Республикæйы царды вазыгджын фарстатæ

0
178

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй знон уыд республикæйы Хицауады радон æмбырд. Министртæ æмæ хуынд адæм æрдзырдтой РЦИ-Аланийы социалон-экономикон райрæзты фарстатыл.

 

2021 азы фыццаг æмбисы республикæйы социалон-экономикон райрæзты бæрæггæнæнты тыххæй æмбырды доклад скодта экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Олег Быкадоров. Ведомствæйы бæрнон кусæджы ныхасмæ гæсгæ, дзуаппон рæстæг регионы социалон-экономикон уавæр равдыста рæзты бæрæггæнæнтæ. Промышленнон куыстады индекс рауад 152,8 проценты. Республикæйы промышленнон къабаз фæлхасгæнджытæм цы продукци арвыста, уый бæрц, 2020 азы уыцы æмгъуыдимæ абаргæйæ, сырæзт 12,7 проценты бæрц (æхцайæ нымайгæйæ рауад 17 миллиарды æмæ 155 милуан сомы).

Олег Быкадоров куыд радзырдта, афтæмæй январы-июны республикæйы экономикæ æмæ социалон къабазмæ инвестицитæ сырæзтысты 1,4 хатты (æхцайæ нымайгæйæ — 9 350 милуан сомы бæрц). Хъæууонхæдзарадон продукцийы рауагъд дæр сырæзт (2020 азы уыцы æмгъуыдимæ абаргæйæ, 100,1 проценты). Азы райдайæнæй нырмæ республикæйы цы цæрæнуæттæ арæзт æрцыд, уыдон дæр фароны уыцы æмгъуыдæй 17,3 проценты фылдæр рауадысты.

Министры хæдивæджы ныхасмæ гæсгæ, дзуаппон рæстæг республикон бюджеты æфтиæгтæ дæр сырæзтысты. Азы фыццаг æмбисы уыдон рауадысты 20 774,6 милуан сомы (ивгъуыд азы уыцы æмгъуыдимæ абаргæйæ, 9,6 проценты фылдæр). Республикæйы паддзахадон хæс 2021 азы 1 июлы хыгъдмæ уыд 8 417,0 милуан сомы (2020 азы уыцы æмгъуыдимæ абаргæйæ, 8,2 проценты фылдæр). Амынд рæстæг рæстæмбис куысты мызды бæрц рауад 31 904,6 сомы.

Олег Быкадоров йæ доклады æрхаста æндæр нымæцтæ дæр. Министртæ сæ фиппаинæгтæ загътой доклады фæдыл.

Цæгат Ирыстоны арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин та йæ раныхасы сæйраг æргом аздæхта, республикæйы цæрджытæн аслам æмæ æппæтфадатджын цæрæнуæттæ аразыны фæдыл республикон программæ куыд цæттæгонд цæуы, уымæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй ахæм программæ бацæттæ кæныны хъæппæрис равдыста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло.

Моргуайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, фидæны программæйы сæйрагдæр уагæвæрдтæ ныридæгæн бæлвырд сты. Программæйы фæлгæты арæзт цæрæнуæтты 1 квадратон метры аргъ 40 мин сомæй фылдæр хъуамæ ма уа. Уыимæ, куыд нысангонд цæуы, афтæмæй программæйы архайæг бирæсывæллонджын бинонтæн æмæ адæмы цалдæр æндæр къордæн лæвæрд цæудзысты паддзахадон субсидитæ дæр. Министр куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы æмæ иннæ программæтæ афойнадыл фидаргонд æрцæудзысты.

Боны фæткы иннæ фарстаты фæдыл докладтæ скодтой Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Узегаты Алан, ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæ æмæ иннæтæ. Æппæт фарстаты фæдыл дæр хаст æрцыдысты æмбæлгæ уынаффæтæ.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here