Сæдæ боны хатдзæгтæ æмæ Ирыстоны фидæн

0
234

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло йæ ног куысты бынаты куы æрлæууыд, уæдæй рацыд сæдæ боны. Уый кæд бирæ рæстæг нæу, уæддæр уал цавæрдæр хатдзæгтæ скæнæн ис. Цавæр? Уый фæдыл Сергей Меняйло радта интервью телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы уацхæссæгæн.

 

Развæлгъау хатдзгтæ
Сæдæ бонмæ цы саразæн ис? Нырма уал архайын, алы хъуыддаг, алы къабазы, алы хицæн куыстуат цы уавæры ис, уый базоныныл. Бирæ азты ам кæд нæ цардтæн, уæддæр мын Ирыстон æцæгæлон нæу. Мæ цæст-иу æм алкæддæр дардтон æмæ, мæ бон куыд уыд, афтæ æххуыс кодтон республикæйы раздæры Сæргълæууæгæн. Ирыстоны лыггæнинаг фарстатæ ис бирæ æмæ сты алыхуызон. Уыдон æмбырд кодтой дæсгай азты. Æмæ уавæр канд махмæ уæззау нæу, фæлæ Уæ- рæсейы иннæ регионты дæр. Фарстатæ кæмдæр сты фылдæр, кæмдæр — къаддæр, уый аразгæ у алы регионæн дæр йæ экономикæйы уавæрæй, географион бынат æмæ æндæртæй.

Цæгат Ирыстоны экономикæ ис уæззау уавæры. Зæгъæм, бирæ фарстатæ бамбырд цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады къабазы. Уыцы уавæр ноджы карздæр свæййы, æрдзон фыдбылызтæ фæстиуджытæ куы расайынц, уæд. Зæрдæхсаинаг сты, электрон тых, хъарм дон цы хæтæлтыл цæуынц, уыдон се ‘ппæт дæр. Бынтон сагъæссаг та — донуадзæнтæ. Нырыккон домæнтæн дзуапдæттæг сыгъдæггæнæнтæ ис æрмæстдæр Беслæны, иннæ горæтты, уыимæ, Дзæуджыхъæуы дæр, — не сты. Иннæ ахсджиаг фарста — адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæн бынæттæм раивын.

Фарстатæ ис ахуырады къабазы дæр. Ныртæккæ скъолаты нæ фаг кæны ахуырдзауты 11 мин бынаты, хъæугæ бынæттæ рагацау бæлвырд нымад кæй не ‘рцыдысты, уый аххосæй. Уымæй уæлдай, Наукæ æмæ ахуырады министрады аххосæй федералон программæмæ куырдиат балæвæрдтæм æрмæстдæр дыууæ скъолайы нæм саразыны тыххæй. Кæд æмæ, зæгъæм, Цæцæны Республикæ балæвæрдта 20 скъолайы саразыны тыххæй куырдиат. Фæлæ нын федералон хицауад, нæ уавæр æмбаргæйæ, куырдиат бадæттыны æмгъуыд адарддæр кодта ацы азы декабрмæ.

Кæй ранымадтон, уыдæтты фæдыл республикæйы Хицауадæн бабар кодтон ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, спорты къабæзтæ рацаразыны фæдыл программæтыл бакусын. Ирыстон у спортивон республикæ, дунеон æмвæзадыл арæзт спортивон комплекс та нæм нæй. Футболы академи æмæ хъæбысхæсты академийæ фæстæмæ нæм цы ис, уыдон та домынц бындурон рацарæзт. Спорты федералон министримæ нæ фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ, ног аз республикæйы аразын райдайдзыстæм дыууæ физкультурон-дзæбæхгæнæн комплексы.

Иу ныхасæй, фарстатæ се ‘ппæт дæр сты æмбæрстгонд, баззад ма сæ алыг кæнын. Уымæн та хъæуы фæрæзтæ бюджеты ссарын æмæ инвестициты æргом республикæмæ æрбаздахын. Уымæ гæсгæ нæ хæс у хæстæгдæр æртæ азмæ бюджетыл программæтæм гæсгæ бакусын. Уый фæдыл хæстæ ныридæгæн лæвæрд æрцыдысты.

