Финансон университеты кусджытимæ фембæлд

0
214

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Ужегаты Алан фембæлд УФ-йы Хицауады цур Финансон университеты проректор Александр Сафоновимæ, йæ филиалты архайдмæ цæстдарæг директор Наталья Юдинаимæ æмæ университеты дзæуджыхъæуккаг филиалы директор Хуыбаты Тамерланимæ.

 

Ныхас бацахста регионалон рæзты фарстаты рæзты тыххæй республикæйы разамынд æмæ университеты æмгуыстад, экспертон-аналитикон куыстытæ, Финансон университеты наукон кадртимæ къабазы программæтæ цæттæ кæнын. Уымæй дарддæр рахызтысты регионы ахуырады хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнынмæ, ахуыргæнæндæттæ фæллойадон базаримæ куыд баст сты, уымæ æмæ рауагъдонтæн куысты бынæттæ регионалон рæзтмæ гæсгæ дæттынмæ.

Ужегаты Алан фылдæр æргом аздæхта, паддзахадон хицауады оргæнтæн æмæ разамынд дæттыны управленитæн университет бæрзонд квалификациимæ специалисттæ куыд цæттæ кæны, уымæ. «Хъуамæ фадæттæ скæнæм, цæмæй нæ студенттæм фæзыной хъуыддаджы, дæсныйады æмæ хи арæхстдзинæдтæ. Фидæны цы куыстадон бынат бацахсдзысты, цы хæстæ сæм хаудзæн, уыдон æххæст кæнынæн сын алы уавæртæ дæр уыдзæн. Университет æмæ республикæ ахадгæ хуызы кæй кусдзысты, ууыл мæ зæрдæ дарын», — фæбæрæг кодта Ужегы-фырт.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here