Эпидемион уавæр фæхуыздæр

0
195

Хæцгæниз парахат кæнынæн гæрæнтæ æвæрæг оперативон штабы æмбырд амыдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тебиаты Сослан куыд бамбарын кодта, афтæмæй эпидемион уавæр чысыл фæхуыздæр, уымæ гæсгæ Æрыдоны районы сæйраг рынчындон йæ раздæры куысты фæткмæ рахиздзæн. Тускъаты Таймураз министрадæн бахæс кодта, цæмæй фарстайыл бацархайой, рынчындон та пъланмæ гæсгæ кусын райдайа.

Эпидемиологон уавæр куыд ивы, ног хæцгæниз парахат кæнынæн цавæр гæрæнтæ æвæрынц, уый тыххæй радзырдта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Тыбылты Алан. «Ныртæккæ уавæр фæнывылдæр ис, Цæгат Ирыстоны зилдухы ис индиаг штамм. Иннæ бæрнон ведомствæтимæ рейдтæ кæнæм», — фæбæрæг кодта Тыбылы-фырт.

«Росздравнадзор»-ы республикон управленийы разамонæг Ольгæ Давыдова куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ Ирыстоны бацæттæ кодтой 995 сынтæджы, уыдонæн сæ 35 проценты сты уæгъд. Хъæугæ хостæй рынчындæттæ сты ифтонг, æрмæстдæр кæцыдæр биологон препараттæй цухгонд æййафæм. Фæлæ сæ тагъд республикæмæ æрбаласдзысты.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here