«Ансамбл у нæ культурæ æвдисджытæй иу»

0
193

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло министрты кабинеты уæнгтæн, бынæттон хицауадæн скодта, æрвылкъуыри цы аппаратон æмбырд вæййы, уый.

Фыццаджыдæр, æрдзырдтой вазыгджын фарстатыл, ивгъуыд къуыри электрон тыххъуаг цалдæр районы баййæфтой, рухс нæ уыд Штыбы фæзы æмæ Мæздæджы районы Хурыхъæуы цæрджытæм. Сергей Меняйло æргом аздæхта, фæстауæрцон фæрæзтæ кæй нæй, уымæ. «Районты разамонджытимæ хъуамæ зонат, электрон тых кæм нæ фаг кæны, уым цас адæм цæры, сæ уавæр газимæ куыд у, уый. Æппæт социалон объекттæ хъуамæ æххæст уой фæстауæрцон фæрæзтæ дæтджытæй. Банымайут, цæугæ электростанцæтæн цас бахъæудзæн, уый», — бафæдзæхста разамонæг.Республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Тыбылты Алан радзырдта эпидемион уавæры тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд къуырийы, раздæры æмгъуыдимæ абаргæйæ, рынчынтæ 2 проценты фæфылдæр сты. Ковидон госпитæлтæм баластой 15,4 проценты фылдæр рынчынты. Культурæйы министрæн йæ размæ сæвæрдтой, бирæфадатджын концертон залы арæзтады программæйыл бакусыны хæс. Æппæт культурон объекттæ хъæуы баиу кæнын — ахæм у Сергей Меняйлойы хъуыды.

«Хъуамæ нæм уа культурæйы объектты рæзты хи уынынад. Мæ бон у бирæфадатджын концертон залы арæзтады тыххæй æрдзурын, фæлæ дзы нæ фаг кæны министрады бындурон хатдзæгтæ», — фæбæрæг кодта разамонæг. Дарддæр министрæн бахæс кодта, паддзахадон ансамбл «Алан»-ы рæзты программæ цыбыр æмгъуыдмæ бацæттæ кæнын. «Ансамбл у республикæйы культурæ æвдисджытæй иу, ацы фарсты дæ авналæнтæ фæпарахатдæр кæн. Æцæгдæр, æхца нæ фаг кæны, алцæй фаг дзы нæй, фæлæ, сæйрагдæр цы у, уый хъуамæ æмбарæм», — Къубалы-фыртмæ дзургæйæ, фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

Аукционмæ нæ рахæсгæйæ, инвестицион проекттæ сæххæст кæныны нысанимæ цы зæххытæ лæвæрд æрцыдысты, ууыл дæр ныхас рауад. Раздæр Сæргълæууæг зæххытæ фæстæмæ райсын бахæс кодта. Амалхъомадон архайд зæххытыл кæм нæ цæуы, уый тыххæй радзырдта паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тедеты Руслан. «Æдæппæтæй 35 инвесторæн радих кодтам 54 зæххы хайы, ныр инвестортæ сæ проекттæ царды уадзынц. Абон сæ куыст кæнынц «Метро Кэш Керри», «Промстройконструкци», «Леруа Марлен», — загъта Тедейы-фырт.

Цы проекттæ хъуамæ бантыстаиккой, фæлæ æвнæлд кæмæ не ‘рцыд, уыдоны хицæуттимæ бадзырдтæ фехæлдтой. «Хъуамæ алчидæр раст бамбара, цавæр системæмæ гæсгæ кусæм, уый. Ис нæм инвестицион проектты совет, уым сразы вæййынц республикæйæн ахсджиаг проекттыл. Бадзырдты бæрæг вæййынц республикæ æмæ инвесторы хæстæ. Сæйрагдæр сты бавæрд æхца, ног куысты бынæттæ æмæ мызд.

Мах нæхи хæстæ æххæст кæнæм, инвестор та йæхи хæстæ. Кæд ног куысты бынæттæ фылдæр кæныны хæс йæхимæ райста, уæд æй æххæст кæнæд, мах та йæм нæ цæст дардзыстæм. Кæд ын не ‘нтысы, уæд бадзырд фехалдзыстæм», — загъта Сергей Меняйло.

Уый ма Ахуырад æмæ наукæйы министрадæн бахæс кодта, ахуыргæнджыты мызд фидыны системæ бадæттын, районты разамонджытæ та хъуамæ бацæттæ кæной æхсæнадон бынæттæм базилыны фæндæттæ. Хъалонтæ фидыны цæгатирыстойнаг управлени хъуамæ Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министрадимæ хъалонтæ куыд æфтынц, уый тыххæй раныхас бацæттæ кæной. Æнæзмæлгæ исбонад æмæ зæххы хæйттæ инвентаризацигонд куыд цæуынц, уымæ гæсгæ.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here