Контролон-цæстдарæн архайд, бынæттон хиуынаффæйады райрæзт æмæ æндæр фарстатæ

0
173

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло архайдта Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары цур кусæг советы радон æмбырды. Президенты минæвар Юрий Чайкайы разамындæй советы уæнгтæ æркастысты федералон зылды царды ахсджиаг фарстатæм.

 

Видеоконференцийы бастдзинады фæрцы æмбырды архайдтой УФ-йы экономикон рæзты министр Максим Решетников, УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдары хæдивæг Ольгæ Тимофеева, Уæрæсейы Президенты Администрацийы мидбæстон политикæйы фарстаты фæдыл управленийы хицауы хæдивæг Владимир Мазур, стæй æндæр федералон министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттæ.

Æмбырды райдайæны Юрий Чайка зæрдыл æрлæууын кодта, 2021 азы контролон-цæстдарæн архайды рацарæзт кæй райдыдта, уый. Йæ ныхасмæ гæсгæ, азы кæронмæ хъуамæ сæ тыхы бацæуой контролон-цæстдарæн уагæвæрды куысты ногдзинæдтæ. Уыцы æппæт закъонæвæрынадон-барадон ногдзинæдты сæйрагдæр нысан у регионы цардыл хорзæрдæм ахадын.

— Уыцы ногдзинæдтæ уæлдай ахсджиагдæр сты Цæгат Кавказæн. Уымæн æмæ контролон-цæстдарæн архайды бæстон уагæвæрдтæ ахъаз кæнынц бизнесы æргомдзинад бæрзонддæр кæнынæн, экономикæйы къабæзты архайды дарддæры нывылдзинадæн. Уыимæ, контролон-цæстдарæн мадзæлттæ фæбæстондæр кæныны уагæвæрд промышленност æмæ бизнесы компаниты хъуамæ суæгъд кæна уæлдай æнæхъæугæ цæстдардæй. Уыцы æууæл, кæй зæгъын æй хъæуы, куыстадон компанитæ æмæ бизнесы æнæкъуыхцы архайдæн фæахъаз уыдзæн, — бафиппайдта Юрий Чайка.

Хицауады регионалон æмæ муниципалон оргæнты архайды фарстатыл дзургæйæ, Президенты минæвар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй 2020 азы Уæрæсейы Конституцимæ цы ивддзинæдтæ хаст æрцыд. уыдон дæр иуцасдæр фæбæлвырддæр кодтой, бынæттон хиуынаффæйады оргæнты æххæстбарджын минæвæрттæ. Уыцы ногдзинæдтæ дæр, Юрий Чайкайы ныхасмæ гæсгæ, фылдæр фадæттæ дæттынц бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæн се ‘рвылбоны куысты.

— Регионалон æмæ муниципалон бюджетты нывылад, инвестицион проекттæ царды уадзыны, горæттæ æмæ хъæуты алфамбылайы фæлгонцад æмæ иннæ фарстатыл куысты уæрæх пайда кæнын хъæуы раззагдæр регионты фæлтæрддзинадæй. Уыцы æууæл хорзæрдæм фæзындзæн нæ федералон зылды цæрджыты уавæртыл дæр, — загъта Президенты минæвар.

Рæстæджы домæнты аккаг цавæр ивддзинæдтæ бахæссын хъæуы паддзахадон æмæ муниципалон оргæнты куыстмæ, уый тыххæй уыд йæ раныхас Владимир Мазурæн. Уый хицауады регионалон æмæ бынæттон оргæнты минæвæрттæм фæсидт, цæмæй стырдæр æргом аздахой æппæтфадатджын горæтаг алфамбылайы арæзтады, хъæууон цæрæн бынæтты райрæзты æмæ æндæр ахæм федералон конкурсты. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ахæм федералон проектты гранттæ уæлæмхасæн фадæттæ дæттынц муниципалитетты ахадгæ райрæзтæн.

Ацы æмæ иннæ фарстаты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой æмæ фæндæттæ бахастой УФ-йы æнæнхъæлæджы уавæрты министры хæдивæг — зынгсирвæзтытæ ма ‘руадзыны фарстаты фæдыл сæйраг паддзахадон инспектор Анатолий Супруновский, Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл федералон агентады разамонæджы хæдивæг Григорий Гуров æмæ иннæтæ.

Советы уæнгтæ æрдзырдтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы рацарæзты, бархионты змæлды райрæзты, æрыгон фæлтæры патриотон хъомылады фарстатыл, стæй æркастысты, нысанмæ арæзт паддзахадон программæтæ æмæ фыццаградон национ проектты уагæвæрдтæ федералон зылды регионты куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ дæр.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ
Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here