Скифты хабӕрттӕ

0
640

Геракл ӕмӕ скифтӕ

Скифты равзӕрды тыххӕй ӕндӕр хуызы дзырдтой бердзенӕгтӕ: Геракл, дам, Герионы галтӕ хизгӕ ӕрбатардта Скифты зӕхмӕ. Уӕд дзы цӕрӕг нӕма уыди. Ам ыл уарын схъызыд, ӕмӕ уазал кӕнын райдыдта. Домбайы цармӕй йӕ уӕйлаг кӕрцгонды йӕхи батыхта, афтӕмӕй ӕрхуыссыд ӕмӕ афынӕй. Уыцы рӕстӕг йӕ ифтыгъд бӕхты хизынмӕ ауагъта, ӕмӕ уыдон диссагӕн цыдӕр ӕрбаисты.

Геракл куы райхъал, уӕд йӕ бӕхтӕ агурӕг ӕрзылд ацы бӕстӕйыл, фӕлӕ сӕ нӕ ары. Фӕстагмӕ ӕрбафтыд Гилейы зӕхмӕ. Уым лӕгӕты фембӕлд цыдӕр ӕнахуыр цӕрӕгойыл-ӕрдӕгсылгоймаг-ӕрдӕгкалмыл. Йӕ уӕллаг хай лӕбӕзтӕй уӕлӕмӕ уыд сылгоймаг, уырдыгӕй дӕлӕмӕ та — калм. Геракл ӕй куы ауыдта, уӕд ӕй афарста йӕ бӕхтӕй, мӕ дзӕгъӕл бӕхты мын нӕ федтай, зӕгъгӕ. Сылгоймаг-калм ын загъта:

— Дӕ бӕхтӕ мӕнмӕ сты, фӕлӕ дын сӕ нӕ ратдзынӕн, цалынмӕ мемӕ ӕрӕмуд уай, уӕдмӕ.

Геракл йӕ бӕхты ссарды цинӕй сразы йӕ фӕндоныл ӕмӕ ӕрӕмуд сты сылгоймаг-калмимӕ. Фӕлӕ йын ус йӕ бӕхтӕ радтыныл нӕ тагъд кодта, фӕндыдис ӕй, Геракл ӕм фылдӕр рӕстӕг куы афӕстиат уыдаид, уый.

Ӕппынфӕстаг ын ус радта йӕ бӕхтӕ ӕмӕ йын загъта:

— Ацы бӕхтӕ сӕхӕдӕг ӕрбацыдысты мӕнмӕ, ӕмӕ сӕ бавӕрдтон дӕуӕн. Ды сын, цы хъуыд, уый бафыстай. Дӕуӕй мын райгуырд ӕртӕ фырты. Зӕгъ-ма мын, куы сыстыр уай, уӕд сын цы кӕнон? Ам сӕ ныууадзон? ӕмӕ ацы бӕстӕ иунӕг мӕ къухты ис. Ӕви сӕ-иу дӕумӕ арвитон?

— Куы банкъарай нӕ фырттӕ слӕгтӕ сты, уӕд хуыздӕр уыдзӕнис афтӕ бакӕнын: ӕрбакӕс-ма, мӕнӕ дзы афтӕ мӕ ӕрдыныл мӕ фат чи аифтындза, мӕ рон чи ӕрбабӕтта, уый-иу ам цӕрынмӕ ныууадз. Куыд дын амонын, афтӕ дзы чи нӕ бакӕна, уый та иу ӕцӕгӕлон бӕстӕм фӕсур. Афтӕ куы бакӕнай, уӕд дӕхицӕй дӕр разы уыдзынӕ ӕмӕ мӕ фӕндон дӕр сӕххӕст кӕндзынӕ.

Ахӕм ныхӕстӕ кӕнгӕйӕ, Геракл аивӕзта йӕ ӕрдынтӕй иу (уӕды онг Геракл йемӕ хаста дыууӕ ӕрдыны). Уый фӕстӕ равдыста, йӕ рон астӕуыл куыд бӕтгӕ у, уый. Ӕрдын, фат ӕмӕ рон усмӕ радта (роны ӕргъӕвӕджы кӕроныл ауыгъд уыд сыгъзӕринӕй конд нуазӕн къус) ӕмӕ ацыд.

Фырттӕ куы байрӕзтысты, уӕд сыл мад сӕвӕрдта нӕмттӕ: хистӕрыл — Агафирс, астӕуккагыл — Гелон, кӕстӕрыл — Скиф. Стӕй йын, Геракл куыд бацамыдта, афтӕ бакодта. Хистӕр дыууӕ ӕфсымӕры — Агафис ӕмӕ Гелон Гераклы ӕрдыны фат аифтындзын ӕмӕ йын йӕ рон сӕ астӕутыл ӕрбатухынмӕ нӕ сарӕхстысты, ӕмӕ сӕ йӕ бӕстӕйӕ фӕсырдта.

Кӕстӕр Скифӕн йӕ къухы бафтыд йӕ фыды хӕс сӕххӕст кӕнын ӕмӕ уым цӕргӕйӕ баззад. Уымӕй, дам, Гераклы фыртӕй, равзӕрдысты скифты паддзӕхтӕ, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ роныл дары сыгъзӕрин къус.

 

Перекопы къахт адаг

Скифтӕ киммерийӕгты бӕстӕ ӕнӕхӕстӕй бацахстой, фӕлӕ сӕ уӕддӕр ӕвыдӕй ауадзын сӕ зӕрды нӕ уыд. Сӕ бинонты Хъырымы цӕргӕйӕ ныууагътой, сӕхӕдӕг киммерийӕгты фӕсте асырдтой. Киммерийӕгтӕ Сау денджызы былты цыдысты, скифтӕ та — Кавказы галиувӕрсты. Афтӕмӕй, скифтӕ адзӕгъӕл сты ӕмӕ бафтыдысты Чысыл Азийы Мидийы зӕхмӕ ӕмӕ ныддӕрӕн кодтой мидийӕгты паддзахад. Мидийӕгты паддзахадӕй тыхджындӕр Азийы нӕ уыд.

28 азы фӕстӕ скифтӕ ӕрбаздӕхтысты Хъырыммӕ. Ӕмӕ сӕм ам ӕнхъӕлмӕ каст мидийӕгтимӕ хӕстӕй стырдӕр бӕллӕх. Сӕ устытӕ сӕм уал азы ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бафӕрӕзтой ӕмӕ сӕ цагъайрӕгтӕй сӕхицӕн лӕгтӕ скодтой. Уыдонӕй сын цы цот рацыд, уыцы фӕлтӕр уӕдмӕ йӕ тыхы бацыд ӕмӕ, йӕ равзӕрд куы базыдта, уӕд скифты ӕрбаздӕхтмӕ лӕппуйӕ, чызгӕй сӕхи хӕстмӕ цӕттӕ кӕнын райдыдтой. Фыццаджыдӕр уал, сӕ зӕхмӕ — Хъырымы ӕрдӕгсакъадахмӕ ӕрбацӕуӕн къубалӕгыл Таврийы хӕхтӕй Азовы денджызмӕ скъахтой арф ӕмӕ фӕтӕн адаг. Йӕ былгӕрӕттӕ йын ӕрфидӕрттӕ кодтой. Ацы адаггонд ма ис абон дӕр Керчы ӕрдӕгсакъадахыл.

Бацӕттӕ сӕ кодта Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here