Сергей Степашин ссыд Дзæуджыхъæумæ

0
187

Знон Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы Мæскуыйæ ссыдысты паддзахадон корпораци Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады рацарæзтæн ахъазгæнæг фонды минæвæрттæ. Уыдоны ‘хсæн сты Цæстдарынады советы сæргълæууæг Сергей Степашин, генералон директор Константин Цицин æмæ йæ хæдивæг Тамирлан Аджиев.

 

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Ужегаты Алан, Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Таматы Майрæн æмæ РЦИ-Аланийы Рахизфарсы районы муниципалон сконды сæргълæууæг Фрайты Сосланимæ уазджытæ æрымысыдысты, Беслæны фыццæгæм скъолайы террористты къухæй чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ, æмæ бабæрæг кодтой «Зæдты горæт». Дидинджытæ сæвæрдтой «Хъыджы бæлас»-ыл æмæ, террористты амæттæгты ирвæзынгæнгæйæ чи фæмард, уыцы сæрмагонд барадхъахъхъæнджыты цыртдзæвæнтыл.

Уый фæстæ делегаци бабæрæг кодта, Дзæуджыхъæуы Хæдарцы-фырты уынджы федералон проект «Обеспечение устойчивого сокращения непригодного для проживания жилищного фонда»-мæ гæсгæ цы бирæфатерон хæдзар арæзт цæуы, уый. Уазджытæ Ужегаты Алан, Таматы Майрæн æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Фадзайты Æхсарбегимæ подрядон организацийы куыстæн аргъ скодтой. Ныртæккæ амад цæуы фæндзæм уæладзыг, инженерон куыстытæ схæццæ сты æртыккæгæм уæладзыгмæ. Ацы пълан царды рауадзын фадат ратдзæн кæлæддзаг хæдзæрттæй 176 адæймаджы — уыдон та сты 66 бинонтæ (сæ хæдзæрттæ кæлæддзагыл нымад æрцыдысты 2017 азы 1 январы агъоммæ) ног фатертæм раивынæн. Ацы граждæнты фæлтæрæн цы фатертæ лæвæрд цæуынц, уыдон æппæтæй дæр цæттæ уыдзысты æрцæрынмæ.

Дарддæр Сергей Степашин, Константин Цицин æмæ Тамирлан Аджиев цы кадджын мадзалы архайдтой, уым «Сыгъдæг æмæ аив хæдзар» æмæ «Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хуыздæр бæрæггæнæн»-æй хорзæхджын æрцыд Дзæуджыхъæуы бирæфатерон хæдзар Мæскуыйаг уынджы. Сергей Степашины къухтæй Хуыздæр бæрæггæнæн райста бирæфатерон хæдзары советы сæрдар Кокойты Сослан. Кады фыстимæ фæйнæг бакодтой хæдзары фарсыл. Цæстдарынады советы сæргълæууæг зæрдиаг арфæ ракодта бирæфатерон хæдзары цæрджытæн æмæ фæткдарæн организаци «ЖилКом»-ы кусджытæн.

— Æхсызгон мын у, цалдæр азы размæ нæ Фонд цы хъуыддаг сарæзта, уый бæстæйы кæй ныффидар, æмæ йын хорз бæрæггæнæнтæ кæй ис. Фыццаджыдæр, арфæ кæнын фæткдарæн организаци «ЖилКом»-ы кусджытæн, ахæм диссаджы уавæртæ чи сарæзта, уый фæстæ та цæрджытæн сæхицæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырдзинад, бæркад æмæ æнæниздзинад! — загъта Сергей Степашин.

Дарддæр Сергей Степашинæн фембæлд уыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлоимæ. Фембæлды æрдзырдтой, кæлæддзаг хæдзæрттæй цæрджыты ног фатертæм баивын æмæ, бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбонады капиталон цалцæджы тыххæй регионалон программæтæ царды куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.

Цы бадзырд бафыстой, уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстон рагацау, 2023 азы 31 декабрмæ, хъуамæ кæлæддзаг хæдзæрттæй цæрджыты ног фатертæм баивыны тыххæй регионалон программæ сæххæст кæна.

 

Хъойбайты Галинæ
Къамтæ систа
Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here