбон дзы пайдагонд цæудзæн ногдæр технологитæ æмæ ноджы нырыккондæр ифтонггæрзтæй, — æмæ ма дарддæр йæ ныхасыл бафтыдта:

— Алы хъуыддаг дæр ног кахдзæф у размæ. Ацы фабрикæмæ куы бакæсæм, уæд стыр нæу, фæлæ йæ продукци хæццæ кæндзæн нæ бæстæйы æппæт æфсæддон хæйттæм дæр. Стыр бузныг зæгъын Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадæн æмæ «Военторг»-æн ахæм куыстуаты тыххæй. Нæ зæрдæ дарæм, республикæйы рæзтæн ма ноджы фылдæр нæ къухы кæй бафтдзæн.

Кадджын мадзалы ма архайдтой акционерон æхсæнад «Военторг»-ы генералон директор Владимир Павлов, УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады фæстауæрцон ифтонгады дзаумæтты управленийы сæргълæууæг Валерий Кудрявцев.

— Фабрикæйы хуыйджытæ фыццаг бон нæ кусынц, фæлæ абон сæ къухы цы бафтыд, уымæй сæрыстыр стæм. Ам куыст бæрзонд æмвæзадыл арæзт æрцыд, фæзынд дзы ног куысты бынæттæ. Ныр сымах стут егъау компани «Военторг»-ы иу хай. Æрæджы йыл сæххæст 100 азы, æмæ дарддæр дæр иузæрдионæй йæ хæстæ æххæст кæндзæн Фыдыбæстæйы раз, — фабрикæйы кусджытæн арфæ кæнгæйæ, загъта Владимир Павлов.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

Къамтæ систа

ХЪАЙЫРТЫ Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here