Дзæуджыхъæуы фидауц —трамвайтæ

0
161

Уæрæсейы алы горæтæн дæр ис, адæймаг æй фыццаг бакастæй дæр цæмæ гæсгæ базоны æмæ горæтæн йæ фидауц чи свæййы, ахæм бæрæггæнæнтæ. Дзæуджыхъæуæн уыдон сты трамвайтæ. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты уынгты трамвайтæ нал цæуынц, зæгъгæ, ахæм хъуыды дзæуджыхъæуккæгтæ сæхимæ хæстæг дæр нæ уадзынц.

 

Фæлæ а фæстаг рæстæг нæ горæты трамвайты хæдзарады уавæр ссис сагъæссаг æмæ дзырддаг. Уымæ гæсгæ, уавæр базоныны æмæ фарста цæхгæр алыг кæныны тыххæй трамвайты депо знон бабæрæг кодта Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Йемæ уыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Фæдзайты Æхсарбег, паддзахадон исбонадон æмæ зæххы ахастыты фæдыл министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тедеты Руслан, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав æмæ иннæ бæрнон кусджытæ.

Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы фæзындзæн 45 ног трамвайы: 10 — ацы азы кæронмæ, 35 та — ног аз. «Уыцы ног вагæттæ горæты уынгтæм цæмæй рацæуой, уымæ трамвайты хæдзарад цæттæ у æви нæ, æмæ, кæд нæ, уæд цы саразын хъæуы цыбыр рæстæгмæ, дзæгъæл лæуд цæмæй ма кæной, уымæн? Стæй, трамвайты хæдзарад рацаразынæн ацы азмæ цавæр пълантæ уыд?» — уыдысты Сергей Меняйлойы карз фарстытæ депойы директор æмæ йæ сæйраг инженермæ.

Трамвайты депойы разамонæг Бæдоаты Хазби куыд бамбарын кодта, афтæмæй рацаразинаг сты, трамвайтæ цы фæндæгтыл цæуынц, уыдон, цалцæггæнинаг — хызæгты бæстытæ, раивинаг — электрон тых вагæттæм хæццæгæнæг дæлстанцæтæ, уыдон æдæппæт сты фондз. Æппæт куыстыты хæрдзтæ сты 1,5 миллиард сомæй фылдæр, рæстæг та домынц, Бæдойы-фырты ныхасмæ гæсгæ, æртæ-фондз азы.

Республикæйы разамонæг ахæм æмгъуыдимæ разы нæ уыд, æмæ æрдомдта, хæрзцыбыр рæстæгмæ куыстыты бæлвырд пълан бацæттæ кæнын: кæцы участоктæ домынц рацарæзт ацы азы кæронмæ, кæцытæ та — ног аз, километртæй нымæйгайæ, цас сты æмæ афтæ дарддæр, къæпхæнгай.

Трамвайты депо, хызæгты бæстытæ, вагæттæ сæхæдæг — алкæцы дæр сæ бахауд хицæн къухтæм. Хæдзарад цæмæн ныххæлæттаг, уый у хицæн ныхасы аккаг. Фæлæ трамвайты хæдзарад ногæй йæ къæхтыл слæууын кæныны хъуыддаджы уыцы хицæуттæ разындысты æмзонд, равдыстой æмвæнддзинад æмæ æппæт уыцы исбон фæстæмæ алæвæрдтой горæты исбонадмæ.

— Цы ног трамвайтæ нæм фæзындзæн, уыдон æлхæд сты федералон æхцаты хардзæй, сæ иуы аргъ у 37 милуан сомы. Иннæ регионтæ сæ сæхæдæг балхæнынц, лизинг æмæ æххуысы æндæр фæрæзтæй спайда кæнгæйæ, махæн та сты лæвар. Æмæ ныр уыцы вагæттæ Дзæуджыхъæуы уынгты æнæкъуылымпыйæ цæмæй ацæуой, ууыл хъуамæ дысвæлдæхтæй бакусæм, — загъта Сергей Меняйло æмæ комкоммæ хæстæ сæвæрдта фарстайыл алы бæрнон адæймаджы размæ дæр, цæмæй Дзæуджыхъæуы æнæкъуылымпытæй куса, горæтæгтæ бирæ кæй уарзынц æмæ, социалон æгъдауæй ахсджиаг чи у, уыцы транспорт — трамвайтæ.

Æнæзæгъгæ нæй, горæты уынгтыл ног трамвайтæ цæуын куы райдайой, уæд сæ фæндаггаджы аргъ нæ фæфылдæр уыдзæн æмæ баззайдзæн, ныр куыд у, афтæмæй.

Дедегкаты Зæлинæ
Къамтæ систа
Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here