Боны фæткы — террористон фæзындтытæй хъахъхъæнынады фарстатæ

0
206

Сергей Меняйло дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд Террористон фæзындтытæ ма ‘руадзыны фарстаты фæдыл республикон къамис æмæ РЦИ-Аланийы Оперативон штабы иумæйаг æмбырд.

Фембæлды архайджытæ се ‘ргом цы хъуыддæгтæм аздæхтой, уыдонæй сæйрагдæр уыд, муниципалон скондты сæргълæуджытæ æмæ алыхуызон организацитæ æмæ кусæндæтты разамонджытæ террористон фæзындтытæй æдасдзинады домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уый.

Ныхасы архайдтой РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Челæхсаты Владимир, Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, республикæйы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Томайты Ирбег, Террористон фæзындтытæ ма ‘руадзыны фæдыл республикон къамисы аппараты разамонæг Олег Баранов, стæй тыхы ведомствæты минæвæрттæ æмæ муниципалон скондты разамонджытæ.

Къамисы уæнгтæ дзуаппон докладтæ скодтой, муниципалитеттæ æмæ организациты разамонджытæ раздæр бæрæггонд хъуагдзинæдтæ аиуварс кæныны нысанимæ цы мадзæлттæ сарæзтой, уый тыххæй. Уыимæ, къамисы уæнгтæ фæндон бахастой, цæмæй уæлдæр амынд æгъдаухæлдтытæ афойнадыл иуварс кæныныл ахадгæ мадзæлттæ чи нæ аразы, уыдон административон æгъдауæй карз æфхæрд цæуой.

Террористон фæзындтытæ ма ‘руадзыны, экстремизмы идеологийæн бынат ма ныууадзыны нысанимæ цы профилактикон куыст цæуы, уый тыххæй уыд йæ раныхас РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады Экстремизмы ныхмæ архайды центры хицау Гæдиаты Асланæн. Уыцы куысты хицæндзинæдтыл бæстон æрлæугæйæ, Гæдиайы-фырт сæрмагондæй фæбæрæг кодта, æппæт фарстаты фæдыл дæр иннæ барадхъахъхъæнæг оргæнтимæ æргом æмархайд кæй кæнынц, уый.

Барадхъахъхъæнæг æмæ тыхы ведомствæты минæвæртты докладтæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй иудадзыгон бæстон цæстдард хъуамæ уа профилактикон куыстмæ, цæмæй Цæгат Ирыстоны цæрджытæ хызт уой терроризмы идеологийы тæвагæй.

— Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыддаг æрмæст барадхъахъхъæнæг оргæнтæй аразгæ нæу. Фарстамæ, хицауады оргæнтæй уæлдай, се ‘ргом хъуамæ здахой æхсæнадон организацитæ æмæ æндæр дзыллон иугæндтæ дæр. Уыдоны хъæппæрисджын архайд зынгæ фæхъомысджындæр кæндзæн террористон æмæ экстремистон фæзындтыты ныхмæ профилактикон куыст, — загъта республикæйы разамонæг.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here