Наркотикты æнæзакъон зилдухы ныхмæ

0
183

Хицауады хæдзары æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны наркотикты æнæзакъон зилдухы тыххæй. Æмбырд амыдта республикæйы разамонæг Сергей Меняйло.

 

Куыд райхъуыст, афтæмæй наркотикты æнæзакъон зилдухимæ баст фыдракæндты нымæц 1182-йæ фæкъаддæр 957-ы онг, уæззау æмæ уæлдай уæззау фыдракæндтæ 8,4 проценты æрхаудысты, уæй кæныны цаутæ та 13,8 проценты фæныллæгдæр сты. Уый тыххæй радзырдта Мидхъуыддæгты министрады наркотикты æнæзакъон зилдухмæ цæстдарды республикон управленийы разамонæг Хынцæгты Нодар.

Куыд бафиппайдта, афтæмæй дыууæ хатты фылдæр æнæзакъон зилдухæй систой наркотиктæ æмæ тыхджын фæрæзтæ. Республикæйы разамонæг Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй тæссаг у метадон рапарахат кæнынæй. Ацы синтетикон препаратæй спайда кæнгæйæ, наркомантæ уæззау уавæрты бахауынц, ис амæлыны цаутæ дæр. Бæрæггæнæнтæ сты химион-токсикологон лабораторийæ. Сергей Меняйло бæрнон ведомствæтæн куыд бафæдзæхста, афтæмæй республикæмæ метадон æрбаласыны цаутæ хъуамæ урæд æрцæуой.

Æппæт структурæтæ дæр хъуамæ уавæрмæ лæмбынæг æмæ бæрнонæй æркæсой, барлæвæрд цы буаргъæдтæн нæй, уыдонæй пайда кæнынмæ æмхиц чи у, уыдоны фарста хицæнæй æвзарæн нæй. Æнæзакъонæй наркотиктæ чи ласы, уыдоны фæндæгтæ хъæуы æрæхгæнын. Ныхас цæуы адæмы æнæниздзинадыл, бынтондæр — æрыгæтты тыххæй. Нæ хæс у æппæт мадзæлттæй дæр спайда кæнын», — загъта Сергей Меняйло.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here