Цæмæй цæрæнуæттæ асламдæр суой

0
176

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло профилон ведомствæты разамонджытимæ цы фембæлд сарæзта, уым бахæс кодта адæмы хицæн категоритæн цæрæнуæттæ асламдæр аргъæй уæй кæныны сæрмагонд республикон программæ саразын.

 

Арæзтад æмæ архитектурæйы æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрадты, стæй Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрнон кусджытимæ республикæйы разамонæг æрдзырдта ахæм сæрмагонд республикон программæйы фæлгæты цæрæнуæттæ аразын æмæ сæ адæмæн дæттыны фарстатыл.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константины ныхасмæ гæсгæ, 2022 азы ахæм программæйы фæлгæты, ома, асламдæр аргъæй, нысангонд цæуы цæрæнуæтты 93 мин квадратон метры арæзтад.

— Цæрæнуаты иу квадратон метры льготон аргъ хъуамæ хорзæрдæм сахада цæрæнуæтты базарадыл. Нæ зæрдæ дарæм, уыцы программæйы фæлгæты адæмы иуæй-иу категоритæн цæрæнуаты квадратон метры аргъ 20-25 проценты къаддæр кæй уыдзæн, ууыл. Уымæй уæлдай, бирæсывæллонджын бинонтæн ипотекон кредит бафидынæн дæр лæвæрд цæудзæн паддзахадон субсиди, — загъта Моргуайы-фырт.

Адæмы уыцы льготон категоритæм чи хауы, уый тыххæй дзургæйæ, министр ранымадта, сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæргæнинаг кæмæн сты, уыцы бирæсывæллонджын бинонты, сахъат сывæллæттæ кæм хъомыл кæны, уыцы бинонты, стæй æндæр ахæмты. Уæлдæр амынд программæйы архайыны фадат уыдзæнис, йæ царды уавæртæ фæхуыздæргæнинагыл кæмæн банымадтой, уыцы адæмæн. Уыимæ, зæгъæм, бирæсывæллонджын бинонтæн цæрæнуаты квадратон метры аргъ уыдзæн ноджы асламдæр.

Профилон ведомствæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ райдыдтой фидæны программæйы архайджыты номхыгъд аразын æмæ подрядон организацитæ æвзарын.

— Сæрмагондæй зæгъын хъæуы, ацы проектæн уæлдай социалон нысаниуæг кæй ис, уый. Махæн нæ иумæйаг хæс у, цæмæй адæмы льготон категоритæн уа аслам цæрæнуæттæ райсыны фадат, — фæнысан кодта Сергей Меняйло.

Фембæлды архайджытæ æркастысты æндæр ахсджиаг фарстатæм дæр.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here