Аразæг куыстуæтты разамонджытимæ фембæлд

0
177

Ахсджиаг арæзтадон объекттæ нысангонд æмгъуыдтæм гæсгæ кæмæн не ‘нтысынц, уыцы куыстуæтты разамонджытимæ фембæлд РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз.

Æппæт аххосæгтæм байхъусгæйæ, Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, республикæйы разамонæг Сергей Меняйлойы фæдзæхст: æмгъуыдтæм гæсгæ объекттæ чи нæ аразы, уыцы организацитимæ бадзырдтæ хъæуы фехалын. Уымæй уæлдай ма аразджыты размæ сæвæрдта ахсджиаг домæн, фæззæджы боны ахаст куы фæива, уæд уый куыстытыл фæзындзæн, ахадгæ мадзæлттæй хъæуы спайда кæнын. Бындурон арæзтады управленийы разамындæн бахæс кодта, цæмæй сбæрæг кæной, арæзтадмæ чи нæма бавнæлдта, уыцы организациты. Хъуамæ семæ бадзырдтæ фехалой.

Аразæг куыстуæтты разамонджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй тагъд Хуымæллæг æмæ Олгинскæйы хъæуты культурæйы артдзæстыты ахицæн уыдзысты цалцæггæнæн-аразæн хъуыддæгтæ. Объекттæ цæттæйæ ратдзысты ацы аз октябры. Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы цалцæгæн хъæугæ проектон-хæрдзты гæххæттытæ сцæттæ сты, сентябры кæрон Тагъд æххуысы республикон клиникон рынчындоны инфекцион низтæ дзæбæхгæнæн бæстыхайы экспертизæ уыдзæн цæттæ. Афтæ — спортивон объектты гæххæттытæ дæр.

Тыхстдзинæдтимæ арæзтæдты тыххæй бæрæггæнæнтæм байхъусгæйæ, Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй фыццагдæр аххосаг баст у, кусæг тых кæй нæ фаг кæны, уыимæ. Ноджыдæр ма иу хатт фарста сæвæрдта, цæмæй тыхстдзинæдтæ аиуварс кæной, национ проекттæ æххæст кæнгæйæ, ахсджиаг у куыстадон фæтк.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here