Хъазахъхъаг змæлды райрæзты фарстатæ

0
194

Фæззæджы Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæудзæн УФ-йы Президенты цур Хъазахъхъæгты хъуыддæгты фæдыл советы сæрмагонд къамисы æмбырд. Фембæлды архайджытæ цы фарстатыл æрдзурдзысты, уыдонæй сæйрагдæр уыдзæн Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад æмæ хъазахъхъаг æхсæнадты æмархайд.

 

Ахæм уæрæх æмбырдмæ цæттæ кæныны фарстатыл сæ кусæг æмбырды æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвары æххуысгæнæг, Терчы хъазахъхъаг æхсæнады атаман Виталий Кузнецов.

— Уæрæсейы размæцыды ахсджиагдæр фарстатæй иу у историон æгъдауæй йæ адæмы хæдбындур хай — хъазахъхъæгты змæлды дарддæры райрæзтæн ахадгæ мадзæлттæ аразын. Ирыстон дæр бæрæг дары йæ рагон хъазахъхъаг традицитæй — уыцы æгъдæуттæ бахъахъхъæныныл мах амæй фæстæмæ дæр кусдзыстæм. Уыимæ, ацы фарстайыл федералон ведомствæтимæ æнгом æмархайдмæ цæттæ стæм, — уазæгæн зæрдиаг салам ратгæйæ, загъта Сергей Меняйло.

Фембæлды архайджытæ дарддæр се ’ргом аздæхтой, «2021-2030 азты хъазахъхъæгты змæлды райрæзты фæдыл паддзахадон политикæйы стратегийы тыххæй» Уæрæсейы Президенты 2020 азы 9 августы фидаргонд 505-æм Указы уагæвæрдтæ Цæгат Ирыстоны куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Зæгъæм, æркастæуыд хъазахъхъæгты паддзахадон службæмæ исын æмæ хъазахъхъаг æхсæнадты минæвæрттимæ иумæйаг æфсæддон-патриотон хъомылады мадзæлттæ аразынмæ. Сергей Меняйло æмæ Виталий Кузнецов фæбæрæг кодтой, Терчы хъазахъхъаг æхсæнад республикон ведомствæтимæ, стæй УФ-йы Хъахъхъæнынады министрад æмæ «Росгварди»-йы регионалон дæлхайæдтимæ æмархайд цавæр фæткы бындурыл аразы, уый дæр.

— Хъазахъхъаг змæлды дарддæры райрæзтæн Цæгат Ирыстоны хорз фадæттæ ис. Æппæт организацион куыст дæр ахæм фæткыл сæвæрын хъæуы, цæмæй хъазахъхъаг æхсæнадты дарддæры райрæзты хъуыддаджы Уæрæсейы Президент хицауады оргæнты размæ цы нысантæ сæвæрдта, стæй Хъазахъхъаг змæлды къабазы паддзахадон политикæйы стратегийы цы уагæвæрдтæ фидаргонд æрцыд, уыдон æмбæлгæ хуызы æххæстгонд æрцæуой, — боны фæткы фарстатыл дзургæйæ, бафиппайдта Виталий Кузнецов.

Президенты Æххæстбарджын минæвары æххуысгæнæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй октябры æмгъуыдмæ фидæны æмбырды куысты фæтк рагагъоммæ фидаргонд æрцæудзæн æмæ фадæттæ фæзындзæн, цæмæй Хъазахъхъæгты хъуыддæгты фæдыл советы сæрмагонд къамис рахæсса ахадгæ уынаффæтæ.

Виталий Кузнецовы ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ Уæрæсейы регионты сæ архайд рапарахат кодтой 3,5 мин хъазахъхъаг æхсæнады. Уыдоны ‘хсæн Терчы хъазахъхъаг æхсæнады Алайнаг республикон хъазахъхъаг зылд. Нæ республикон зылды сконды регистрацигонд ис 33 хъазахъхъаг дæлæхсæнады (змæлды архайджыты нымæц ныртæккæ у 2 мин адæймагæй фылдæр).

Хицауады республикон æмæ муниципалон оргæнтæ къæрцхъус сты хъазахъхъаг æхсæнадты дарддæры райрæзты фарстатæм, иудадзыгон куыст кæнынц, цæмæй хъазахъхъæгтæ иппæрд ма уой республикæйы æхсæнадон-политикон цардæй дæр.

Ныхасы архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы Разамонæджы хæдивæг Тхостаты Мурат дæр.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here