Мызд фидыны хъуыддагыл бакусын Уæрæсейы Президент Владимир Путин ахуыргæнджытæн мызд фидыны мадзæлттæ фæхуыздæр кæнын бахæс кодта Рухсады министрадæн, æмæ хъуамæ нымад æрцæуа ахуыргæнæджы рæзты национ уагæвæрдыл.

0
168


Паддзахадон Советы президиумы æмбырды бæстæйы разамонæг фæбæрæг кодта ацы хæс, сæвæрдта йæ Уæрæсейы Рухсады министрады æмæ регионты сæргълæуджыты раз. Уымæй уæлдай хъуамæ сæйраг ахуырадон программæтæм гæсгæ æппæтуæрæсеон театралон, спортивон, технологон конкурстæ аразыны хъæппæристæ равдисой.

Президент цы нысанты кой кæны, уыдонмæ гæсгæ Рухсады министрад æмæ регионалон разамонджытæ федералон бюджетæй лæвæрд субвенцитæ хъуамæ баиу кæной ахуырады, ахадгæ хуызы сæ хардз кæной. Владимир Путин ма бахæс кодта «Æххæст боны скъола»-йы хуызыл бакусын, цардмæ йæ рахæссын. Хъуамæ дзы нымад æрцæуа урокты æмæ фæсурокты архайд, сывæллæтты уæлæмхасæн ахуырады программæ, ахуырад адаргъдæр кæныны къордты кæй вæййынц, æппæт уыцы фæзилæнтæ.

Рухсады министрад æмæ регионты разамынд хъуамæ ацы аз, 1 декабрмæ, бакусой æмæ сфидар кæной инклюзивон ахуырады домæнтæ.



«ТАСС»-ы агентад

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here