Боны фæткы — финансон нывылдзинады фарстатæ

0
197

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойы Указæй знон республикæйы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй нысангонд æрцыд Исахъты Олег. Уыцы бон республикæйы разамонæгæн уыд фыццаг кусæг фембæлд дæр ведомствæйы ног хицауимæ.


Фембæлды райдайæны Сергей Меняйло фæбæрæг кодта, хæстæгдæр рæстæг сæйрагдæр æргом цавæр финансон фарстатæм аздахын хъæудзæн, уый.

— Куысты фæлтæрддзинад кæмæ ис, республикæйы фæрныгадыл архайдмæ цæттæ чи у, ахæм адæм ныртæккæ æнæмæнгхъæугæ сты. Дæумæ цы дæсныдзинад æмæ фæлтæрддзинад ис, уыдон дын, мæнмæ гæсгæ, фадат дæттынц, цæмæй ацы бæрнон бынаты æнтыстджынæй бакусай, — бафиппайдта Сергей Меняйло.

Республикæйы Сæргълæууæг ведомствæйы ног разамонæджы æргом аздæхта республикон бюджеты нывылдзинады фарстатæм, стæй æндæр финансон хъуыддæгтæм. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, уæлдай лæмбынæг цæстдард хъуамæ уа, бюджеты фæрæзтæ куыд хардзгонд цæуынц, уымæ. Уыимæ, хæстæгдæр рæстæг куыст райдайдзæн 2022 азы республикон бюджеты проектыл дæр. Уыцы æууæл хынцгæйæ, республикæйы разамонæг Исахъты Олегæн бахæс кодта, цæмæй ведомствæйы специалисттæ стырдæр æргом аздахой фидæн азы бюджеты уагæвæрдтæ бæрнон æмæ бæстонæй бацæттæ кæнынмæ. Уыимæ, Финансты министрад бюджетон процесс æмæ иннæ фарстаты йæ архайд ноджы æнгомдæр бадæтта Хъалонты службæ æмæ иннæ профилон ведомствæтимæ.

Исахъты Олег йæ хъуыдытæ фæбæлвырд кодта æмбырды боны фæткы фарстаты фæдыл, стæй куыд загъта, афтæмæй цæттæ у Цæгат Ирыстоны дарддæры социалон-экономикон райрæзты хъуыддагыл бакусынмæ. «Бузныг, ахæм æууæнк мæм кæй равдыстай, уый тыххæй. Æппæт хъарутæй дæр бацархайдзынæн, цæмæй уыцы æууæнчы аккаг уон», — зæрдæ бавæрдта финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here