Паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты уагæвæрдтæ куыд æххæстгонд цæуынц?

0
172

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæн цы уæрæх æмбырд сарæзта, уым сæйраг æргом аздæхтæуыд, нысанмæарæзт паддзахадон программмæтæ æмæ фыццаградон национ проектты уагæвæрдтæ республикæйы куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ.

 

Боны фæткы фарстатыл дзургæйæ, Тускъайы-фырт фембæлды архайджыты æргом аздæхта, паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты цы ахсджиаг социалон объекттæ арæзт цæуы, уыдоны уавæрмæ. Уыимæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, сæрмагонд цæстдарды аккаг сты, ацы азы кæронмæ цы объекттæ хъуамæ арæзт æрцæуой, уыдон.

— Æппæт профилон ведомствæтæ æмæ муниципалитетты разамонджыты æрвылбоны архайды сæрмагонд бынат хъуамæ ахсой паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты фæлгæты аразинаг объекттæ. Ацы азы кæронмæ уыцы программæтæ æмæ, проектты фæлгæты цы ахсджиаг социалон объектты арæзтад ахицæн кæнын хъæуы, уыдон æнæкъуылымпытæй хъуамæ афойнадыл эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуой. Уыимæ, арæзтадон куыстытæ афойнадыл сæххæст кæнынæй уæлдай, æппæт профилон ведомствæты разамонджытæй дæр курын, цæмæй уæлдæрамынд проекттæ æвæстиатæй ифтонггонд цæуой æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй дæр. Иу ныхасæй, ног рæвдауæндæттæ, скъолатæ, амбулаторитæ æмæ иннæ ахæм объекттæ хъуамæ пъланы аккаг кусынхъом уой, — бафиппайдта Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг.

Уыимæ, Тускъаты Таймураз рæгъмæ рахаста, æппæт уæлдæрамынд ахсджиаг объектты фæдыл организацион фарстатæ иу заказгæнæджы къухмæ радтын цас раст æмæ пайдайаг у, уыцы фарста дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ республикæ аразы дæсгай ахсджиаг социалон объекттæ. Ахæм бæрцы арæзтæдтæм цæстдардыл иу ведомствæ зынтæй аххæсдзæн. Уыцы æууæл хынцгæйæ, Тускъаты Таймураз Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады разамындæн бахæс кодта, цæмæй æркæса чысыл социалон объектты арæзтадыл цæстдард районты администрациты бæрны бакæныны фарстамæ.

 

— Ахъуыды кæнут, цавæр объекттæ ис бакæнæн муниципалитетты бæрны, ууыл. Ахæм тырнындзинад районты администрацитæн сæхимæ дæр ис, æмæ сын уыцы фадат радтын хъæуы, — фæнысан кодта Тускъаты Таймураз.

Æмбырды архайджытæ сæрмагондæй æрдзырдтой, афойнадыл арæзт цы объекттæ æрцыд, фæлæ алы аххосæгтæм гæсгæ ныронг кусын чи нæма райдыдта, уыдоны уавæрыл дæр. Зæгъæм, азæй фылдæры размæ сарæзтой Æрыдоны, Алагир æмæ Кæрдзыны рæвдауæндæттæм уæлæфтуантæ, фæлæ абоны онг дæр уыцы кусæндæттæ нæма байгом сты. Тускъаты Таймуразы ныхасмæ гæсгæ, ахæм уавæрæн быхсæн нæй.

— Афтæмæй 200 сывæллонæй фылдæрæн фадат нæй, цæмæй сæ раивой ног æппæтфадатджын бæстыхæйттæм. Уымæй æбæрнондæр ахаст ма цы уа, — бафиппайдта Тускъайы-фырт.

Фембæлды рæстæг æргом аздæхтæуыд æндæр фарстатæм дæр.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here