Хъæлæс кæныны æппæтуæрæсеон бонмæ цæттæдзинад

0
194

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойæн фембæлд уыд Уæрæсейы Либералон-демократон партийы цæгатирыстойнаг регионалон хайады координатор Бестауты Сосланимæ.

 

 

Ныхасы архайджытæ се ‘ргом аздæхтой УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутаттæ æмæ республикæйы иуæй-иу муниципалон скондты минæварадон æмбырдты уæнгты æвзæрстытæм (зындгонд куыд у, афтæмæй уыдон уыдзысты Хъæлæс кæныны æппæтуæрæсеон бон — 2021 азы 19 сентябры) цæттæдзинады фарстатæм.

Сергей Меняйло йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæ æмæ æппæт бæстæйы дарддæры хъомысджын райрæзты сæраппонд хъуамæ æппæт политикон тыхтæ дæр сæ хъарутæ æрбангом кæной, иумæйагæй бакусой уæрæсейæгты фæрныгадыл. Республикæйы разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, ахсджиаг у, цæмæй æвзарæн кампани уа рæстаг æмæ æргом фæткыл арæзт, цæмæй æппæт партитæ æмæ æхсæнадон иугæндтæн фадат уа сæ программæтæ æвзарджытæм фæхæццæ кæнынæн. Уыимæ, Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, политикон программæтæ цæттæ кæнгæйæ, архайын хъæуы, цæмæй уыдоны уагæвæрдтæ гæнæн æмæ амалæй дзуапп дæттой регионы цæрджыты домæнтæн, комкоммæ ахадой бынæттон царды фæрныгадыл.

Зындгонд куыд у, афтæмæй æвзарæн кампанимæ цæттæ кæныны фæткы бындурыл Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фембæлдтытæ аразы политикон партиты регионалон хайæдты раздзогтимæ. Афтæ, амæй размæ Сергей Меняйлойæн ахæм фембæлдтытæ уыд партитæ «Иугонд Уæрæсе» æмæ «Рæстаг Уæрæсе — Патриоттæ — Рæстдзинады сæраппонд»-ы хайæдты минæвæрттимæ.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

 

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here