Æхсæнадон советы æмбырд

0
170

Михаил Шаталов дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон советы радон æмбырд. Бынæттон администрацийы разамонджытæ кæм архайдтой, уыцы æмбырды ныхас цыд Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты æрвылбоны царды фарстатыл.

 

Æхсæнадон советы раз раныхас кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Уый цыбырæй радзырдта, горæты администраци ацы бонты цы фыццаградон фарстатыл кусы, стæй хæстæгдæр рæстæг фылдæр æргом здæхт цы хъуыддæгтæм æрцæудзæн, уый тыххæй.

— Мæйы æмгъуыдмæ горæты администрацийы ног сконд бавнæлдта йæ комкоммæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Æрвылбоны архайды фыццаградон æргом здæхт цæуы горæты санитарон сыгъдæгдзинад æмæ фæлгонцадмæ. Зæгъæм, уынаффæ хаст æрцыд, цæмæй бырæтты контейнертæ горæты магистралон уынгтæй æндæр бынæттæм хаст æрцæуой. Ахæм амынддзинад горæты администрацийæн радта Фæндагон змæлды æдасдзинады управлени дæр. Управленийы специалистты хъуыдымæ гæсгæ, магистралон фæндæгты былгæрæтты цы контейнертæ ис, уыдон æвзæрæрдæм зынынц æдасдзинады фæткыл. Афтæ, быронласæн стыр хæдтулгæтæ, контейнерты раз æрлæугæйæ, фæндаджы иу хай æрæхгæнынц, стæй бынтон æдас не сты, фæндаджы былмæ йæ бырæттæ акалыны нысанимæ чи рахизы, уыцы адæм дæр, — радзырдта Милдзыхы-фырт.

Ацы æмæ иннæ фарстатæм горæты цæрджытæ иудадзыгдæр аздахынц Æхсæнадон советы уæнгты æргом. «Афтæ уыд ацы хатт дæр. Зæгъæм, адæм бирæ фиппаинæгтæ æрвитынц, контейнертæ хæдзæртты ‘рдæм кæй айстой, уый тыххæй уынаффæйы фæдыл. Уыимæ, Æхсæнадон совет, фарстамæ лæмбынæгдæр æркæсгæйæ, растыл нымайы уыцы уынаффæ. Горæты астæу уынгты бырæтты контейнертæн бынат хъуамæ ма уа. Цæрджытæй курын, цæмæй санитарон сыгъдæгдзинады фарстамæ къæрцхъусдæр уой. Иумæйаг хъарутæй бацархайæм, цæмæй нæ уарзон горæт бæрæг дара йæ сыгъдæгдзинад æмæ фæлгонцадæй”, — бафиппайдта Михаил Шаталов.

Советы уæнгтæ дарддæр æрдзырдтой æхсæнадон фæлладуадзæн бынæтты уавæрыл, ахуырадон кусæндæтты æдасдзинад æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Æхсæнадон советы уæнгтæ æмæ горæты администрацийы разамынд куыд баныхас кодтой, афтæмæй уæлдæр амынд фарстатыл иумæйаг хъарутæй бакусдзысты.

Уый тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы пресс-службæ.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here