 

Хæстæгдæр нысанты тыххæй
Хæстæгдæр пълантæ сты, социалон, экономикон къабæзты уавæр ныртæккæ куыд у, уымæй йæ дæлдæр не ‘руадзын. Ныридæгæн республикæ цы программæтæ æххæст кодта, уыдон хъæуы кæронмæ ахæццæ кæнын, уымæн æмæ сæ иуæй-иутæн сæ æххæст кæныны хъуыддаг фæкъуылымпы. Æмæ ног азы дарддæр ног нысантæм цæудзыстæм æмæ ног программæтæ æххæст кæнын райдайдзыстæм.

Ныртæккæ каст цæуы, «Æрыгон бинонтæн — цæрæнуат», зæгъгæ, ацы программæ куыд æххæстгонд цæуы, стæй, коммуналон лæггæдтæн фиддонтæй хъæууон интеллигенцийæн компенсаци фыст куыд цæуы, уыдæттæм.

Уымæй уæлдай, бакусын хъæуы æхсæнадон фæзуæттæ банывыл кæныныл æмæ электрон тыхы, хъарм æмæ доны хæтæлты уагæвæрды рацарæзтыл.

Фæлæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабаз рацаразынæн, республикон программæ цалынмæ фæзына, уымæ æнхъæлмæ кæсæн нал ис. Цæвиттонæн æрхæсдзынæн Фыййагдоны пульмонологон рынчындон. Уымæн йæ сæйраг дохтыры ном хæссы Грознайы уынгтæй иу, афтæмæй та рынчындоны нæй хуымæтæг нырыккон медицинон ифтонггæрзтæ. Цæмæй кусынц, уыдон сæм баззадысты 60-йæм, 70-йæм æмæ 80-йæм азтæй. Ногтæй сæ раивынæн афтæ бирæ æхца дæр нæ хъæуы (компьютерон томографы кой нæ кæнын) — æрмæстдæр 23 милуан сомы. Æмæ ацы хъуыддаг, æнæмæнг, æххæстгонд æрцæудзæн.

Нæ размæ чи ис, иннæ уыцы стыр хæс у, Цæгат Ирыстоны экономикæ размæ ракæнынæн ахъаз чи уыдзæн, ахæм закъонтыл бакусын. Уыдон баст сты инвестортæн республикæйы зæрдæмæдзæугæ уавæртæ аразынимæ, инвестпроекттæ къабæзтæм гæсгæ ныддихтæ кæнынимæ, Промышленносты райрæзты фонды уд бауадзынимæ, уымæн æмæ уый ныртæккæ ис æрмæстдæр гæххæттыл фыстæй, æмæ а.д. Ацы Фонд æцæг куыст кæнын цæмæй райдайа, ууыл баныхас кодтам федералон министрадтимæ. Куыстуæттæн уый у æххуысы замманайы фæрæз, зæгъæм, хъæугæ техникæ балхæнынæн. Фæлæ Фонды гæнæнтæй пайда ничи кодта, уымæн æмæ, чи йын йæ кой хъусгæ дæр нæ фæкодта, чи та æнхъæл уыд, кредиттæ дæттынæй уæлдай æндæр ницы пайда у.

Махмæ ис, сæ продукци æндæр рæттæм чи æрвиты, ахæм куыстуæттæ, уыдон æмгуыст кæнынц, æххуыс чи кæны, уыцы Росэкспоцентримæ. Чысыл финанстæ дæттыны фонд дæр æххуысмæ у цæттæ. Размæ ракæнинаг у банкты уагæвæрд дæр. Æппæт ацы мадзæлттæ иумæйагæй экономикæйæн уыдзысты тынг ахъаз.

Дард æмгъуыдмæйы программæ
Уыцы программæйы нысан у республикæ сæвæрын размæцыды фидар фæндагыл. Ацы хъуыддаджы нæ нырма уал хъыгдары ковид. Фæлæ промышленносты, хъæууон хæдзарады рæзт уæддæр ис. Сæ бæрæггæнæнтæ уал здæхынц, эпидемийы размæ куыд уыдысты, уыдонмæ.

