Боны фæткы — Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты программæ

0
201

Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойæн фембæлд уыд Уæрæсейы Президенты æххуысгæнæг Максим Орешкинимæ. Ныхасы сæйраг фарста уыд республикæйы дарддæры социалон-экономикон рæзты программæ бацæттæ кæнын.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ахæм комплексон программæ бацæттæ кæныны хъæппæрис равдыста Сергей Меняйло. Уыцы фæндон Президент Владимир Путин хорзыл банымадта æмæ зæрдæ бавæрдта, программæ æххæст кæныны хъуыддаджы федералон центры ‘рдыгæй республикæйæн æппæтвæрсыг æххуыс кæй уыдзæн, уымæй.

Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй программæйы сæ бынат бацахсдзысты фыццаградон национ проекттæ æххæст кæныны, республикæйы промышленносты, хъæууон хæдзарады, туризмы, логистикæйы, спорт æмæ иннæ къабæзты райрæзты мадзæлттæ. Уыимæ, программæйы проект ацы азы кæронмæ хъуамæ сцæттæ уа.

Фидæны программæйыл дзургæйæ, Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй, зæгъæм, Цæгат Ирыстоны туризмы райрæзтæн ис хорз æрдзон фадæттæ, азæй-азмæ рæзы, республикæмæ йæ фæллад уадзынмæ чи саккаг кæны, уыцы адæмы нымæц. Уыимæ, ацы къабазы хъомысыл зынгæ бафтауынæн ахъаз уаид райрæзты сæрмагонд пълан. Фембæлды архайджытæ куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй республикæйы туризмы къабазы архайды нормативон-барадон бындур бацæттæ кæнынæн сараздзысты иумæйаг мадзæлттæ. Уыдоны фæрцы фадат фæзындзæн, цæмæй республикæйы æххæстгонд цæуой туризмы райрæзты федералон программæйы уагæвæрдтæ.

Сергей Меняйло æмæ Максим Орешкин сæрмагонд æргом аздæхтой ахсджиаг социалон объектты арæзтадмæ дæр. Ныхасы бынат разынд тарнизы ныхмæ сывæллæтты диспансеры, Пульмонологон æххуысы республикон центры, спорты галуан «Манеж» æмæ иннæ ахсджиаг объектты цалцæгæн.

Зындгонд куыд у, афтæмæй УФ-йы Президент Владимир Путины амынддзинадмæ гæсгæ, куыст цæуы горæт Беслæны райрæзты генералон пълан æххæст кæныныл дæр. Бæрæг куыд у, афтæмæй 2025 азы онг горæты хъуамæ арæзт æрцæуой Тагъд медицинон æххуысы станцæ, номарæн комплекс «Зæдты горæт», аивадон æмæ музыкалон скъолатæ, æвзонг техниктæ æмæ натуралистты станцæтæ… Уыцы æмгъуыдмæ цалцæггонд хъуамæ æрцæуой стадион «Пищевик», поликлиникæ, æндæр социалон объекттæ. Фембæлды архайджытæ æркастысты, ацы объекттыл арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уымæ дæр.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here