Æфсæддон-денджызон флоты бæрæгбонæн

0
199

25 июлы Уæрæсейы Федераци радон хатт сбæрæг кодта йæ Æфсæддон-денджызон флоты бон. Уыцы бæрæгбоны кадæн мадзæлттæ арæзт æрцыдысты Алагиры районы Майрæмададжы хъæуы.

Кадджын мадзалы архайдта æмæ раныхас кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло.

Республикæйы разамонæг æмæ фембæлды иннæ архайджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Суаргомы хъæбатыр хъахъхъæнджыты цыртдзæвæныл (зындгонд куыд у, афтæмæй уый ис бынæттон музейы кæрты). Уым, æфсымæрон ингæны, се ‘нусон бынат ссардтой, Суаргом хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, æфсæддон-денджызон училищæты уыцы курсанттæ — 34- æмæ 10-æм бригадæты фистæгденджызонтæ.

Номарæн фембæлды архайдтой Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстггæнæг Тугъанаты Ларисæ, Алагиры районы администрацийы разамонджытæ, хъæуы цæрджытæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

Бæстæйы Æфсæддон-денджызон флоты бон снысан кодтой 1939 азы, бæрæггонд цæуы июлы фæстаг хуыцаубоны.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here