Ӕфсати — уӕ хӕрзгӕнӕг

0
269

Ӕрвылаз нӕ республикӕйы Цуанӕттӕ ӕмӕ кӕсагахсджыты ӕхсӕнады уӕнгтӕ ӕрхъӕцмӕ нал фӕхъӕцынц цуан кӕныны ног рӕстӕджы ралӕудмӕ. Иннӕ хӕттыты хуызӕн уый ныр РЦИ-Аланийы ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министры хӕдивӕг Моурауты Мӕирбеджы бардзырдӕй райдыдта июлы цыппӕрӕм хуыцаубоны (25 июлы) сӕумӕцъӕхӕй фӕстӕмӕ. Дарддӕр 2021-2022 азты цуангӕнӕн рӕстӕг куыд цӕуы, уый тыххӕй нӕ уацхӕссӕг ныхас кодта амынд министрады цуанӕтты инспекцийы хайады хицау Битарты Артуримӕ.

— Цавӕр цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ кӕнын бахъуыд дӕ бӕрныгонд хайады кусджыты, цӕмӕй райдыдтаид 2021-2022 азты цуангӕнӕн рӕстӕг?

— Нӕ куыст уымӕй райдыдтам ӕмӕ цуан кӕныны ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, мах рагагъоммӕ фыстӕджытӕ арвыстам ӕрдзӕй пайдагӕнӕг организацитӕм — федералон паддзахадон бюджетон кусӕндон «Цӕгат Ирыстоны паддзахадон фӕлварӕн цуангӕнӕн хӕдзарад”-мӕ, РЦИ-Аланийы «Цуанӕттӕ ӕмӕ кӕсагахсджыты ӕхсӕнадмӕ”, Хъӕдытехникон, кӕсагахӕсӕн хӕдзарӕдтӕ ӕмӕ фӕдзӕхст бынӕтты рӕзтӕн ӕххуыс кӕныны регионалон фонд «ӕфсати-фонд»-мӕ, федералон бюджетон кусӕндон «Беркут»-мӕ, цӕмӕй нын дзуапп радтой, ивгъуыд зымӕджы миты уӕлӕ баззайгӕ сырдты фӕдтӕм гӕсгӕ цал хъӕддаг цӕрӕгойы банымадтой сӕ бӕрныгонд ӕрдзон бынӕтты, цавӕр сырдты хуызтыл цуангӕнӕн ис ӕмӕ дзы цуангӕнӕн рӕстӕг цалгӕйттӕ амарӕн уыдзӕн, уыцы фарстытӕн. Цы бӕрӕггӕнӕнтӕ нын радтой, уыдоныл дарддӕр ныхас цыд Мӕздӕджы, Кировы, Рахизфарсы, ӕрыдоны ӕмӕ республикӕйы ӕндӕр районты администрациты ӕхсӕнадон байхъустыты, фӕстӕдӕр ацыдысты сӕрибар экспертизӕйы дӕр, дарддӕр та сӕ ӕрвитын бахъуыд УФ-йы Хъӕууон хӕдзарады министрады департамент «Центрохотконтроль»-мӕ. Ардыгӕй разыйы дзуапп куы райстам, уӕд мах дӕр бацӕттӕ кодтам РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйлойы бардзырды проект 2021-2022 азты цуангӕнӕн рӕстӕг байгом кӕныны тыххӕй.

— Артур, радзур-ма нын, цавӕр мӕргътӕ ӕмӕ хъӕддаг сырдтыл цуангӕнӕн ис 2021-2022 азты цуангӕнӕн рӕстӕг ӕмӕ цавӕр ӕмгъуыдты?

— Фыццагдӕр цуанӕттӕн фӕдзӕхсын, спортивон цуан кӕнӕн кӕй ис ӕрмӕстдӕр РЦИ-Аланийы цуангӕнӕн хӕдзарӕдты зӕххыты. Ахӕм архайд кӕнӕн нӕй сӕрмагонд хъахъхъӕнинаг федералон ӕмӕ бынӕттон нысаниуӕджы ӕрдзон бынӕтты. Куыд загътам, афтӕмӕй цуангӕнӕн рӕстӕг райдыдта 25 июлӕй фӕстӕмӕ, ӕмӕ суанг ацы азы 31 декабры онг цуан кӕнӕн ис, цъымаратӕ ӕмӕ уыгӕрдӕнты чи цӕры, ахӕм мӕргътыл. Мӕгатыл, уӕрццытыл, бӕлӕттыл, сындзуасджытыл цуан та ахӕссы августы дыккаг сабатӕй 31 декабрмӕ. Ацы рӕстӕджы цуан кӕнӕн ис доныленкгӕнӕг мӕргътыл: бабызтыл, хъазтӕ ӕмӕ ӕндӕртыл.

