Горæтгæрон районы дарддæры социалон-экономикон райрæзты фарстатæ

0
190

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз Октябрыхъæуы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæн цы уæрæх æмбырд сарæзта, уым ныхас цыд Горæтгæрон районы дарддæры социалон-экономикон райрæзтыл.

 

Фембæлды райдайæны муниципалитеты администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан доклад скодта ивгъуыд азы районы социалон-экономикон архайды бæрæггæнæнты тыххæй. Есийы-фырты ныхасмæ гæсгæ, коронавирусы пандемийы аххосæй сæвзæргæ эпидемиологон уавæр иуцасдæр фæкъуыхцы кодта социалон-экономикон архайд. Уыимæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, районы адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл куыст адарддæр. Зæгъæм, муниципалон оргæнтæ гæнæн æмæ амалæй адарддæр кодтой алыхуызон программæты уагæвæрдтæ æххæст кæныныл архайд. Афтæ, зæгъæм, паддзахадон социалон æххуысы программæ «Мæгуырдзинадимæ тох»-ы фæлгæты ивгъуыд аз сæрмагонд субсидитæ фæйнæ 250 мин сомы бæрцæй радих кодтой 65 цыбыркъух бинонтæн. Уыцы æххуысы фæрцы адæм амалхъомадон куысты балæууыдысты æмæ хидарынхъом фесты.

Есиаты Руслан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, район алыхуызон паддзахадон программæты уæрæх кæй архайы, уый фæрцы хуыздæрæрдæм ивы социалон инфраструктурæ. Афтæ, районы арæзт æмæ цалцæггонд æрцыдысты ахуырады, æнæниздзинады, культурæ æмæ спорты дæсгай объекттæ. Æмæ уыцы куыст адарддæр кæндзысты.

Профилон ведомствæтæ æмæ муниципалитеты кусджытæ стыр æргом аздахынц фыццаградон национ проектты уагæвæрдтæ æххæст кæнынмæ дæр.

Афтæ, 2021 азы кæронмæ национ проект «Демографи»-йы фæлгæты скъолайы агъоммæ ахуырад æмæ хъомылады кусæндæттæ арæзт æрцæудзысты Джызæлы, Чермены, Дæллаг Саниба æмæ Ногхъæуы (алкæцыйы дæр уыдзæн 120 бынаты). Уымæй уæлдай, Чермены хъуамæ байгом уа, 360 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъола дæр. Æрхонкæйы 1-æм скъола æмæ Куырттатты хъæуы спортивон залты цалцæг дæр кæронмæ фæхæццæ кæны.

Фыццаградон национ проект «Культурæ»-йы фæткмæ гæсгæ та бындурон æгъдауæй цалцæг кæнынц Сунжæ æмæ Майскæйы культурæйы хæдзæрттæ. Ацы проекты фæлгæты 2022 азмæ нысангонд цæуы Дæллаг Санибайы Культурæйы хæдзары арæзтад. Уымæй уæлдай, уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт æрцæудзæн хъæууон культурæйы хæдзæртты материалон-техникон ифтонгад фæхъомысджындæр кæнынæн.

Районы ахадгæ куыстытæ конд æрцыд национ проект «Æнæниздзинад хъахъхъæнынад»-ы фæлгæты дæр. Михайловскæйы æмæ Майскæйы кусын райдыдтой нырыккон амбулаторитæ, фараст хъæууон цæрæн бынаты та (Дæргъæвсы, Дæллаг æмæ Уæллаг Санибайы, Комгæроны, Хъæрмæдоны, Алханчурты, Донгæроны, Зæронд Саниба æмæ Куырттаты) та байгом сты фелсырон-акушерон пункттæ. Бындурон рацарæзты фæстæ ногæй байгом сты Æрхонкæйы рынчындон æмæ Чермены хъæуы амбулатори дæр. Октябрыхъæуы поликлиникæйы рацарæзт та дарддæр цæуы. Фидæн азы пъланты та ис Джызæл æмæ Ногиры амбулаториты бындурон цалцæг.

Уыцы нысантæй уæлдай, районы бакусдзысты æндæр лыггæнинаг фарстатыл дæр. Афтæ, муниципалон фæндæгты цалцæгæн 2021 азы нысангонд цæуы 27 милуан сомы бæрц.

Ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ æмæ дарддæры архайды нысанты фæдыл хатдзæгтæ кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй районы царды æппæт къабæзты дæр зынынц хуыздæрæрдæм ивддзинæдтæ. Хъомысджындæр кæны ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, культурæ æмæ иннæ къабæзты архайд.

— Уыимæ, эксплуатацимæ цы ног социалон объекттæ лæвæрд цæуы (скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, амбулаторитæ æмæ афтæ дарддæр), уыдон афойнадыл скусын кæнынæн хъуамæ арæзт цæуа ахадгæ мадзæлттæ, — загъта Тускъайы-фырт.

Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг хорзыл банымадта, бюджетон политикæйы къабазы муниципалитеты разамынд цы куыст кæны, уый дæр. Уыимæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, уæлæмхасæн мадзæлттæ аразын хъæуы, цæмæй районы бюджеты æфтиæгтæ ноджыдæр сырæзой. Тускъаты Таймураз сæрмагонд æргом аздæхта коронавирусы пандемиимæ бастæй сæвзæргæ эпидемиологон уавæрмæ дæр. «Уавæр нырма зæрдæзæгъгæ нæу. Уыцы æууæл хынцгæйæ, дарддæр дæр бæстон æххæст кæнын хъæуы санитарон-эпидемиологон цæстдарды æппæт мадзæлттæ дæр», — бафиппайдта Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг.

Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

Зæгъын хъæуы, Горæтгæрон район республикæйы муниципалон скондты стырдæр (йæ фæзуатмæ, стæй йæ цæрджыты нымæцмæ гæсгæ дæр — цæры дзы 100 мин адæймагæй фылдæр) кæй у, уый дæр.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here