Æвзæрстытæ райдыдтой

0
212

Знон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæ дуæрттæ уæрæх байгом кодтой 335 æвзарæн участочы.

Центрон æвзарæн къамисы сæрдары хæдивæг Хъуыдаккаты Сослæнбег нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй ма Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæй уæлдай республикæйы муниципалон скондты æмбырдтæм депутаттæ æвзардзысты Алагиры, Æрыдоны, Дыгуры, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты. Мызур, Уынал æмæ Гæлиаты хъæуты Минæвæртты æмбырдтæм æвзардзысты депутаттæ. Хъæуты сæргълæуджыты æвзардзысты Уыналы, Гæлиат æмæ Мостиздæхы. Цыколайы хъæуы Минæвæртты æмбырдмæ депутат равзарынæн арæзт æрцæудзæн уæлæмхасæн æвзæрстытæ.

Хъæлæс кæныны бон уыдзæн 19 сентябры, фæлæ Уæрæсейы Федерацийы Центрон æвзарæн къамисы уынаффæмæ гæсгæ æвзарджытæ хъæлæс кæндзысты 17,18 æмæ 19 сентябры. Æвзæрстытæм цæттæ кæныны æмæ сæ, куыд æмбæлы, афтæ арвитынæн республикæйы дзуапп дæтты РЦИ-Аланийы Центрон æвзарæн къамис, республикæйы арæзт æрцыд 10 территорион æвзарæн къамисы æмæ 335 æвзарæн участочы. Æвзæрстытæм цæттæ кæныны рæстæг æвзарæн къамисты уынаффæйы хъæлæсы баримæ архайдта 3484 адæймаджы. Нæ республикæйы регистрацигонд цы 26 партийы æрцыд, уыдонæй æвзæрстыты архайдзысты 14 политикон партийы. Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты, къухфыстытæ æнæ æрæмбырд кæнгæйæ, архайыны бар уыдзæн 14 политикон партийы кандидаттæн. Центрон æвзарæн къамисы уынаффæмæ гæсгæ, нæ республикæйы æвзарæн бюллетентæ куыстгонд кæм цæуой, ахæм комплекстæ ис 66.

Æппæт территорион æвзарæн къамисты æмæ 335 æвзарæн участочы агъуыстыты æвæрд æрцыд видеокамерæтæ, æмæ хъæлæс кæнын æвдыст цæудзæн Интернеты дæр. Эпидемиологон уавæр бынтон хорз кæй нæма у, уымæ гæсгæ сæйраг бынаты æвæрд цæуы æвзарджыты æнæниздзинад. Æвзарæн къамисты уæнгтæ сарæзтой æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй хæцгæ низæй мачи фæтыхса.

 

Касаты Батрадз
Къамтæ систа Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here