 

Туризмы райрæзт
Ацы къабазы дæр иннæ рæттау, уагæвæрд куы нæ уа, уæд ын размæ ракæнæн нæ уыдзæн. Туристтæ республикæмæ фылдæр цæуын кæй байдыдтой, уый Туризмы комитеты куыстимæ баст ницавæр хуызы у. Афтæмæй та уый хъуамæ уа разæнгардгæнæг æмæ æххæст кæна, хицæн чысыл фирмæтæ цы куыст кæнынц, уый. Хъæуы саразын маршрутты æвдисæндартæ, туристы иумæйаг билет.

«Мамысон»-мæ фæндаг æмæ тъунел сты цæттæ. Фæззæджы райдайдзысты курортæн йæ арæзтадон куыстытæ. Æппæты сæйрагдæр у, цæмæй республикæ бацæуа национ проектмæ. Уымæн нæм ис æппæт гæнæнтæ дæр.

 

Æмгуыстады ахъаз
Æмгуыстадыл баныхас кодтон Уæрæсейы Æфснайæн банкимæ. Уый цы программæтæ æххæст кæны, уыдонмæ гæсгæ республикæйы арæзт æрцæудзæн дыууæ нырыккондæр скъолайы. Программæтæй иуы фæрцы рацаразæн ис транспорты къабаз дæр. Махмæ ныртæккæ ис, цæстдард кæмæ нæй, ахæм коммерцион æмæ социалон маршруттæ. Кусынц, кæй куыд фæнды, афтæ. Каст нæй тарифтæм дæр.

Иннæ ахсджиаг фарста — горæт Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы горæтты ‘хсæн цæуæг транспорт баивын, сног æй кæнын. Райдыдтам уал трамвайтæй. Хицæн къухтæм чи бахауд, уыцы депо уал æрбаздæхтам горæты исбонмæ, хæстæгдæр рæстæг горæты исбонмæ æрбаздæхдзысты хызæгтæ æмæ, уыцы хызæгтæм электрон тых кæцæй цæуы, уыцы дæлстанцæтæ дæр. Фæзындзæн нæм 45 ног трамвайы, æрмæст рацаразын хъæудзæн, уыцы вагæттæ цы фæндæгтыл ацæудзысты, уыдон.

 

Ахастытæ —федералон разамындимæ
Уыцы ахастыты нысан у республикæйы фарстатæ лыг кæнын. Федералон Хицауадимæ æмгуыстады фæрцы апрелæй фæстæмæ републикæйæн уæлæмхасæн лæвæрд æрцыд 1 миллиард 800 милуан сомы. Уыдонæй миллиард æмæ æрдæг — инфраструктурон объекттæ аразынæн. Зæрдæ ма нын бавæрдтой 180 милуан сомæй, стæй ма ноджыдæр 600 милуаны радтыны фарстамæ æркæсдзысты.

Ацы куыст цæудзæн дарддæр дæр. Нæ иунæг куырдиатæн дæр федералон хицауад «нæ» нæ загъта. Ныридæгæн Цæгат Ирыстон мæ куырдиатмæ гæсгæ бабæрæг кодтой хицауады федералон оргæнты цалдæр разамонæджы, æмæ ахæм кусæг балцытæ дарддæр дæр уыдзæн.

 

Республикæйы хицауады тыххæй
Республикæйы ныры Хицауад йæ размæ æвæрд нысантæн æххæстæй дзуапп нæ дæтты, мæнмæ гæсгæ, æмæ йæм каст æрцæудзæн. Зæгъæм, ис нæм Транспорты министрад æмæ Фæндæгты хæдзарады комитет. Гъемæ дзы фæндæгты уавæры кæнæ та транспорты куысты тыххæй адæймаг кæй бафæрса? Вице-премьертæй дæр чи цы куыст кæны, уый бынтон бæрæг нæу. Иу иннæйы æнгæс чи уа кæнæ, йæ хæстæ æмхуызон кæмæн уой, ахæм структурæтæ Хицауады хъуамæ ма уа.

