Ахсджиаг фæндæттæ

0
152

Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев кæй амыдта, уыцы советы æмбырды æхсайæ фылдæр федералон æмæ республикон закъонты проекттæ равзæрстой.

 

Закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитет советмæ цы акттæ рахаста, уыдонимæ уыд нæ республикæйы Центрон æвзарæн къамисы закъоны проект. Комитеты сæрдар Ортабайты Тимур куыд бацамыдта, афтæмæй бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм æвзарæн нæй, тæрхондон йæ архайд экстремистон кæнæ террористон кæмæн банымадта, уыцы æхсæнадон æмæ дины организациты уæнгтæн.

Уæрæсейы Хицауад фæндон рахаста, цæмæй Административон барадхæлдтыты тыххæй кодексмæ бахæссой ивддзинæдтæ. Уыдонмæ гæсгæ, алименттæ чи нæ фиды, кæнæ сæ афойнадыл чи не ‘рвиты, уыцы адæм хъуамæ барадон æгъдауæй дзуапп дæттой.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг Гаглойты Алан куыд бацамыдта, афтæмæй бирæуæладзыгон хæдзæрттæ нымад æрцыдысты культурон объекттыл, нæй сæ халæн, сæ бахъахъхъæныны тыххæй бæрнондзинад æвæрд цæуы. Сæ иумæйаг фæзуатмæ базилынæн бюджетæй фæрæзтæ дихгонд æрцæудзысты. Ацы закъоны проект æрæрвыста Паддзахадон Думæ.

Наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева рæгъмæ рахаста «Ахуырады тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл проект. Бацæттæ йæ кодтой Паддзахадон Думæйы депутаттæ. Техникуммæ, колледжмæ конкурсы бындурыл бацæуыны фæнд кæмæ ис, уыцы ахуырдзаутæн хъуамæ уа кæронбæттæн аттестаци скæныны фадат. Уыимæ, аттестацимæ бауадздзысты, æххæстæй 9-æм æмæ 10-æм кълæстæ чи фæцис, уыдоны.

Парламенты Сæрдары хæдивæг Кучиты Гари цы акттыл æрдзырдта, уыдонимæ уыд, бирæсывæллонджын бинонтæн зæхх радих кæныны бæсты æхца дæттыны уагæвæрды тыххæй закъоны проект. Уæрæсейы субъектты æмбæлгæ зæххы хай куы нæ уа, уæд регионы хицауадæн сæ бон у бирæсывæллонджын бинонтæн зæххы сертификат радтын. Паддзахадон Думæйы депутаттæ куыд нымайынц, афтæмæй уымæй бирæсывæллонджын бинонтæн сæ цард фæхуыздæр уыдзæн.

Социалон ахадындзинадимæ хъæппæристæ рахаста социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Æнæ рады лæугæйæ, медицинон кусæндæттæй æххуыс райсын сæ бон уыдзæн инвалид сывæллæттæн, ахæм бартæ хауынц фыццаг æмæ дыккаг къорды инвалидтæм дæр. Советы уæнгтæ сразы сты, Федерацийы Советы сенатортæ цы закъоны проектыл бакуыстой, уыимæ дæр. Проект инвалид сывæллæттæ æмæ æнахъомты социалон бартæ хъахъхъæны.

Советы æмбырды ма равзæрстой æндæр закъонты проекттæ дæр, æрныхас кодтой ахсджиаг фарстатыл.

 

РЦИ-Аланийы
Парламенты
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here