Нӕ мифологийы — нӕ истори

0
758

Ирон дзыхӕйдзургӕ адӕмон сфӕлдыстад ӕвӕджиау хъӕздыг у. Нарты кадджытӕ, Даредзанты таурӕгътӕ, Царциаты диссӕгтӕ, алыхуызон аргъӕуттӕ, ӕмбисонды хабӕрттӕ, зарджытӕ, хъарджытӕ, ӕмбисӕндтӕ, уыци-уыцитӕ, хъӕлдзӕг ныхӕстӕ, загъдаутӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уый бӕрц бирӕ хуызтӕ йын ис, ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ иртӕст дӕр нӕма сты. Бӕрцӕй та уыйас сты, ӕмӕ абон дӕр хыгъд, фыст ӕмӕ бӕстонгонд нӕма ‘рцыдысты.

Ницыйӕ исты саразӕн нӕй — фидарӕй амоны философион фӕтк. Уыцы хъуыды дзуапп дӕтты адӕмон сфӕлдыстадӕн — мифологийӕн йӕ кӕцыфӕнды уацмысӕн дӕр ницӕмӕй равзӕрӕн кӕй нӕ уыд, уыцы фарстӕн. Ис сын, цӕуыл ӕнцой кӕнынц, фӕлӕ, мах кӕй нал зонӕм, ахӕм бындуртӕ.

Дард рӕстӕджыты фӕлмӕй нӕм ӕрхастой нӕ рагфыдӕлты царды иуӕй-иу зӕрдылдаринаг цаутӕ нӕ адӕмы сӕрибардзинад ӕмӕ ӕнгомдзинады, цардхъомдзинад ӕмӕ, фидӕны сӕрвӕлтау йӕ уд чи радта, ахӕм хицӕн адӕймӕгты хъӕбатырдзинад, лӕгдзинад ӕмӕ адӕймагдзинад, куырыхон хистӕрты хӕрззонд ӕмӕ сӕ цыргъзонды хабӕрттӕ, ирон дзырды аив ӕмӕ рӕсугъддзинад, йӕ хъару, йӕ фарн, раздӕры фӕлтӕрты царды комулӕфт: сӕ фӕлтӕрддзинад, сӕ ӕнкъарӕнтӕ, тырнындзинӕдтӕ, бӕллицтӕ, сӕ зондахаст, ӕрхъуыдыдзинӕдтӕ ӕмӕ тӕлмӕнтӕ. Зындгонд уырыссаг ахуыргонд Г.В. Вернадский хуымӕтӕджы нӕ зӕгъы: «…Следы древней исторической основы могут легко быть обнаружены под мифологическим покровом» (чиныг «Древняя Русь»).

Скифтӕ кӕмӕ куывтой, уыцы сӕйраг зӕды Геродот хоны Таргитай. Уый куыд раиртӕста, афтӕмӕй йӕ скифтӕ зыдтой сӕ фыдӕлӕй. Уымӕй равзӕрдысты, уый у сӕ адӕмы радтӕг. Абон ӕй мах зонӕм Уастырджийӕ (Уас-Таргийӕ). Кувӕм ӕм, фӕдзӕхсӕм ыл нӕхи, нӕ сабиты, фӕсивӕды, бӕлццӕтты ӕмӕ уазджыты. Уый ирон адӕмы номӕй балӕууы Стыр Хуыцауы раз ӕмӕ сын куры сӕ хорзӕх, у сӕ ныфс, сӕ ӕнхъӕлцау. Адӕмы фыдӕл куы амард, уӕд сӕ дунембарынады зӕд фестад ӕмӕ сыл, цӕргӕйӕ куыд аудыдта, афтӕ ауды мингай азты. Йӕ фарн баззад се ‘хсӕн ӕмӕ сӕ царды зынты раз фӕцудын нӕ уадзы. «Мифология всегда мистифицированная и опоэтизированная история. И космология! Причем мистификация происходит без всякого злого умысла — вполне естественным путем»,— фыссы В.Н.Демин. («Тайны русского народа»).

