РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указ: санитарон-эпидемиологон цæстдарды мадзæлттæ фæахадгæдæр кæныны фæдыл

0
177

Сæвзæргæ эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло 22 июны цы Указ бафыста, уымæй иуцасдæр фæкарздæр сты уæлæмхасæн санитарон цæстдарды мадзæлттæ. Указы уагæвæрдтæ æххæст кæныны фарстатыл ныхас цыд Коронавирусы инфекци парахатдæр кæнынæн гæрæнтæ æвæрыны фарстаты фæдыл республикон штабы радон æмбырды.

 

Фембæлды райдайæны республикæйы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй «Роспотребнадзор»-ы регионалон управлени, эпидемиологон уавæры æвзæрæрдæм ивддзинæдтæ хынцгæйæ, фæндон бахаста, цæмæй санитарон цæстдарды уæлæмхасæн мадзæлттæ иуцасдæр фæкарздæр уой.

— Уыцы фæндæттыл бæстон æрдзырдтам, фарстайы фæдыл æрныхас кодтам æппæт профилон ведомствæты минæвæрттимæ дæр. Афтæмæй æз бафыстон санитарон-эпидемиологон цæстдарды мадзæлттæ иуцасдæр фæахадгæдæр кæныны тыххæй Указ. Уыимæ, республикæйы æппæт цæрджытæм дæр сидын, цæмæй бæстон æххæст кæной санитарон æдасдзинады домæнтæ. Уыцы æууæл фадат ратдзæн, цæмæй карз низ ногæй йæ хъаруйы ма уал бацæуа, — бафиппайдта Сергей Меняйло.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы Указы бындурыл 23 июнæй фæстæмæ сæ тыхы бацыдысты ахæм рæстæгмæйы мадзæлттæ:

— æхсæнадон хæлцады кусæндæттæ хъуамæ кусой æрмæстдæр 6 сахатæй 23 сахаты онг (ацы уагæвæрд нæ хауы, хойраг хæдзармæ хæссынæн чи цæттæ кæны, уыцы хæрæндæттæ æмæ кафетæм);

— рæстæгмæ хъуамæ урæд æрцæуа, базарадон центрты цы хъазæн æмæ хиирхæфсæн центртæ ис, уыдоны куыст;

— кинотеатртæ, театртæ æмæ концертон залтæн кусæн ис æрмæстдæр ахæм фæткмæ гæсгæ: залы цы бадæн бынæттæ ис, уыдонæн сæ 50 проценты хъуамæ уой уæгъд;

— организацитæ æмæ кусæндæтты разамонджытæн амынд цæуы, цæмæй, 65 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, стæй, алыхуызон хроникон низтæ кæй тыхсын кæнынц, уыцы адæмы ногæй раивой дæрддзæфмæ куысты уагæвæрдмæ.

Уыимæ, республикæйы дарддæр сæ тыхы сты маскæтæ дарын æмæ санитарон хииппæрддзинады фæтк дæр.

Уымæй уæлдай, Указы куыд загъд ис, афтæмæй хицауады æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæ хъуамæ ахадгæ уæлæмхасæн мадзæлттæ саразой карз низы ныхмæ тохы хъуыддаджы. Документы бындурыл регионалон профилон ведомствæты сбæлвырд кæндзысты, уæлдæрамынд уагæвæрдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ цæстдарæг кусджыты номхыгъдтæ. Уыдоны хæс уыдзæн, алыхуызон æгъдаухæлдтытæ рабæрæг кæнгæйæ, административон протоколтæ аразын.

Сергей Меняйло профилон ведомствæты разамонджыты æргом сæрмагондæй аздæхта цæстдарды мадзæлттæм.

— Æрмæстдæр иумæйаг хъарутæй бафтдзæн нæ къухы коронавирусы хъомыс асæттын. Уыцы нысаныл кусгæйæ, алкæмæй дæр домын бæрнондзинад æмæ бæстон февнæлд, — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Штабы уæнгтæ зæрдыл ногæй æрлæууын кодтой: бæрзонд цæттæдзинады уагæвæрд цалынмæ йæ тыхы уа, уæдмæ санитарон æдасдзинады домæнтæ фехалыны тыххæй адæм иваргонд цæудзысты. Зæгъæм, рæстæгмæ фидаргонд фæтк гуымиры хуызы халыны тыххæй хицæн адæймæгтæ иваргонд цæудзысты 1-30 мин сомæй, бæрнон кусджытæ — 10-50 мин сомæй, амалхъомадон чысыл кусæндæттæ — 30-50 мин сомæй æмæ юридикон организацитæ — 100-300 мин сомæй.

Республикæйы медицинон кусæндæттæ ныртæккæ сæ архайд куыд аразынц, уый тыххæй уыд йæ раныхас æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тебиаты Сосланæн. Ведомствæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, фæстаг бонты иуцасдæр фæфылдæр коронавирусæй рынчынты нымæц.

Сергей Меняйло цæстдарæг ведомствæты разамонджыты æргом аздæхта вакцинацийы фарстамæ дæр. Уый профилон структурæты бæрнон кусджытæн бахæс кодта, цæмæй фæахадгæдæр кæной вакцинацийы фæдыл рухстауæн-æмбарынгæнæн куыст.

Республикæйы разамонæг сæрмагонд амынддзинæдтæ радта медицинон кусæндæтты сæйраг дохтыртæн дæр.

Штабы уæнгтæ æркастысты æндæр ахсджиаг фарстатæм дæр.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы

æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here