— Артур, куыд арӕзт цӕуы тугдзыхтыл цуан? Бирӕгътӕ, манкъа бирӕгътӕ (шакалтӕ) стыр знаггад кӕнынц хъӕууонхӕдзарадон цӕрӕгойтӕн. Уыдон бахӕрынц сӕгуытты, сычъиты, ӕндӕр хъӕддаг сырдты ӕнӕбон лӕппынты, пырх кӕнынц, хъамылты чи цӕры, ахӕм мӕргъты ахстӕттӕ дӕр.

— Ӕцӕгдӕр, тугдзыхтӕ хъӕууонхӕдзарадон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн цы знаггад кӕнынц, уый ӕнӕзонгӕ нӕу алчидӕр. Раздӕр арӕх уыдис, уыдон хӕххон хъӕуты цӕрджыты фос куы цагътой, ахӕм цаутӕ. Ӕмӕ-иу цуангӕнӕг бригӕдтӕ арвыстам амынд бынатмӕ тугдзыхты ныццӕгъдыны тыххӕй. Фӕлӕ нӕм ацы аз бирӕгъты знаггады фӕдыл хъӕуты цӕрджытӕй хъаст нӕма ӕрбацыд. Уӕддӕр бирӕгъты, манкъа бирӕгътӕ (шакалтӕ) цӕгъдынӕн бар радтам 2021 азы 1 августӕй 2022 азы 31 мартъимӕ. Нӕ рӕстдзӕвинтӕн фадат ис сӕ арӕхстдзинад равдисынӕн. Рувасыл, ӕхсӕрсӕттӕгыл, тӕрхъусыл, енотӕнгӕс рувасыл та сӕ бон цуан кӕнын у 15 сентябрӕй 2022 азы 28 февралы онг.

— Нӕ цуанӕттӕ ӕппӕтӕй фылдӕр уарзынц сӕфтӕгджын сырдтыл ацуан кӕнын. Цавӕр фадӕттӕ арӕзт цӕуы уыдонӕн?

— Ацы хъуыддаджы дӕр мах нӕ цуанӕтты зӕрдӕхудты нӕ бацыдыстӕм. Зӕгъӕм, 1 августӕй 30 ноябрмӕ цуан кӕнӕн ис дзӕбидыр ӕмӕ сычъийыл, 1 августӕй 2022 азы 28 февралмӕ — хъӕддаг хуыйыл, 1 августӕй 31 декабрмӕ — бур арсыл. Ӕрмӕст марӕн нӕй афӕдздзыды онг арсы ӕмӕ, лӕппынтӕ кӕмӕн уа, ахӕм мадӕл арсы дӕр.

— Куыд арӕзт ӕрцӕудзӕн 2022 азы уалдзыгон-сӕрдыгон цуангӕнӕн рӕстӕг?

— Уый ацӕудзӕн ахӕм ӕмгъуыдты: мӕгайыл цуан кӕныны бар уыдзӕн 10 боны ӕмгъуыдмӕ — 1 мартъийӕ 10 мартъимӕ, нӕл бабызтыл 1 мартъийӕ 30 мартъимӕ, бур арсыл — 21 мартъийӕ 10 июнмӕ, 2022 азы зад лӕппынтӕй ӕмӕ лӕппынтӕ кӕмӕн уа, ахӕм мадӕл арсӕй фӕстӕмӕ, хъӕддаг хуыйыл — 1 июнӕй 31 июлмӕ, 2022 азы зад хъыбылтӕ кӕмӕн уа, ахӕм дзӕргъӕй фӕстӕмӕ.

— Цавӕр хъуамӕ уа цуанон, стӕй уӕд цавӕр гӕххӕттытӕй ифтонг хъуамӕ уа, цӕмӕй йӕм цуангӕнӕг паддзахадон инспектортӕ сдзырдхъом ма уой, цуаны уӕвгӕйӕ ?

— Ӕцӕгдӕр, цуаноны ӕгъдау ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр у ӕрдзхъахъхъӕнынадон архайды. Уый куы нӕ уа адӕймагмӕ, уӕд ӕй цуанон рахонӕн нӕй. Фыдгӕнӕг кӕй у, ууыл та дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы. Ӕз афтӕ зӕгъын, ӕмӕ цуаноны хуызӕн цуанонӕн хъуамӕ йӕ зӕрдӕ рисса ӕрдзыл, фыдбылызӕй хъахъхъӕна хъӕддаг цӕрӕгойты.

