Майдан «Ирыстоны Намысæн» — Хъæрæцаты Асланæн

0
198

Ацы бонты зындгонд уæрæсейаг теннисист, Токиойы Олимпиаг хъæзтыты æвзист призер Хъæрæцаты Аслан ссыд йæ фыдыуæзæгмæ. Æрыгон спортсмены фæхуыдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлоимæ фембæлдмæ.

Республикæйы разамонæг Хъæрæцы-фыртæн зæрдиаг арфæ ракодта, Олимпиаг хъæзтыты æнтыстджынæй кæй архайдта, стæй фæстаг азы дæргъы бирæ дунеон турнирты уæлахиздзау кæй сси, уый фæдыл. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, Асланы спортивон æнтыстдзинæдтæ сты республикæйы паддзахадон хæрзиуæг — майдан «Ирыстоны Намысæн»-ы аккаг.

— Дæ уæлахизтæ уæлдай æхсызгон кæмæн вæййынц, уыдон сты дæ иузæрдион æмзæххонтæ. Мах алкæддæр цымыдисæй фæкæсæм дæ архайдмæ, бацин кæнæм де ‘нтыстдзинадыл. Токиойы Олимпиадæйы ды æрмæст Уæрæсейы минæвар нæ уыдтæ, фыццаджы-фыццагдæр, хъахъхъæдтай дæ райгуырæн республикæйы кад. Стыр бузныг дын! Арфæйы аккаг сты дæ тренертæ дæр. Мæ зæрдæ уын зæгъы ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ, ноджы ахадгæдæр уæлахизтæ, фæнысан кодта Сергей Меняйло.

Асланæй уæлдай, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй майдан «Ирыстоны Намысæн»-æй хорзæхджын æрцыдысты теннисæй цæгатирыстойнаг командæйы хистæр тренер Хъæрæцаты Хъазыбег æмæ Асланы тренер Егор Яцык.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here