“Адæмы æууæнчы аккаг уæвын хъæуы”

0
217

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойæн фембæлд уыд, Цæгат Ирыстоны Парламент æмæ муниципалон скондты минæварадон æмбырдты куысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы номæй чи архайы, уыцы депутаттимæ.

 

Парламентаритæн йæ ныстуантæ дæтгæйæ, Сергей Меняйло фæсидт, цæмæй депутаттæй алчидæр йæ æвзарджыты раз дзуапп радта йæ закъонæвæрынады архайды, стæй, адæмы æрвылбоны царды фарстатæ лыг кæныныл куыд бакуыста, уый тыххæй. Уыимæ, ахæм фембæлдтыты рæстæг фæбæрæг кæнын хъæуы республикæйы цæрджыты фæндæттæ æмæ тыхстаг фарстатæ.

УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутатты æвзæрстытæм цæттæ кæныныл дзургæйæ, республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй хъæлæскæнынад æмæ уый агъоммæ æппæт организацион мадзæлттæ дæр хъуамæ арæзт цæуой закъонæвæрынады уагæвæрдты бындурыл, æргом æмæ æнаипп фæткыл.

Æмбырды куыд загъдæуыд, афтæмæй сæ депутатон архайды фæдыл ныридæгæн дзуаппон æмгъуыдтæ аразын райдыдтой УФ-йы Паддзахадон Думæйы Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ — Таймазты Артур æмæ Мæхъиты Зураб. Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ, уыдоны дæнцæгæй хъуамæ спайда кæной РЦИ-Аланийы Парламент æмæ бынæттон минæварадон оргæнты депутаттæ дæр. Цæгат Ирыстоны разамонæг фембæлды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, минæварадон оргæнты уæнгтæ æвзарджытимæ иудадзыгон бастдзинæдтæ кæй хъуамæ дарой, уый.

— Адæмимæ æнгом æмархайд кæнын хъæуы. Районтæм балцытæй иуы рæстæг бынæттон цæрджытæй фехъуыстон, æвзæрстытæм зæрдиагæй кæй æнхъæлмæ кæсынц, уый. Куы сæ бафарстон «цæмæн?», уæд мын радтой ахæм дзуапп: «Депутатты бынæттæм чи тырны, уыцы адæмæй алыхуызон æххуыстæ ракурæн уыдзæн». Вæййы ахæм уавæр дæр, æмæ депутаттæ æвзарæн зылдты фæзынынц æрмæстдæр хъæлæс кæныны агъоммæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм цаутæн бынат хъуамæ ма уа. Алкæцы депутат дæр хъуамæ йæ зæрдыл дара, адæмы раз бæрнондзинад кæй хæссы, уый. Партийы минæвæрттæн РЦИ-Аланийы Парламент æмæ бынæттон хиуынаффæйады минæварадон оргæнты цы фракцитæ ис, уыдоны разамонджытæм сидын, цæмæй алкæцы депутатмæ дæр фæхæццæ кæной æвзарджытимæ дзуаппон фембæлдтытæ саразыны хъуыды. Адæм сымахыл се ‘ууæнк бафтыдтой, æмæ алкæцы политик дæр уыцы æууæнчы аккаг хъуамæ уа, — загъта Сергей Меняйло.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here