Ног хид

0
412

Нывыл арӕзт фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕн ис вазыгджын экономикон нысан. Сӕ фӕрцы ӕнцонвадатдӕр кӕны адӕмы цард, сӕ куыст. Бирӕ аразгӕ у адонӕй адӕмы ӕдас цард ӕмӕ фӕндаггонты ӕнӕниздзинад.

Национ проект «ӕдас ӕмӕ ӕнцонвадат фӕндӕгтӕ»-йы гӕнӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнгӕйӕ, Уӕрӕсейы Федерацийы транспорты паддзахадон къамис сфидар кодта зӕронд хидты цалцӕг ӕмӕ ног хидты арӕзтады программӕ. Уыцы проекты  архайы Цӕгат Ирыстон дӕр. Ивгъуыд ӕнусы 50-60-ӕм азты арӕзт хидтӕ дзуапп нал дӕттынц абоны техникон домӕнтӕн.

Цӕгат Ирыстоны, регионалон ӕмӕ муниципалон нысаниуӕг кӕмӕн ис, уыцы фӕндӕгтыл цалцӕггонд ӕрцыд аст хиды, иумӕйагӕй 354 метры дӕргъӕн.

Куыртатты комы, Нӕлгоймӕгты Алайнаг моладзандонмӕ ‘ввахс, кӕронмӕ арӕзт ӕрцыд Фыййаджыдоны сӕрты 30 метры дӕргъӕн хид. Ацы бонты та ног хиды арӕзтад цӕуы автомобилон фӕндаг «ӕрхонкӕ-БМК-Хуымӕллӕг-Кавказ»-ыл Фарныхъӕумӕ хӕстӕг Терчы доны сӕрты. Июлы мӕй, генералон подрядон организаци «Дагспецстройсервис»-ы хидаразджытӕ сӕ куыстмӕ бавнӕлдтой. Хиды арӕзтады пайда кӕнынц нырыккондӕр фидаргӕнӕн арӕзтадон ӕрмӕджытӕй, ӕфсӕн-бетон конструкцитӕй. Аразгӕ та сӕ кӕнынц дӕсны специалисттӕ. Ӕндадзджытӕ, бетонгӕнджытӕ, бульдозерты, экскаваторты ӕмӕ уӕзласӕн машинӕты шофыртӕ, ӕндӕр кусджытӕ — ӕдӕппӕт 24 адӕймаджы кусынц ӕнӕрлӕугӕйӕ.

Арӕзтадон участокӕн разамынд дӕтты Заирбег Абдулгамидов. 35 азмӕ цал ӕмӕ цал хиды сарӕзта фӕлтӕрдджын специалист!

Цӕмӕй куыстытӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ цӕуой, стӕй хъӕугӕ ӕрмӕджытӕ афойнадыл хӕццӕ кӕной, техникӕйы цӕттӕдзинадыл дзуапп дӕттынц мастертӕ Гаджимурат Абдулвагабов ӕмӕ Шамил Омаров.

Кӕд иу мӕй йеддӕмӕ нӕма кусынц, уӕддӕр сын бирӕ бантыст. Фидӕны хидӕн йӕ бындуры ӕфсӕн-бетон цӕджындзтӕй ӕртӕ цӕттӕ сты. Проектмӕ гӕсгӕ та уыдзысты фондз. Цӕмӕй дон былгӕрӕттӕ ма бахӕра, уый тыххӕй сӕ фидар кӕнынц.

Донвӕд рӕстӕгмӕ хъӕуы аиуварс кӕнын, цӕмӕй фӕндзӕм ӕфсӕн-бетон цӕджындз сӕвӕрой, уый лӕудзӕн Терчы донвӕды. Аив ӕмӕ фидар ног хидӕн йӕ дӕргъ уыдзӕн 102 метры, скӕндзысты йӕм бацӕуӕнтӕ, цӕмӕй бӕлццӕттӕ мацы къуылымпытӕ ӕвзарой, ууыл биноныгӕй архайынц.

— Хъӕумӕ бацӕуӕны цы зӕронд хид ис, уый тынг рагон у, цӕуы йыл 60 азы бӕрц, йӕ сӕрты цӕуын сси тӕссаг, донивылдтытӕ ӕмӕ тыхджын къӕвдатӕ йӕ уавӕр ноджы ӕвзӕрдӕр кодтой. Хорз у, ацы фарстамӕ Хицауад кӕй ӕркастысты ӕмӕ нын ног хид аразын кӕй райдыдтой, — зӕгъынц цӕрджытӕ.

РЦИ-Аланийы Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты фӕндонмӕ гӕсгӕ федералон программӕмӕ хаст ӕрцыд 44 хиды, уыдонӕй 19 объектӕн «Росавтодор» разыйы дзуапп радта.

РЦИ-Аланийы Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here