Адӕмон сфӕлдыстады сӕйрагдӕртӕ сты кадджытӕ, таурӕгътӕ, аргъӕуттӕ, ӕмбисонды хабӕрттӕ, зарджытӕ, хъарджытӕ, ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ уыци-уыцитӕ. Алкӕмдӕр дзы хицӕн хуызты ӕвдыст цӕуынц царды ӕцӕг хабӕрттӕ, цаутӕ, адӕмы ахастытӕ, сӕ бӕллицтӕ, ӕнтыстытӕ, сӕ зынтӕ, сӕ рыст, сӕ мӕт. Адӕмон сфӕлдыстадӕй сты ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ дӕр. Уыдон дӕр ӕнгом баст сты мифологиимӕ.

Алы адӕймаг дӕр йӕхи цардӕй цӕры, йӕхирдыгонау ӕнкъары царды ад, царды уӕз, йӕ хъысмӕты раз иунӕг у, ӕмӕ, зӕгьгӕ, иу адӕм рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ кӕрӕдзийы фарсмӕ уӕхски-уӕхск куы нӕ ‘рбалӕууиккой, сӕ хъыг, сӕ цин куы нӕ дих кӕниккой, уӕд царды зын зӕрондмӕ ахӕссын алкӕй къухы нӕ бафтид. Гъе, уымӕ гӕсгӕ адӕймаг бафтыд сфӕлдыстадон хъуыдыйыл: йӕ цард фӕрогдӕр кӕнынӕн ӕрхъуыды кодта хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ, алыхуызон фӕрӕзтӕй йӕ рӕсугъддӕр кӕны. Адӕймаджы сфӕлдыстадон хъуыдыйӕ равзӕрдысты бӕрӕгбӕттӕ дӕр.

Афӕдзы дӕргъы ирон адӕммӕ бирӕ алыхуызон бӕрӕг бонтӕ вӕййы: цины ӕмӕ хъыджы, зӕрдӕрайы ӕмӕ мысӕн, фыдохы, уӕззау куысты ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уымӕ гӕсгӕ сӕ цард-цӕрӕнбонтӕн радтой ахӕм нӕмттӕ:

Къатыбонтӕ

Ӕнцойбонтӕ

Рӕмонбонтӕ

Бӕрӕг бонтӕ

ӕмӕ

Тӕфӕбонтӕ

Къатыбонты, ома, кусӕнбонты царды фӕрӕзтыл сагъӕсты адӕймаг ихсийы уӕззау куысты; ӕнцойбонты уадзы йӕ фӕллад, фӕлӕ йӕ рох нӕу йӕ райсомы бон; рӕмонбонты у хъӕлдзӕг, зӕрдӕрай, йӕ зӕрдӕ цин кӕны, фырт ын кӕй райгуырд, йӕ рынчын кӕй сдзӕбӕх кӕнӕ, йӕ бӕлццон ӕгас хӕдзар кӕй ссардта, ууыл ӕмӕ ӕндӕр ӕхсызгон хабӕрттыл, йӕхи ӕнкъары амондджынӕй; бӕрӕг бонты дзаг фынгты уӕлхъус кувы Иунӕг Стыр Хуыцаумӕ, Уастырджимӕ, зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕм, ары йӕ мӕрдты ном, йӕхиуыл, йӕ удыл нӕу ӕмӕ дзы рох кӕнынц царды уӕз, йӕ зындзинӕдтӕ; тӕфӕбон, ома, йыл зиан куы ӕрцӕуы, уӕд уый фӕдыл афӕдзы дӕргъы кӕндты у фыдох ӕмӕ ӕрхуым.

