Кавказыл тохы архайджыты хъæбатырдзинад рох нæ уыдзæн

0
224

Зындгонд куыд у, афтæмæй 25 июлы 79 азы сæххæст Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ахсджиагдæр хъахъхъæнынадон-размæбырсæн операци — Кавказыл тохы райдайæныл. Уыцы ахсджиаг историон цауимæ бастæй номарæн мадзæлттæ арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны.

Афтæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло архайдта, стелæ «Дзæуджыхъæу — Хæстон намысы горæт»-ы раз цы номарæн æмбырд сарæзтой, уым.

Сергей Меняйло йæ раныхасы акцийы архайджыты зæрдыл ногæй æрлæууын кодта, фашизмыл уæлахиз куыд ахсджиаг у, нæ историйы уыцы цаутæн ферохгæнæн кæй нæй, уый.

— 79 азы размæ райдыдта Кавказыл таурæгъон тох. Уæд цыфыддæр знаджы ныхмæ хæсты балæууыдысты нæ фыдæлты æмæ мадæлты сæдæгай минтæ. Уыдоны хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинады фæрцы къухы бафтыд знаджы Кавказæй фæсурын. Уыцы азты нæ республикæйы сæйраг горæт дæр сси, Гитлеры æрдонгтæ кæм фæкъуыхцы сты, ахæм бынат. Советон æфсæдты уæлахиз Дзæуджыхъæуы бынмæ фæкъуыхцы кодта немыцæгты размæбырсæн операци «Эдельвейс». Абон мах сæрбæрзондæй зæгъæм, 1942 азы кæрон — 1943 азы райдайæны нæ горæты къæсæрæй советон размæбырсæг æфсæдты фæндаг кæй райдыдта, уый. Уыцы уæлахизæн стыр «аргъ» бафыстам. Хæсты быдырæй бирæ сырхæфсæддонтæ нал сыздæхт — сæ удтæ снывонд кодтой Кавказ æмæ Фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæраппонд. Æмæ уыцы хъæбатырдзинад æнустæм цæрдзæн нæ зæрдæты, — загъта Сергей Меняйло.

Уыцы бон республикæйы разамонæг фембæлд патриотон акци «Уæрæсейы æнæмæлгæ полкъ»-ы минæвæрттæ — Аланийы цъуппыл»-ы архайджытимæ дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Кавказыл тохы райдайæны кадæн змæлд «Уæрæсейы æнæмæлгæ полкъ»-ы, хæрзаудæн фонд «Арт-Кавказ»-ы, Альпинизмы республикон федерацийы, ветеранты æмæ фæсивæдон организациты уæнгтæ сфæнд кодтой хох Аланийы цъупмæ схизын æмæ дзы Советон Цæдисы Хъæбатырты къамтæ æрфидар кæнын.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг акцийы архайджытæн бузынг загъта, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хабæрттæ сæ зæрдыл кæй дарынц, ахæм ахсджиаг номарæн мадзал бацæттæ кæныныл кæй бакуыстой, уый тыххæй.

Номарæн æмбырды архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, республикæйы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрнон кусджытæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here