 

Хъæууон хæдзарад
Хъæууон хæдзарад республикæйæн у тынг ахсджиаг къабаз. Уый бафæрæзта æхсæнадон алыхуызон зилдухтæн, æмæ абон дæр у цардхъом. Дарддæр та хъуамæ рæза, наукон бындурыл арæзт пълантæм гæсгæ. Ныхас кодтам Уæрæсейы Хъæууон хæдзарады министрадимæ, æмæ нын Аквакультурты селекцион центр республикæйы саразынæн æхца дихгонд æрцыд.

Ис нæм хæдзарад «Олгинскæ». Йæ бындурыл саразæн ис замманай селекцион центр. Уый тыххæй нæм Мæскуыйæ ссæудзысты дыууæ академикы — Уæрæсейы Хъæууон хæдзарады министрады департаменты разамонæг æмæ Уæрæсейы Наукæты Академийы Сыбыраг хайады разамонæг. Канд нартхоры куыстыл хъæууон хæдзарад нæ хицæн кæны, хъæуы аразын æндæр культурæтæ æмæ æндæр зайæгойты куыст кæнын дæр, цæмæй бахардзгонд алы сом дæр æртывæрæй здæха.

 

Бюджеты тыххæй
Республикæйы бюджет у кадавар. Майæ фæстæмæ Цæгат Ирыстонæн уæлæмхасæнæй дихгонд æрцыд 1,8 миллиард сомы.

Паддзахадон архивæн ног бæстыхай саразынæн ног азмæ бюджеты æвæрд æрцыд хъæугæ фæрæзтæ.

Республикæйы хъæууон хæдзарад уæлæмхасæн райста 1,5 миллиард сомы.

Доны станцæ банывыл кæныны тыххæй проектон куыстытæ ныридæгæн райдыдтой æмæ афæдзы кæронмæ фæуыдзысты. Уыцы проектмæ гæсгæ йæ рацараздзысты, æмæ фæлладуадзыны ног азмæ Доны станцæ йæ хуыз бынтондæр аивдзæн.

Рацарæзты ахæм егъау куыстытæ арæзт æрцæудзæн Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы æмæ Жуковскийы номыл сывæллæтты парчы.

Афтæ, Беслæны райрæзты программæ дæр. Кæцыдæр куыстытæн дзы æхца нал фаг кодта. Ныр уыдон дæр сты. Уымæй уæлдай, Беслæны 1-æм скъолайы бындурыл арæзт æрцæудзæн музей æмæ Æфсæддон-патриотон хъомылады центр.

Йæ тыхы бацæудзæн «Æнцонвадат цæрæнуат», зæгъгæ, ацы программæ. Йæ фæлгæты сентябры райдайдзысты хæдзæрттæ аразын, æдæппæт цæрæнуаты 90 мин квадратон метры.

Республикæйы Хицауады цур фæзынд Инвестицион совет. Йæ хæс уыдзæн инвестицион проекттæн аргъ кæнын. Уыцы проекттæй иу — Дзæуджыхъæуы бынмæ арæзт хъуамæ цы бырондоны полигон æрцæуа, уый проект.

Дарддæр, хæлд æрцæудзысты, пайда кæнын тæссаг кæмæй ссис, горæты сæрмæ ставд бæндæнтыл ауыгъд уыцы фæндаг æмæ, æрдæгарæзтæй чи баззад, парчы уыцы бирæуæладзыгон бæстыхай.

Ацы аз бафыстам 100 лифты ногтæй раивыны программæ, республикæйæ сын фидын ницы бахъæудзæн. Фыццаг 25 лифты уал нæм фæзындзысты ацы августы кæронмæ.

Ис ма бирæ æндæр пълантæ æмæ нысантæ, фæлæ сæ æххæст кæныны тыххæй нырма уал бæлвырд уынаффæтæ нæй, уымæ гæсгæ сыл ныхас кæнынæн нырма раджы у.

Ирыстон Уæрæсейы рæсугъддæр æмæ диссагдæр бынæттæй иу цæмæй суа, уымæн ын ис æппæт гæнæнтæ дæр. Æмæ уыцы нысаныл иумæйагæй куы бакусæм, уæд къухы æнæмæнг бафтдзæн. Æнтыстджын уæм не ‘ппæт дæр.

 

Æрмæг бацæттæ кодта
Дедегкаты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here