Ӕнцойбонтӕ сты фӕлладуадзӕн бонтӕ. Фылдӕр вӕййынц хуыцаубонты. Къуырийы ӕвдӕм бон у хуыцаубон. Дунесфӕлдисӕг Иунӕг Хуыцау дӕр, дам, зӕхх ӕмӕ дунейы скондыл фӕкуыста ӕхсӕз боны, ӕвдӕм бон та йӕ фӕллад уагъта. Уымӕй уӕлдай ма нӕ фыдӕлтӕ къуырийы бонтӕй алкӕцыйы дӕр ӕвӕрдтой сӕрмагонд мидис, ирон адӕмы сфӕлдыстадмӕ гӕсгӕ дзы алкӕмӕн дӕр ис йӕхи зӕд, йӕхи бардуаг:

Къуырисӕр у Алардыйы, Тутыр ӕмӕ Уациллайы бон.

Дыццӕг у Уастырджийы бон.

Ӕртыццӕг — Бынаты бардуаджы бон.

Цыппӕрӕм — Мыкалгабыры бон.

Майрӕмбон — Мадизӕды, Мады-Майрӕмы бон.

Сабат — Мӕрдты бон.

Хуыцаубон — Стыр Хуыцауы бон.

Иунӕг Стыр Хуыцауы, стӕй ранымад зӕдтӕ ӕмӕ дауджыты бӕрӕгбӕттӕ дӕр вӕййынц къуырийы бонтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ боны. Уый афтӕ нӕ амоны, ӕмӕ уыцы бонтӕм иннӕ зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ ницы бар дарынц. Зӕгъӕм, хуыцаубонмӕ бирӕ бӕрӕгбӕттӕ ӕрцӕуынц: Фӕлвӕра, Фацбадӕн, Куадзӕн, Атынӕг, Къобы Уастырджи, Ичъына ӕмӕ суанг Ногбон дӕр. Бафиппайын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ алы бӕрӕгбон дӕр райдайы, цы боны уыдзӕн, уый ӕхсӕвы. Уымӕн ӕмӕ ирон адӕммӕ суткӕ нымад цӕуы иу ӕхсӕвы иу сахатӕй иннӕ ӕхсӕвы иу сахатмӕ нӕ, фӕлӕ иу изӕрӕй иннӕ изӕрмӕ. Дзургӕ дӕр афтӕ куы кӕнӕм. Сабаты куы баталынг вӕййы, уӕд фӕзӕгьӕм: «Ахсӕв у Хуыцауы ӕхсӕв», хуыцаубоны изӕрӕй та «Къуырисӕры ӕхсӕв» ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Гъе, уымӕ гӕсгӕ нӕм Джеоргуыбайы Уастырджимӕ кувӕн къуыри, кӕд йӕ бон дыццӕг у, уӕд райдайы къуырисӕры изӕрӕй. Бӕрӕгбонӕн та, куыд изӕр фӕкӕны, афтӕ йӕ тых сӕтгӕ кӕны, ӕмӕ, куыддӕр дыууӕ сахаты свӕййы, афтӕ ӕфсинтӕ, фысымтӕ стыхсынц. Изӕры ӕрцыдӕй стӕрсынц ӕмӕ фынгтӕ ӕрӕвӕрыныл фӕтагьд кӕнынц.

Нӕ истори ис нӕ мифологийы. Уырдыгӕй нӕм хъуысы йӕ ныфсджын къахдзӕфты уынӕр, йӕ абухын ӕмӕ цӕлхъытӕ. Кӕд ыл рӕстӕджы фӕлм сылӕг мигъау ныббадт, уӕддӕр адӕмон сфӕлдыстады ирдӕй разынынц йӕ миниуджытӕ, йӕ ӕууӕлтӕ ӕмӕ кӕнонтӕ. Бирӕвӕрсыгӕй дзы фенӕм нӕ рагфыдӕлты цард, зондахаст ӕмӕ дунембарынад. Бирӕ ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ хъуыддӕгты мидис дзы мах, абоны ирӕттӕ, кӕд фаг нал ӕмбарӕм, уӕддӕр сӕ тугӕй, зӕрдӕйӕ ӕнкъарӕм ӕмӕ сӕ нӕ рох кӕнӕм, нымдгӕнгӕйӕ сӕ ӕххӕст кӕнӕм.

