Республикæйы разамонæг схъæлæс кодта

0
206

Хуыцаубоны Цæгат Ирыстоны Национ наукон библиотекæйы 277-æм æвзарæн участокмæ йæ граждайнаг хæс æххæст кæнынмæ æрбацыд æмæ Паддзахадон Думæмæ депутатты æвзæрстыты архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ уæд нырма рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло.

 

Республикæйы разамонæг куыд бацамыдта, афтæмæй æвзæрстытæм цæттæ кæныны куыст ацыд æмбæлгæ уагыл, æвзарджытæ зæрдиагæй цæуынц хъæлæс кæнынмæ, рагагъоммæ нымадмæ гæсгæ, 19 сентябры сæумæрайсоммæ схъæлæс кодтой æвзарджытæн сæ 60 процентæй фылдæр.

— Абон у хъæлæс кæныны фæстаг бон, æмæ мах хъуамæ не ‘ппæт дæр æмбарæм, куыд схъæлæс кæнæм, уымæй аразгæ у æрмæст Цæгат Ирыстоны хъысмæт нæ, фæлæ нæ Фыдыбæстæ — Уæрæсейы хъысмæт дæр. Алчидæр нæ хъуамæ зона, Паддзахадон Думæйы чи кусдзæн, уыдонæй бирæ аразгæ у, уымæ гæсгæ та нæ граждайнаг хæс æххæст кæнын, хи хъуыды равдисын, æнæмæнг, хъуыддаг у. Ацы хъуыддаджы ма бацархайæн, хи дзы аиуварс кæнæн нæй. Царды æппæты тæссагдæр у уазалæнгас дарын, æвæлмас уæвын. Нæ республикæйæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой æнæ змæстытæй, барадон æгъдæуттæм гæсгæ æмæ сыгъдæгæй, — бафиппайдта Сергей Меняйло.

Хуыцаубоны РЦИ-Аланийы Парламенты депутаттæ Сергей Меняйлойы сæвзæрстой республикæйы Сæргълæууæгæй.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here