Уæрæсейы Федерацийы Президенты æмæ хъахъхъæнынады министры амынддзинæдтæм гæсгæ хъахъхъæнынадон-промышленнон комплексы наукон-техникон хъомыс æмæ æфсæддон-техникон æмгуыстад сырæзын кæнынæн, раззагдæр ногдзинæдтæ æмæ технологитæ царды уадзынæн æмбæлгæ уавæртæ саразыны, стæй граждæнты æфсæддон-патриотон хъомылад фæхуыздæр кæныны тыххæй 2021 азы 27 августæй 29 августмæ бæстæйы æппæт регионты уагъд цæуы Дунеон æфсæддон-техникон форум «Æфсад-2021».
Йæ ахадындзинад уым ис, æмæ Уæрæсейы паддзахадон арæнтæм æввахс геополитикон ныхмæлæуддзинад карзæй-карздæр кæй кæны, æмæ нæ бæстæйы национ интерестæ къахыргонд кæй цæуынц, уымæ гæсгæ хъæуы паддзахады хъахъхъæнынадон архайд æмæ йæ æфсæддон-техникон хъомыс фæтыхджындæр кæнын. Форум ныридæгæн ссис традицион æмæ уагъд цæуы æрвылаз.
«Мах сфидар кодтам, æмæ царды уагъд цæуынц, ивгъуыд рæстæг чи нæма уыд, Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты сырæзын кæнынæн æмæ хъахъхъæнынады комплекс фæногдæр кæнынæн стыр æххуыс чи фæуыдзæн, ахæм программæтæ», — фехъусын кодта Сæйраг Уæлдæркомандæгæнæг Владимир Путин Хъахъхъæнынады министрады коллегийы. УФ-йы хъахъхъæнынады министр, æфсады инæлар Сергей Шойгу та куыд бафиппайдта, афтæмæй æрвылаз форум «Æфсад»-ы фæрцы фидардæр кæны дунеон æфсæддон-техникон æмгуыстад дæр.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы «Æфсад-2021»-ы мадзæлттæ цæудзысты ДОСААФ-ы авиаклубы зæххыл цæрæн бынат Джызæлмæ хæстæг æрвылбон 10.00 сахатæй 16.00 сахатмæ. Форум аразæг у 58-æм Суворовы орденхæссæг иумæйагæфсæддон æфсад республикæйы разамындимæ.
Форумы уазджытæн сæ бон фенын уыдзæн хæцæнгæрзты нырыккондæр хуызæгтæ, æфсад цæмæй ифтонг у, ахæм сæрмагонд техникæ, æфсæддон дæлхайæдты хæстон гæнæнтæ, музейон экспозицитæ, аивадон равдыстытæ, спортивон фæзтæ, концертон æмæ хиирхæфсæн программæтæ. Сабитæн кусдзæн сывæллæтты фæз. Мадзалы кæронбæттæны РЦИ-Аланийы разамындæн кадджын уавæры лæвæрд æрцæудзысты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Кавказ бахъахъхъæныныл карз хæстыты чи архайдта, уыцы æфсæддон иугæндтæ æмæ хæйтты Хæстон тырысатæ.
58-æм æфсадæй уæлдай форумы архайдзысты РЦИ-Аланийы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады æмæ Уæрæсейы гвардийы дæлхайæдтæ дæр. Уыдон равдисдзысты раззагдæр техникæ æмæ сæ ведомствæты сæрмагонд фæрæзтæ. Цæгат Ирыстоны промышленнон куыстуæттæ та сараздзысты республикæйы промышленност æмæ хъæууон хæдзарады æнтыстдзинæдты равдыст.
Æввахсдæр фидæны форумæн арæзт объектты бындурыл сæрды мæйты рæстæг кусдзæн сывæллæтты æфсæддон-патриотон лагер æмæ бацæудзæн, республикæйы Æфсæддон-ахуырадон центр «Авангард»-ы скондмæ.
Нæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæй бирæты бафæнддзæн, форум куыд ацæудзæн, уымæ бакæсын. Уымæ гæсгæ фыццæгæм автовагзалæй ардæм цæудзæн лæвар маршрутон автобус.
Табуафси, саккаг кæнут Дунеон æфсæддон-техникон форум «Æфсад-2021»-мæ. Уый кадджын уавæры байгом уыдзæн 27 августы.
Максим Семенченко,
58-æм æфсады капитан