Ирон адӕмы истори даргъ ӕмӕ уӕрӕх у, фӕлӕ фыст не ‘рцыд, баззад нӕ адӕмон сфӕлдыстады. Ӕз ын чиныг «Арвы дуар»-ы йӕ бындуртӕ бамбырд кодтон, ирон адӕмы абоны ӕмӕ фидӕны фӕлтӕртыл хъуыды кӕнгӕйӕ, цӕмӕй сӕ ма рох кӕной, зоной сӕ.

Нӕ адӕмон сфӕлдыстад нын нӕ размӕ бирӕ фарстытӕ ӕвӕры, дзуапп радтын зын кӕмӕн у, ахӕмтӕ. Уыдонӕн сӕ сӕйрагдӕр у, нӕ фыдӕлтӕн уӕларвимӕ цы бастдзинӕдтӕ уыд, уый. Ныр дӕр ма ирон адӕймагӕн йӕ цин ӕмӕ йӕ зыны дӕр йе скаст у уӕларвмӕ. Цыдӕриддӕр хъуыддаг аразы, уый ӕххӕст кӕны, уӕларвӕй йӕм чи кӕсы, уымӕн ӕхцон ӕмӕ ӕмбӕрстгонд куыд уа, афтӕ. Ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ, рӕстаг ӕмӕ бӕстаг лӕг йӕ сӕрмӕ не ‘рхӕссы ӕнӕуаг ми, фыдракӕнд. Ууыл хьуыды кӕнгӕйӕ, аразӕм нӕ цины ӕмӕ зианы фынгты равӕрд. Ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ, Стыр Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕнӕм ӕртӕ ӕртӕдзыхоны, ӕртӕ хӕбизджыны дӕр, хӕрнӕджы нӕм фынджы ныхмӕ сӕрӕй хистӕр ӕмӕ кӕронӕй та кӕстӕр нӕ бады, уырдыгыстӕг та лӕууы рахизӕрдыгӕй нӕ, фӕлӕ галиуӕрдыгӕй.

Ирон адӕмы удыхъӕд, дунембарынад ӕмӕ зондахаст ирдӕй зынынц не ‘гъдӕуттӕ ӕмӕ нӕ ариаг ирон дины бындурты. Иу чиныджы — «Ирон царды ӕгъдӕутты» сӕ гӕзӕмӕ равдисыныл бацархайдтон, кӕд сӕм мӕ фӕстӕ уыцы хуызы исчи арфдӕр бавналид ӕнхъӕлӕй.

Афтӕ цӕмӕн, зӕгъгӕ, ахӕм фӕрстытӕ бирӕ ис не ‘гъдӕутты ӕмӕ нӕ адӕмон сфӕлдыстады. Бӕлвырд дзуаппытӕ сын нӕй. Зӕгъӕм, мардӕн хӕларгӕнинаг хойраг кӕрддзӕф цӕмӕн кӕнӕм? Ингӕн мардӕн, ӕнӕмӕнг, йӕ ныгӕнӕн бон цӕмӕн къахӕм?   Чындзыл хыз цӕмӕн кӕнӕм?   ӕнхъӕлцау сылгоймаджы хистӕртӕ тар ӕхсӕв ӕддӕмӕ цӕуылнӕ фӕуадзынц?  Кард хойраджы тъыстӕй цӕуылнӕ фӕтчы уадзын? Цӕуылнӕ фӕтчы цӕхх калын? Авдӕн афтидӕй узын? ӕхсӕвыгон дон калын?

Нӕ адӕмон сфӕлдыстад биноныг куы сахуыр кӕнӕм, уӕд хуыздӕр базондзыстӕм нӕхи ӕмӕ нӕ истори.

Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here