Ацы миниуджытӕй уӕлдай хорз цуанон ӕххӕст фӕкӕны цуан кӕныны домӕнтӕ дӕр. Хъуамӕ йӕм, фыццаджыдӕр уа, фиддонтӕ бафыста ӕви нӕ, уый бӕрӕг кӕм у, цуаноны ахӕм билет. Уӕдӕ кӕм цӕры, уыцы районы Цуанӕттӕ ӕмӕ кӕсагахсджыты ӕхсӕнадӕй балцӕг, хицӕнтӕй хъӕуы маргъ кӕнӕ сырдыл цуан кӕныны тыххӕй. Ахсджиаг у хӕцӕнгарзӕн мидхъуыддӕгты оргӕнтӕй барлӕвӕрд бавдисын дӕр, йе ‘мгъуыд та хъуамӕ фӕуд ма уа. Иу ныхасӕй, ӕппӕт хъӕугӕ гӕххӕттытӕй дӕр ифтонг чи вӕййы, ахӕм цуанӕттӕн мах ӕдзухдӕр фӕзӕгъӕм: ӕфсати уӕ — хӕрзгӕнӕг, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ дарддӕр афӕндараст кӕнӕм сӕ фӕндагыл.

Хъыгагӕн, иуӕй-иу ӕнӕхъола цуанӕттӕ, нӕхи аирхӕфсӕм, зӕгъгӕ, ӕвастӕй балӕууынц ӕрдзон бынӕтты. Бӕстӕ гуыпп ӕмӕ гӕрах свӕййы, се ‘нӕгъдау архайды тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын кӕй бахъӕудзӕн, ууыл та хъуыды дӕр нӕ акӕнынц. Цуан кӕныны ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ ницӕмӕ ӕрдарыны тыххӕй УФ-йы Административон барадхӕлдтыты кодексмӕ гӕсгӕ, аххосджынтӕ иваргонд цӕуынц 500 сомӕй 4 мин сомы онг.

— Артур, 2021-2022 азты цуангӕнӕн рӕстӕг ӕмбӕлгӕ хуызы цӕмӕй ацӕуа, уый тыххӕй уӕ хайады кусджытӕ цавӕр мадзӕлттӕй архайдзысты?

— Фыццаджыдӕр нӕ куыст сарӕзтам Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ РЦИ-Аланийы закъонадон акттӕм гӕсгӕ, ӕмӕ УФ-йы ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министрады фидаргонд цуан кӕныны ӕгъдӕутты бындурыл. Нӕ хайады кусджытӕй арӕзт ӕрцыд оперативон къорд ӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ рейдты вӕййӕм ӕрдзон бынӕтты, цӕмӕй нӕм ма уа ӕнӕзакъон цуан кӕныны цаутӕ, ӕмӕ уый тыххӕй кӕддӕриддӕр сӕ куысты сӕрӕндзинад равдисынц нӕ хайады паддзахадон инспектортӕ Нугзарты Марат, Хъӕдохты Сослан, Гӕбӕраты Махар ӕмӕ ӕлбегаты Мурат.

Махӕй уӕлдай республикӕйы ӕрдзӕй пайдагӕнӕг организацийыл, бӕлвырддӕр та — Цӕгат Ирыстоны паддзахадон цуанӕтты фӕлварӕн хӕдзарадыл (директор Созанаты Цӕра), РЦИ-Аланийы «Цуанӕттӕ ӕмӕ кӕсагахсджыты ӕхсӕнад»-ыл (сӕрдар Азиаты Алексей), регионалон ӕхсӕнадон фонд «ӕфсати-фонд»-ыл (директор Керчелаты Эльбрус), паддзахадон бюджетон кусӕндон «Беркут»-ыл (разамонӕг Дзгойты Сергей) ахӕм хӕстӕ ӕвӕрд цӕуынц, цӕмӕй сӕфтӕгджын сырдтӕ ӕмӕ арсыл цуан кӕныны мадзӕлттӕ ӕппӕтӕйдӕр хыгъд цӕуой. Коллективон цуан кӕныны размӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы амынддзинӕдтӕ дӕттын ӕдасдзинады техникӕйӕ ӕмӕ цуан кӕныны тыххӕй дӕр. Цуан чи кӕна, уыцы адӕймӕгтӕ та хъуамӕ амынд цӕуой сӕрмагонд журналы. Уырдӕм хӕссын хъӕуы цуанӕтты билетты номыртӕ, барлӕвӕрд цуангӕнӕн фӕрӕзтӕ амарыны тыххӕй, хӕцӕнгарз хӕссыны барлӕвӕрды номыртӕ, хӕцӕнгарзы маркӕ ӕмӕ номыртӕ, стӕй, цы хъӕддаг цӕрӕгой амарай, уый кар ӕмӕ уӕз дӕр.

Уымӕй уӕлдай цӕстард уыдзӕн, цуанӕттӕ цуан кӕныны ӕгъдӕуттӕ куыд ӕххӕст кӕндзысты, уымӕ дӕр. Нӕ хӕс у цуан кӕныны рӕстӕг хъӕд зынгсирвӕзтӕй бахъахъхъӕнын. Хъуамӕ хъӕддаг сырд амаргӕйӕ, йӕ дзидзайӕн арӕзт ӕрцӕуа ветеринарон-санитарон экспертизӕ, цӕмӕй дзы тӕссаг ма уа низ ӕрцахсынӕй.

Ныхас ныффыста Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here